Райгуырæн бæстæйы æнувыд хъахъхъæнджытæм хауынц ахæмтæ, кæцытæ бахъуыды рæстæджы, разы вæййынц амæлыныл дæр сæ адæмы сæрвæлтау. Уыдон кæддæриддæр цæттæ вæййынц æддагон знæгтæн аккаг ныхкъуырд радтынмæ, уымæй уæлдай ма бафхæрынц фæткхалджыты æмæ фыдгæнджыты дæр, – нæ фæбарынц сæ адæмы сабырад халджытæн. Ирыстонæн ахæм сæрхъызойты æмрæнхъ ныр 30 азы дæргъы лæууынц Гæззаты Вадимы номыл милицийы Сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ.

ОМОН-ы сырæзтæй суанг абонмæ ацы къорды службæ хæссынц æрмæстдæр фондз адæймаджы. Уыдоны ‘хсæн ис спецкъорды æхсæнгæрзты æфтауцдоны сæргълæууæг Бибылты Алан дæр.

Алан ОМОН-мæ бацыд 1992 азы, ома йæ сырæзты аз, æмæ уæдæй абоны онг иузæрдионæй лæггад кæны йæ адæмæн. Йæ мысинæгты куыд æмбарын кæны, афтæмæй уæды уæззау дуджы æрыгæттæн тынг зын уыд исты цардвæндаг равзарын, уымæн æмæ нæ алыварс уыд æрмæстдæр хæццæдзинад æмæ мæгуырдзинад.

«Уыцы азты Ирыстоны алы къуымты арæзтой алыгъуызон хæстон къордтæ, – кæм районгай баиутæ сты, кæм та – æндæр хуызты. Мæнæн дæр фадат уыд искæцы къордмæ бацæуынæн, фæлæ æз равзæрстон ОМОН. Бацыдтæн уæды спецкъорды командир Гæззаты Вадиммæ, мемæ аныхас кодта æмæ мæ арвыста Мидхъуыддæгты министрадмæ куырдиат фыссынмæ. Иу къуырийы фæстæ мæ райстой службæмæ, фæлæ нырма хъуамæ рацыдаин æнæмæнгхъæуæг ахуыртæ. Мемæ тынг бирæ кусджытæ айстой, фæлæ дзы æрмæстдæр фондзмæ уыд æфсæддон билеттæ, уыдоны ‘хсæн – æз дæр. Мах æртæ мæйы фæстæ райдыдтам службæ кæнын сæйраг къордимæ», – зæгъы йæ мысинæгты Алан.

Уæды рæстæджы нæ фаг кодта æхсæнгарз, нæмгуытæ, хæлц, æмæ хæстонтæ тыхстысты. Фæлæ уæддæр службæ хастой, сæ уавæртæ сæ куыд амыдтой, уымæ гæсгæ. 1992 азы Дзæуджыхъæуæй æрластой иу парти æхсæнгæрзтæ æмæ уавæр чысыл фæхуыздæр ис. ОМОН-ы рæнхъытæм уæды рæстæджы бирæтæ цыдысты æхсæнгарз райсыны тыххæй, цæмæй гуырдзиаг лæгмартæн ныхкъуырд радтой. Уæдмæ Догомысы бадзырд фыст æрцыд, фидауынгæнæн тыхтæ æрцыдысты республикæмæ æмæ хæстон архæйдтытæ дæр нал цыдысты. Ахæм уавæры ОМОН-ы рæнхъытæ къаддæрæй-къаддæр кодтой, – чидæртæ милицийы куыст кæнын нæ бафæрæзтой, кæнæ уæззау уавæрты сæ бон нæ бацис кусын, стæй ма дзы бирæ разынд ахæмтæ, кæцытæ бацыдысты спецкъордмæ æрмæстдæр æддагон знæгты ныхмæ тох кæнынмæ. Чи ма дзы баззадис, уыдон æрæвнæлдтой æхсæнадон фæтк æвæрынмæ.

«Хæстон дуджы фæстæ тынг зын уыд фæтк æвæрын, нæ республикæйы алы къуымты дæр, сарæх сты давыны цаутæ. Уыдис иу афтæ, æмæ-иу мæйгæйтты нæ бинонты нæ федтам. Ахæм уавæрты нын къорды хистæртæ уыдысты стыр ныфс, стæй нын улæфыны рæстæг дæр фылдæр лæвæрдтой.  Æрыгондæр кусджытыл фæстæмæ хæцыдысты нæ хистæртæ, дзырдтой-иу нын, цæмæй фыдбылызы дзыхы ма хауæм, мах, зæгъгæ, райсдзыстæм фыццаг цæф нæхимæ. Ныр куы ахъуыды кæнын уыцы рæстæджытыл, уæд æрцæуын ахæм хатдзæгмæ, – æвæццæгæн æдзух иумæ кæй уыдыстæм, нæ кæрæдзийæ ныфс кæй æвæрдтам æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæй уыдыстæм, уый фæрцы хызтыстæм зындзинæдты сæрты», – æмбарын кæны фæлтæрд кусæг.

Аланæн цалдæр хатты фадат уыд æндæр куыстмæ ахизынæн, фæлæ никуы сразы, уымæн æмæ ацы куысты сахуыр йæ хæстон æмбæлттыл, йæ иууыл уæззаудæр бонтæ ацы куысты кусгæйæ арвыста æмæ ма дзы æмбæлттæ дæр фесæфта фыдгæнджыты æмæ знæгты къухтæй. Ныры æвзонг кусджытæм кæсгæйæ Алан бафиппайдта, зæгъгæ раздæры кусджыты ‘хсæн фылдæр æмбарындзинад уыд, кæрæдзийыл æнувыддæр уыдысты.

«Уæды рæстæджы махæн куы загътаиккой, зæгъгæ рæстæг афтæ æрдомдта æмæ хъуамæ цалдæр мæйы æнæ мыздæй бакусæм, уæд ныхас дæр ничи скодтаид. Æниу, мызд дæр цæй мызд уыд, – иу мæйы мыздæй базары иу хызыны дзаг хæлц дæр нæ балхæдтаис.

Бибылты Аланы ОМОН-ы сырæзты бон фæнды, цæмæй къорды кусджытæ уой æнæфыдбылыз æмæ сæ æхсæнгар-зæй спайда кæныны сæр макуы бæхъæуа.

Кæцыфæнды коллективы дæр, уæлдайдæр та тыхон структурæйы, фæлтæр фæлтæры арæх ивы – иутæ пенсийы ацæуынц æмæ æвзæнгтæ сæ бынатмæ æрбахизынц. Ацы процессы сæйраг у, цæмæй фæлтæрд кусджытæ сæ зонындзинæдтæ æмæ къорды традицитæ адæттой сæ кæстæртæм.

Абоны бон ОМОН-ы æрыгон кусджытæй иу у Цхуырбаты Мурат. Мурат хæрзæвзонгæй баззад сидзæрæй – йæ фыд аварийы фæмард. Ис ма йын иу æфсымæр æмæ фондз хойы. Мурат хистæр кълæсты ахуыр кæнгæйæ райдыдта хъуыды кæнын йæ сомбоны профессийыл. Барадхъахъхъæнæг органты куыст йæ зæрдæмæ цыд æмæ аскъуыддзаг кодта ОМОН-мæ бацæуын. Фæлæ уал ацыд æфсады рæнхъытæм, цæмæй райса æфсæддон билет æмæ фæлтæрддзинад дæр. Иу мæй ма йæ куы хъуыд йæ службæ фæуынмæ, афтæ йæхи ныффыссын кодта ОМОН-мæ бацæуыны тыххæй хыгъды æмæ радта нормативтæ.

«Ам æз алцæмæй дæр райгонд дæн – коллектив дæр, тренировкæтæ дæр, алыгъуызон ахуыртæ дæр мæ зæрдæмæ цæуынц. Нæ хистæртæ нын амонынц адæмимæ закъоны фæлгæтты кусын, нæ службæйон хæстæ æмбæлон æмвæзадыл куыд хъæуы æххæст кæнын, уыдæттæ. Стæй ма ам нæ кæрæдзи нæ дихтæ кæнæм ротæты кусджытыл – иууылдæр стæм иу бинонты хуызæн, кæддæриддæр кæрæдзийыл хæцæм.

ОМОН-мæ æрбацæуыны агъоммæ-иу Мурат арæх афарста йе ‘мбæлтты æмæ йæ зонгæты, кæцытæ куыстой ОМОН-ы рæнхъыты, ома мæ цы хъæуы саразын, уæ рæнхъытæм бахауыны тыххæй. Ныр та йын йæхи фæфæрсынц ОМОН-ы службæйы тыххæй, æмæ сын фæзæгъы, зæгъгæ кæд тренировкæ кæнынмæ нæ зивæг кæндзынæ, уæд дзы дæ бон бауыдзæн службæ кæнын дæр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.