Сæ тæмæны сты 2019 азы Инвестпрограммæмæ хаст æрцæуæг бирæ объектты куыстытæ. Куыд зонæм, афтæмæй аивгъуыйгæ азæн Инвестпрограммæ æххæст æрцыд сæдæ процентæй. Æмæ, цæмæй ахæм æнтыст къухы бафтыдаид, уый тыххæй архайдта, уыцы азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штаб. Ацы штаб кусын райдыдта ацы аз дæр. Æмæ ауагъта йæ фыццаг æмбырд. Уагъта йæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ йæ куысты хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, йæ хæдивæг, Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади, афтæ ма подрядон организациты минææрттæ. Дзырд цыдис объектты куыстытæ куыд цæуынц, афтæ ма цы проблемон фарстытæ æвзæрынц, уыдон скъуыддзаг кæныныл.

Æмбырды хайадисджытæ райдианы æруынаффæ кодтой Леуахийы цæугæдоны былтæй хуыр исыны æмбæлон фæтк кæй нæй, ууыл. Президенты ныхæстæм гæсгæ бынтондæр æруадзæн нæй, зæххы хъæздыгдзинæдтæй пайда кæныны нормæтæ халын. Махæй, зæгъгæ, алчидæр хæсджын у, цæмæй ауда нæ алфæмблай æрдзыл, бахъахъхъæнæм æй фидæны фæлтæрæн. Фæндон бахаста, цæмæй ахæм бынæттæй хуырисыны фæдыл куыстыты фæтк æрæвæрыны фарстыл æруынаффæ чындæуа коллегион æгъдауæй æмæ цы аскъуыддзаг кæной, уый йын фехъусын кæной.

Президент ма чиновниктæ æмæ подрядон организациты къухдариуæггæнджытæн бахæс кодта, цæмæй лæмбынæг хъусдард здахой арæзтады гъæдмæ, куыстытæ æххæст кæныны æмгъуыдтæм æмæ хыгъд афоныл дæттынмæ.

«Инвестпрограммæ хъуамæ æххæст æрцæуа сæдæ процентæй. Цæхгæр мадзæлттæ исдзынæн ахæмтæм ахасты, кæцытæ æбæрн ахаст дарой сæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Æз сидын, цæмæй æппæт куыстыты гъæдыл, сæ æххæст кæныны æмгъуыдтыл контроль цæуа. Афтæ ма хъусдард здæхт цæуа хыгъдон документаци рæстæгыл аразынмæ», – банысан кодта Президент.

Уый ма арæзтадон куыстыты архайæг паддзахадон къухдариуæггæнджыты хъусдард аздæхта хъалонты æххæст хуызтæ паддзахадон бюджетмæ фидыны æнæмæнгхъæуындзинадмæ, кæцытæй фыст цæуынц цæрджытæн социалон æххуысы алыгъуызон хуызтæ.

Инвестпрограммæйы объектты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый фæдыл ныхас кæнгæйæ Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, азы райдианæй куыстытæ райдыдтой хорз темптæй. Фæлæ иуæй-иу объектты æнкъардæуы, графикæй фæстейæ кæй зайынц æмæ аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы згъуыд æввахс рæстæджы рараст кæндзысты.

Уазæгдон «Ирыстон»-ы тыххæй дзургæйæ, уый загъта, зæгъгæ, ам æххæст кæнынц 25 хуызы куыстытæ  –  уадзынц канализацион æмæ электронон хæххытæ. Фæлæ чысыл фæстиат кæнынц бæстыхай æрæмбæрзыны фæдыл куыстытæ.

Куыстытæ æмбæлон темптæй цæуынц, йæ дæргъ 13 километр кæмæн у, уыцы Цхинвал-Уанат донуадзæныл. Ныртæккæ ам, сæ диаметр 315 миллиметр кæмæн у, ахæм доны хæтæлтæ æвæрд æрцыдысты 1,5 километры дæрддзæгæн, сæ диаметр 500 миллиметр кæмæн у, ахæм сæйраг магистралон доны хæтæлтæ та æвæрд æрцыдысты 400 метры дæрддзæгмæ. Цхинвалы Чиайы фырты уынджы цы сывæллæтты цæхæрадон арæзт цæуы, уым та бетонон куыстытæ æххæст цæуынц йæ ныккæнды. Куыстытæ дарддæр цæуынц Хуыбылты Валерийы номыл республикон паркы хæрзарæзтады фæдыл дæр.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик куыд банысан кодта, афтæмæй 2019 азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæдыл штаб дарддæр кусдзæн йæ традицион формат æмæ режимы. Уый ма фехъусын кодта, РХИ æмæ УФ-йы æхсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы рабадт кæй уыдзæн 19 апрелы æмæ бахæс кодта, цæмæй фæтагъддæр чындæуа уымæ æппæт æххæсткæнæн куыстытыл.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.