Цхинвалы скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæ концертон программæ æмæ адджын фынгимæ фæуазæг сты пансионат «Забота»-мæ. Скъолайы педколлективы хъæппæрисæй арæзт мадзалмæ концертон номыртæ бацæттæ кодтой Икъаты Миленæ, Остъаты Олеся, Джиоты Любæ, Джиоты Мадинæ, Харебаты Маринæ, Тасойты Азæмæт æмæ Гасситы Кристинæ.

Икъаты Миленæ куыд загъта, афтæмæй фæнд кодтой пансионатмæ бацæуын 1-æм октябры. «Ацы бон ацæргæты боныл нымад кæй у, уымæ гæсгæ фæнд кодтам чысыл лæвар сын саразын.  Æмæ нын кæд бонæмгъуыдæй нæ рауадис, уæддæр скъоладзаутæ æмæ ацæргæты фем-бæлд уыдис тынг цымыдисон. Хистæр кары адæмæн кæддæриддæр нæ фæфаг кæны аудындзинад, чысыл лæггад та сын свæййы стыр æхцондзинадхæссæг. Стыр æхцондзинады æнкъарæнтæ балæвар кодтой интернаты ахуыргæнинæгтæ пансионаты зæронд ацæргæ адæмæн. Нæ бацыдæй уыдонæн сæ цæсгæмттыл разынд цины æнкъарæнтæ».

Ахуыргæнинæгтæ равдыстой 15 концертон номыры. Ирон кафт «Хонгæ» акафыдысты ацæргæти-мæ иумæ. Афтæмæй сын сæ зæрдыл æрлæууын кодтой æвзонджы бонтæ. Æмæ кæд алкæмæн не ссис йæ бон акафын, уæддæр иуæй-иутæн сæ цæстытыл фæзындысты цины цæстысыгтæ. Азарыдысты зарджытæ «Мæ Ирыстон», «Счастье есть», «Листопад» æмæ æндæртæ.

Интернаты ахуыргæнинæгтæ куысты урокты рæстæджы Джуссойты Дзерассæйы амындæй сæхи къухтæй бацæттæ кодтой алыгъуызон адджинæгтæ, балхæдтой ма конфеттæ æмæ адджын дæттæ æмæ сæ суазæг кодтой пансионаты  цæрджыты.

Миленæ ма куыд загъта, афтæмæй скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ æрвылаз традиционæй бабæрæг кæнынц пансионаты уæвæг ацæргæты. Ахæм фембæлдтытæ ахъаз сты куыд ацæргæтæн, афтæ рæзгæ фæлтæрæн дæр хъомыладон фарстаты. Гуырын сæм кæнынц аудгæ ахаст æмæ хистæр кары адæймæгтæн кад æмæ аргъ кæнын.

 ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.