“Дзæуджыхъæуы цытджын æмбæстаджы” номы аккаг ссис не ‘мбæстаг, Цхинвалы районы Дменисы хъæуæй ацæугæ, ныртæккæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Архитектурæ æмæ арæзтады министр Икъаты  Руслан.

Икъаты Русланæн ацы кадджын ном радтыны инициатор уыд Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Сæрдар Валентина Матвиенко.

Дзæуджыхъæуы цытджын æмбæстаджы ном райсын не ‘мбæстагæн хуымæтæджы нæ уыд. Икъаты Русланы хæрзаудæн архайды фæрцы ивгъуыд аз Дзæуджыхъæуы горæты курортон-экологон сыгъдæг бынаты, зоопарк æмæ сывæллæтты æфсæнвæндаг кæм сты, уымæ хæстæг гом æрцыд реабилитацион центр, кæцыйы хос цæудзæнис ДЦП-йæ рынчын сывæллæттæн. Реабилитацион центры арæзтад райдыдта дыууæ азы размæ. Икъаты Русланы арæзтадон фирмæ «Регионстрой»-мæ бахатыд Уæрæсейы Федералон æмбырды сенатор Хацаты Олег. Уый загъта, зæгъгæ, хъуамæ Цæгат Ирыстон-Аланийы арæзт æрцæуа, ДЦП-йæ цы 400 рынчын сывæллоны ис, уыдонæн реабилитацион центр.

Икъаты Руслан йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй иу уысм дæр нæ ахъуыды кодта, афтæмæй сразы ис. Уымæн æмæ, зæгъгæ, хъыгагæн, мæнæн дæр мæ чызгæн неврологон патологи ис».

Хацаты Олег æмæ Икъаты Руслан уадид кæрæдзи бамбæрстой. Иумæ сарæзтой хæрзаудæн фонд «Лæвар». Ам цы фæрæзтæ æрæмбырд, уыдонæй арæзт æрцыд фыццаг этапы центр «Ир». ДЦП-йæ рынчын 40 сывæллоны кæм ис, ахæм медицинон центр ныр кусы æппæт хъомысадæй. Уым æрвылхатт дæр бынат ис Хуссар Ирыстоны цы 50 сывæллонмæ ‘ввахс ДЦП-йæ рынчын саби ис, уыдонæн дæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй неврологон потологи кæмæн ис, ахæм сывæллæттæн æппынæдзух хъæуы хос кæнын. Бынаты, Цæгат Ирыстон-Аланийы рынчын сывæллæттæн ахæм медицинон æххуыс райсыны фадат кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сывæллæттæ реабилитаци цыдысты Китай, Австри, Германы æмæ æндæр рæтты.

Икъаты Руслан цы неврологон центр сарæзта, уый ифтонг у нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй. Ам рынчын пациенттæ цæуынц физиотерапи, ЛФК, арттерапи. Ис дзы уавæртæ, цæмæй алы сывæллонмæ дæр уа индивидуалон хъусдард. Пациенттæн центры арæзт æрцыд сæрмагонд ваннæтæ – массажертæ. Ис дзы, рынчын пациенттæн æнцондæр ныххизæн кæдæм у, ахæм бассейн дæр. Уым цы процедурæтæ арæзт цæуы, уыдон иууылдæр ахъаз сты ДЦП-йæ рынчын сывæллæттæн сæ уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Иууыл гыццылдæр пациенттæн та дзы арæзт æрцыд иппотерапи. Уый нысанæн центры арæзт æрцыд бæхдон æмæ манеж. Бæхтæ æрцыдысты сæрмагонд ахуыр, цæмæй æнцонтæй контакт кæной рынчын сабитимæ.

Центр «Ир» официалонæй конд æрцыд ивгъуыд аз 1-æм июны, Сабиты æппæтдунеон бон куы фæнысан кæнæм, уæд. Хуынд æм æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Сæрдар Валентина Матвиенко. Уæд уый йæ раныхасы тынг райгондæй баззад æмæ загъта: «Абоны бон ацы центр нымад цæуы нæ бæстæйы иууыл хуыздæрыл». Центры цы ахуыргæнджытæ æмæ специалисттæ хъуамæ куыстаиккой, уыдон Икъаты Руслан йæхи фæрæз-тæй арвыста ахуыр кæнынмæ, фæсарæнтæм. Æмæ ныр ам цы дохтыртæ кусынц, уыдонæн æппындæр ницы ныхдуртæ ис сæ разы.

Икъаты Русланæн центр «Ир»-ы арæзтад фыццаг хæрзаудæн архайд нæу.

Сæрыстыр æмæ буц сты се ‘мзæххонæй Цхинвалы районы Дменисы хъæуы цæрджытæ дæр. Стыр уарзтæй уарзы уый йæ райгуырæн хъæу æмæ йæ хъæубæсты. Руслан кæд цæргæ æмæ кусгæ Цæгат Ирыстон-Аланийы кæны, уæддæр йæ лæггæдтæй цух не сты канд дменисæгтæ нæ, фæлæ ма нæ горæты цæрджытæ дæр. Уый ивгъуыд аз нæ горæты стадион сифтонг кодта спортивон инвентарæй. Ныртæккæ дæр у Хуссар Ирыстон-Аланийы рог атлетикæйы федерацийы президент. Уый фæрцы нæ æрыгон спортсментæ хайад райсынц бирæ ерысты.

Йæ хъæубæстæн Дменисы цы спортивон комплекс сарæзта, уый арæзт æрцыд нырыккон домæнтæм гæсгæ æмæ уым æрвылбон дæр, сæрибар рæстæджы фенæн ис  фæсивæды. Сæ иутæ футболæй фæхъазынц, иннæтæ  баскетболæй, чи та боксæй фæархайы. Спортивон комплексæн хæрзарæзт æрцыд йæ кæрт, сагъд дзы æрцыд рæсугъд декоративон бæлæстæ. Комплекс Икъаты Руслан къапеччы онг дæр дæр йæхи фæрæзтæй кæй сарæзта, уый алчидæр зоны, уæдæй нырмæ йын йе ‘ппæт хæрдзтæ дæр йæхæдæг фиды. Ам цы кусджытæ кусы, суанг хъахъхъæнæджы онг, уыдонæн фиды сæ куыст-мызд дæр. Фиды ма рухсы фиддонтæ, стæй æндæр хæрдзтæ дæр.

Æмæ канд ууыл нæ фæцис Икъаты Русланæн йæ хæрзаудæн архайд йæ хъæубæсты раз. Æвзæр уавæры уыд дæллаг Дменисы уæлмæрд. Ацы хъуыддаг нæ цыд Русланы зæрдæмæ æмæ равдыста инициативæ, æрæвнæлдта уæлмæрд аразынмæ. Уый хъæуы цæрджытæй цалдæрæн бафыста куыстмызд æмæ уæлмæрды территори ныссыгъдæг кодтой, стæй та йын йæ алыварс саразын кодта æмбонд, цæмæй йæм фос ма æфтой æмæ йæ ма чъизи кæной.

Егъау уыдысты йæ лæггæдтæ Икъаты Русланæн 2004-2008 азты хæстон цауты рæстæджы дæр. Æхсæнгарз æмæ хæлцадон продукттæй цух нæ уагъта йæ хъæубæсты лæппуты. Уæдæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ ахæм æхсызгон цау кæй æрыхъуыст Икъаты Русланы тыххæй, уый стыр æхсызгондзинад æрхаста дменисæгтæн. Газеты фæрæзты руаджы уыдон арфæ кæнынц се ‘мзæххонæн йæ активон æмбæстагон позици æмæ райгуырæн бæстæм уарзондзинады тыххæй. «Дæ алывæрсыг æхсæнадон архайд, адæммæ дæ аудгæ ахаст æмæ æххуысмæ цæттæдзинад скодтой дæуæн аккаг аргъ æмæ ном, канд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр. Дарддæр дæр дын нæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ æнтыстытæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы. Уадз, æмæ дæ хæдзары кæддæриддæр уæд фарн, æнцойад æмæ райдзастдзинад, дæ цард та дзаг уæд æппæты рухсдæр æмæ ирддæр цаутæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.