1992 азы 30-31 октябры æхсæвы Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы Дачнæйы, Октябрыхъæуы, Чермены, Камбилеевкæ æмæ Куырттатмæ, Дзæуджыхъæуы Хуссайраг поселок, Редант, Карца æмæ æндæр рæттæм æрбабырстой мæхъæлон фыдгæнджытæ æмæ æрцыд стыр тугкалд. Хотыхджын бандæйон къордтæ Мæхъæлы республикæйæ Ирыстонмæ æрбахызтыстысты Чермены хъæуыл, уым ныппырх кодтой Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады пост, паддзахадон автоинспекцийы пост æмæ милицæйы поселокон хайад. Фондз боны дæргъы ныхмæлæуды архайдтой нæ ирон фæсивæд, æрбаиу сæм сты Хуссар Ирыстоны хæстхъом, фæлтæрджын лæппутæ æмæ басастой знаджы. Уыцы змæстыты ма архайдтой Уæрæсейы æфсады дæлхæйттæ æмæ мидхъуыддæгты министрады мидæггагон æфсæдтæ.

Хæсты бонты акондæуыд амынæтты, ныппырх чындæуыд цæрæн æмæ æндæр бæстыхæйттæ, æрцыд уды зиæнттæ.

Уыцы уæззау бонтæн рохгæнæн нæй. Ирыстон та саутæ скодта, мадæлтæ сæ дзыккутæ нытыдтой, сидзæрæй баззадысты сабитæ, куырдуаты – чызджытæ. Æмæ цæй тыххæй? Нæ фыдæлты зæхх нын сæхи бакæнынмæ чи хъавыд, уыдоны æнæсæрфат миты аххоссæй. Цы ахастой уыцы зæххæй, уый – сæхи!

Фæлæ ныккалд туг, уымæн та æрæхсæн нæй, цыфæнды тæвд донæй дæр не ссæудзæн.

Уыцы хæсты хъæбатырæй тох кодтой Сланты æртæ æфсымæры – Славик, Валерик æмæ Вовæ, Сагеты Таймураз æмæ Куыдзеты Зелимхан. Бирæ фæтох кодтой нæ Иры зæхмæ æрбабырсджыты ныхмæ, фæлæ фондзæй дæр бабын сты. Октябрыхъæуы Сланты æфсымæрты номыл ныр уынг кæм ис, уый райдианы сын сæвæрдтой номарæн цырт се фондзæн дæр. Сагейы-фырты номыл дæр ис уынг Октябрыхъæуы. Хорз уаид, ахæм номарæн куы саккаг кæниккой Куыдзеты Зелимханæн дæр. Ахæм у, йемæ чи тох кодта æмæ æгасæй чи баззад, уыдоны фæндон.

Хорз зыдтон Сланты æфсымæрты мад Годжыцианы. Йæ фыртты номыл уынджы цард, цыртдзæвæнмæ æввахс. Алы бон дæр цыд цыртдзæвæны цурмæ. Цæмæ, уый алчидæр зоны. Батад, баруад хорз ирон сылгоймаг, фæстагмæ йæ хъуыдытæ дæр йæхи бар нал уыдысты æмæ… йæ фырттæм ацыд.

Зынгæ поэт (рухсаг уæд) Чеджемты Æхсар ныффыста зарæг Сланты æфсымæртыл:

Нæ уарзон Ирыстон, лæгæвзарæн бонты

Цæй диссаг, цæй фидар уыдтæ!

Сау хъулгъаимæ ирон зæххыл тохмæ

Куы бырстой дæ хуыздæр фырттæ.

Хъæбатырты разæй – Сланты лæппутæ.

Сæ фезмæлд уыд тохы бон арт.

– Нæ зынаргъ, нæ уарзон Ирыстоны тыххæй

Мах ратдзыстæм, – загътой, – нæ цард.

Сагеты Таймураз уæд афтæ куы дзуры:

«Æгад цард – мæлæтæй фыддæр!

Нæ ирон хæсты уын, Сланты лæппутæ,

Æфсымæр уыдзынæн æз дæр».

Нæ номдзыд фыдæлтæй Ирыстонæн баззад

Лæгдзинад, æхсар æмæ зонд.

Сланты æфсымæртæ знæгтимæ тохы

Ирон намыс систой бæрзонд.

Чысыл у Ирыхъæу, фæлæ ардыгæй дæр уыцы уæззау азты фыдыуæзæг хъахъхъæн-гæйæ æрбалæбурджыты амæттæгтæ систы цардуарзон лæппутæ Быценты Аслан, Куы-дзеты Сулико, Таймæзты Владимир, Тъуриты Тембол, Хуыбиаты Альберт æмæ Цхуырбаты Игорь. Æртæ азы размæ хъæуы астæуккаг скъолайы къулыл уыдонæн бакодтой номарæн къæй æмæ йæ байгом кодтой цытджын уавæры.

Нæ ирон фæдисон лæппуты тыххæй    хъуыстгонд поэт Хъодалаты Герсан афтæ фыста:

Сау фыдгул куы ныббырста нæ бæстæм, –

Уадидæгæн рабастой сæ гæрзтæ,

Тохвæдисæй атындзыдтой тохмæ.

Хастой сын сæ фердæхтдзинад дисæн,

Иры зæхх сæ тугкалдæн  æвдисæн,

Сырæзтис сæ лæдждыхъæд уæлхохмæ.

Ахæм лæджыхъæд равдыстой нæ фæсивæд, кæд дзы бирæтыл сæ бон баталынг уыцы зын бонты, уæддæр. Фыдгулы къухæй чи фæмард, уыдонæй иуты баныгæдтой Камбилеевкæйы хъæуы æфсымæрон уæлмæрдты, иуыл иумæ сты 34. Рухсаг уæнт. Ам сын сарæзтой мемориалон цырт, судзы дзы æнусон арт. Сæ хъæбатырдзинадæй æнусон сты алы иронæн дæр.

Алы аз дæр октябры мæйы фæстаг бон ардæм æрбацæуынц Цæгат Ирыстоны республикæйы æмæ Горæтгæрон районы разамонджытæ, чи фæмард, уыдоны хиуæттæ, фæсивæд, се ‘мтохгæнджытæ, хуымæтæг адæм æмæ сын ноджыдæр æрымысынц сæ рухс нæмттæ.

Хуссар Ирыстоны фæсивæд дæр æнауæрдонæй тох кодтой 1992 азы Цæгат Ирыстоны зæххыл хъулгъайы ныхмæ. Сæ иутæ нал сæмбæлдысты сæ хæдзæрттыл. Уыдонимæ уыдысты Джиоты Иван, Хъоцыты Дауыт, Тедеты Вла æмæ æндæртæ.

Уыцы уæззау бонты Иры зæхх хъахъхъæнгæйæ фæмард сты 500 адæймаджы, басыгъдæуыд 3 мин хæдзары, Цæгат Ирыстонæн зиан æрхастæуыд 11 миллиард сомы.

Ахæм рæстæг мауал уæд, хæст – авд дæлдзæх! Куы уа (Хуыцау бахизæд), уæд та нæ ирон лæппутæ фæстæ нæ лæудзысты. Поэт Тасойты Ботазы загъдау: «Фыдызнаг куы бырса, – Бæрзæйсаст фæуыдзæн уæ домбай цæфтæй!»

ГАССИТЫ Моисей,

авторы ист къам

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.