Фæскавказы Æдасдзинады фæдыл женевæйаг дискусситы дунеон организациты æмсæрдæрттæ радон раундмæ бацæттæ кæныны нысанæн æрæджы фембæлдысты дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы минæвæрттимæ, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мураты сæргълæудæй.

Фембæлды рæстæджы та Джиоты Мурат ноджыдæр банысан кодта, Хуссар Ирыстоны Женевæйы уагъдцæуæг дискусситы формат кæй нымайынц ахсджиагыл, регионы сабырад æмæ æдасдзинад ныббиноныг кæныны нысанæн. Радон раунды хæдразмæ æмсæрдæртты балц Хуссар Ирыстонмæ банымадта ахсджиагыл, уымæн æмæ дискусситы раз цы хæстæ лæууы, уыдон сты актуалон.

«Женевæйаг дискусситæ сты ахсджиаг дунеон фæзуат, уым бæстон цæуынц регионы æдасдзинад ифтонгкæныны фарстатæ. Уымæ гæсгæ мах нымайæм ахсджиагыл, цæмæй ахæм фæлгæтты куыст дарддæр цæуа æмæ нæ сæйраг нысан – Хуссар Ирыстоны адæмы æдасдзинад æмæ юридикон бæрнджын сразыдзинад, кæцыйæн уыдзæн дунеон гарантитæ – нæ къухты бафта.

Нæ разы цы хæстæ ис, уыдон актуалон сты. Æхсызгон мын у, фæстаг раундæй фæстæмæ регионы не ‘рцыд ахæм цау, кæцы нæ стыхсын кодтаид, фæлæ иумæйагæй сисгæйæ, уавæр æмæ проблемæтæ куыд уыдысты, афтæ сты. Абоны онг дæр махæн нæ разы цы ахсджиаг хæс ис – Гуырдзыстон Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй кæй нал спайда кæндзæн, уыцы сразыдзинадыл къухтæ бафыссын.

Хуссар Ирыстон бирæ хæттыты фехъусын кодта бæрзонд трибунæтæй, цæттæ кæй у ахæм куыстмæ», – дзырдта Джиоты Мурат.

Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ нæ тыхсын кæны, сыхаг Гуырдзыстоны НАТО йæ позицитæ кæй фидар кæны, уыцы цау. Уый нæ, зæгъгæ, разæнгард кæны ахæм   хъуыдымæ, æмæ Ныгуылæны нырмæдæр ис ахæм тыхтæ, кæцытæ Гуырдзыстоны уы-нынц сæ æфсæддон полигонæй.

«Уымæн æвдисæн сты Гуырдзыстонмæ уæззау техникæ кæй æрбакодтой, йæ полигонтæ æмæ йын йæ территорийæ пайда кæнынц æфсæддон ахуыртæн. Æмæ ма ноджы ацы бонты кæй фехъусын кодтой, Африкæйы бæстæтæ æмæ Æввахс Скæсæ-нæй лигъдæтты кæй æрбакæндзысты, уый дæр», – банысан кодта Джиоты Мурат.

ИНО-йæ æмсæрдар Антти Турунен йæ рады банысан кодта, женевæйаг дискусситы фæлгæтты тыхæй ма спайда кæныны документ райсыны ахсджиагдзинад. Мах, зæгъгæ, нысан кæнæм бынаты ситуаци стабилон æмæ сабыр кæй у, кæд æмæ гæнæн ис æмæ бирæ райсгæ къахдзæфтæ  æвзæрын кæной тæссагдзинад, кæцытæ гæнæн ис æмæ фехалой уыцы сабырдзинад.

«Мах, куыд æмсæрдæрттæ, афтæ æмбарæм, тыхæй ма пайда кæныны хъусынгæнинагмæ цас тагъддæр, уыйас æрцæуæм. Æмбарæм æй, уымæй нын фадат фæуыдзæн Женевæйы æндæр фарстытыл дзурын æмæ размæ цæуынæн. Ныфс нæ ис, æмæ радон раунд конструктивон уыдзæн æмæ æмразы фæткмæ гæсгæ бакусдзыстæм», – банысан кодта уый.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Гюнтер Бехлер та фехъусын кодта, зæгъгæ, æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл хыгъд цæттæ у æмæ йæ женевæйаг дискусситæм бавдисдзæн.

Душан Игнятович иттæг хорз сæххæст кодта йæ куыст, гуырдзиаг фарсæрдыгæй дæр ис прогресс уыцы куысты.

Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæлгæтты лæмбынæг дзырд цыд арæнгæрон территоритыл зæххы фадгуытæ бакусын. Мæ  хъуыдымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг æмæ гуырдзиаг делегациты сæргълæуджытæ ссардтой иумиаг æвзаг ацы фарст æрбæстон кæныны хъуыддаджы», – дзырдта уый.

Дарддæр фембæлд æхгæд дуæртты. Фембæлды фæдыл хатдзæгтæ аразгæйæ Антти Турунен банысан кодта, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы фарстыл дзырд цыд фембæлды рæстæджы. Æмсæрдæртты ныфс ис, æмæ кæй æрцæудзысты дискусситы алы хайадисджытæн дæр æнцонвадат чи у, ахæм хатдзæгмæ.

«Хуссарирыстойнаг фарсæй мах райстам хъусынгæнинаджы проект. Ныфс нæ ис, æмæ æндæр хъуыдытæ дæр кæй райсдзыстæм хайадисджытæй æмæ сæ æрæмбырд кæндзыстæм æмæ æппæтæн æнцонвадат чи уа, ахæм хуызы йæ райсдзыстæм», – Турунен.

Гуырдзыстоны территорийыл НАТО-йы ахуыртæ кæй цæуы, уыцы фарстæн ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Гюнтер Бехлер афтæ сдзуапп кодта, зæгъгæ, фембæлды ацы фарстыл дзырд нæ цыд.

«Æфсæддон ахуыртæ уагъд кæй цæуы, уый дыууæ фарсы дæр тыхсын кæны. Механизмты фæлгæтты куысты рæстæджы мах архайæм фæрсты конструктивон бадзырдтæм æркæнын, хъаугъа æдас æмæ сабырæй аскъуыддзаг кæнын, фæрстæ кæрæ-дзийæн ахуыртæ æмæ æфсæддон архайдтыты фæдыл информаци дæттынмæ», – банысан кодта Бехлер.

Хуссар Ирыстонæй делегацийы сæргълæууæг Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фембæлды рæстæджы дзырд цыд Женевæйы дискусситы радон раунды фарстытæ бацæттæ кæныныл.

«Лæмбынæг æрдзырдтам дискусситы куыд фыццаг, афтæ дыккаг кусæгон къордты бо-ны фæткыл. Сбæлвырд кодтам иууыл приоритетондæр фарстатæ. Ахсджиаг фарстæй дискусситы уыд æмæ у юридикон бæрнджын документ, тыхæй пайда нæй не ‘рцæудзæн, уый бацæттæ кæнын.

Дзырд ма цыд гуманитарон фарстатыл, фыццаджыдæр, æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фарстыл. Делегацийы хъусдард здæхт æрцыд уымæ, æмæ адæймаджы барты фæдыл докладты Хуссар Ирыстоны тыххæй арæзт цæуы æнæхъола хуыз. Уыдон сты мæнг факттæ æмæ афтæ архайынц, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ ма цæуой дунеон организациты минæвæрттæ. Сæрмагондæй, гуырдзиаг зындгонд оккупацигонд территориты фæдыл за-къон, кæцы хъыгдары дунеон æмæхсæнады минæвæртты Хуссар Ирыстонмæ иунæг уæ-вæг Дзæуджыхъæуæй фæндагыл æрцæуынæн. Уымæ гæсгæ пайда кæнынц гуырдзиаг ин-формацийæ, фæлæ уый æдзух вæййы æнæобъективон. Уыцы фарстытæ мах æвæрдзыстæм радон хатт Женевæйы.

Хуссар Ирыстоны культурон бынты фарстыл дзырд куы цæуа, уæд уыдон йæ рæстæджы давд æрцыдысты нæ горæты Бæстæзонæн музейæ æмæ февзæрдысты Гуырдзыстоны территорийыл. Сæйраджы, иконæ-триптих», – дзырдта Мурат.

Ацы фарст та ногæй размæ æрцыд, куыд гуманитарон уавæры фактортæй сæ иу, афтæ. Ацы фарст, Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ лæвæрд цæуы бирæ азты дæргъы куыд ахæм фактор, кæцы ахъазгæнæг уыдзæн дыууæ фарсы ‘хсæн æууæнкдзинад сфидар кæнынæн, куы йæ раздахой, уæд.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.