Ирон культурæйы традицион идеалтæ æмæ нырыккон уавæрты рæзгæ фæлтæры хъомыл кæныны проблемæтæ сты актуалон. Хъомылгæнджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ æмткæй æхсæнады раз ахсджиаг æмæ вазыгджын хæс ис бæстæйæн аккаг фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддаджы. Ныртæккæ у компьютерон технологиты æнус, интернет æмæ мобилон бастдзинад сæ тæгтæ ауагътой æмæ уымæй хайджын сты  зæххы къорийы цæрæг адæм. Техникон размæцыдимæ æмдзу кæнын, зæгъæн ис, æмæ фæзын.

Чиныгæй иппæрд кæны рæзинаг фæлтæр, уый хыгъд фылдæр рæстæг æрвиты телефон æмæ компьютеримæ. Æмæ уыдоны тæссагдзинад цæй мидæг ис? – иуæй æнæниздзинадыл æндавы, аннæмæй та психикæйыл æмæ æркæны хъыгаг фæстиуджытæм.

Æппæт уыцы проблемæтыл æрдзурын, нæ национ сæрыстырдзинад – не ‘взаг æмæ æгъдæуттыл хъомыл кæныны нысанæн Республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрад сорганизаци кодта тымбыл фынг ХИПУ æмæ иумиагахуырадон уагдæтты ахуыргæнджытимæ.

Тымбыл фынджы куыстмæ хуынд æрцыдысты: Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Кокойты Тарзан, Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы сæргълæууæг Гатайты Лали, Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Ирæ æмæ æндæртæ.

Тымбыл фынг амонæг Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элисæ мадзал гом кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, тымбыл фынджы нысан у, цæмæй равзарой ахсджиаг хъомыладон фарстатæ, бæрæг уынаффæтæ æмæ хатдзæгтæ ист æрцæуа, кæцытæ фадат ратдзысты, цæмæй ахадæн уой хъомыладон фарстатæ скъуыддзаг кæныны.

Бæстæйы сæргълæууæг йæ ныхасы бузныджы ныхæстæ загъта мадзал организацигæнджытæн æмæ банысан кодта æвзонг фæлтæры хайадисты ахсджиаг нысаниуæг йæ куысты.

Нæ фембæлды нысан, зæгъгæ, у нырыккон æхсæнады сæйраг проблемæтæй сæ иу – нæ адæмы этникон æргъадтæ æмæ культурæйы идеалтæм гæсгæ нæ рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын.

«Историйы фæндагыл адæм тырныдтой, цæмæй рæзгæ фæлтæр райстаид фыдæлты бирææнусон фæлтæрддзинад æмæ уыдаид йæ аккаг дарддæргæнæг. Ацы бæрнон хæс мах куыд бæстон кæнæм, ууыл баст у нæ адæм æмæ нæ бæстæйы хъысмæт», – банысан кодта Тыбылты Леонид. Йæ ныхæстæм гæсгæ фæлтæрты историон æмæ культурон мысынадæн ис арф мидис, уый æххуыс кæны адæймагæн йæхи бамбарын æмæ дунейы аккаг бынат ссарынæн.

«Нæ ивгъуыд ма зонын, æмбарын æмæ йын кад ма кæнынæй нæ уыдзæн нæ абон æмæ нæ фидæн дæр. Нæ фыдæлтæ цы монон æргъадтæ æмæ идеалтæ сарæзтой, уыдон фесафын, нæ фæлтæртæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнын нæ æркæндзæн адæмы хъуыдыкæнынады мидæггаг цæджы монондзинад фесафынмæ.

Нæдæр хицæн адæймагæн, нæдæр æгас адæмæн ис сæ сомбон  аразæн, сæ уидæгтæ куынæ зона, йæ фыдæлтæ цы традицитæ æмæ монон æргъæдтæ фембырд кодтой уыдон, уæд», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Дарддæр Тыбылты Леонид йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ирæттæ-алантæ бахъахъхъæдтой сæ фыдæлты хуыздæр традицитæ. Абоны бонмæ нæ фыдæлты цы æргъадтæ æркодтой – зондджындзинад, царды фæлтæрддзинад – уыдон руаджы аразæм нæ сомы бон æмæ нæ истори. Бахъахъхъæдтам нæ национ цæсгом, нæ цардыуагон культурæ æнусты дæргъы.

«Бирæ историон бæлвырдгæнæнтæ ис уымæн, æмæ æндæр адæмты ‘хсæн, алантæ-ирæтты национ æргъадтæн куыд бæрзонд аргъ æмæ кад цыд. Мах æгæрон бузныг хъуамæ уæм бирæ дæсгай фæлтæртæй, кæцытæ арæзтой, хъахъхъæдтой æмæ хъæздыг кодтой нæ адæмы культурæ æмæ идеалтæ. «Ирондзинады» удварны хъомылад у, цæттæ гоймаджы миниуджытыл бакусын. Хисæрмагонд миниуæджы æнкъарынад, кæцы æвдыст цыд æндæр адæммæ ахасты, хисдæртæм, сылгоймæгтæм кадимæ ахаст, сабитыл аудын, æххуысхъуаг чи у, – уыдон фарс балæууын  – уыдон уыдысты ирон æгъдауы фæткойтæ», – дзырдта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг бахатыд Ахуырады министрадмæ, цæмæй бакусой сæрмагонд программæйыл, кæцымæ гæсгæ сывæллон ирон культурæ æмæ цардуагыл цалх кæна чысылæй.

Бинонты ‘хсæн ирон æгъдау хъахъхъæныны тыххæй ныхас кодта ХИПУ-йы ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг Плиты Гацыр.

«Адæм рагон куы уой, уæд се ‘взаг дæр хъæздыг æвзаг у. Махмæ нæ фыдæлтæ æрхæццæ кодтой хъæздыг æвзаг, хъæздыг æмæ цæвиттойнаг бынтæ. Абон ацы фарст тынг вазыгджын æмæ дардыл у.

Абайты Васо афтæ фыссы: «Ирон фынг академи у». Уый фæстæ ирон адæммæ ахæм æмбисонд баззад: «Адæймаджы базондзынæ фынгыл æмæ фæндагыл». Уыдон стыр æмæ хъуыдыйаг ныхæстæ сты», – дзырдта Гацыр.

Хæдзар æмæ скъола – скъола æмæ хæдзар ныхасгæнæг банымадта æнгом бастыл. Сывæллон сæйраг хъомылад ныййарджытæй исы.

«Нæ адæм диссаджы адæмы хатт сты. Сывæллонæн аргъ кæнынц, цы хæдзарæй цæуы, уымæ гæсгæ. Абон не ‘гъдæуттæ, нæ хъомыладон фарстатæ сæйраг сты, æмæ нæ уыцы хъуыддаг зындзинады баппæрста.

Сывæллон кæм рæдийа – хæдзары уа, æхсæнадон бынаты, æви уынджы – хъуамæ йын æй алчидæр дзурынхъом уа. Æмæ уæд хъомыл кæндзыстæм раст фæлтæр», – дзырдта Плиты Гацыр.

Дзырдта раст хъомылады фарстытыл лæмбынæг бакусын, æгæрыстæмæй, фынгыл дæр, хæдзары, хъæубæсты.

«Нæ хæхбæсты, хъæуты раафтид не ‘взагыл дæр бандæвта. Не ‘взагæй хъæздыг-дæр дунейы æвзаг нæй. Æртæ нацимæ ис æрмæстдæр, махæн Абайты Васо цы историон-этимологон дзырдуат сарæзта, ахæмтæ», – банысан кодта Гацыр.

Нæ рæзгæ фæсивæд цавæрдæр æнахуыр хъæзтытæм сæ хъусдард кæй аздæхтой, уый фæдыл Плиты Гацыр æрсидт нæ фæлтæрмæ, цæмæй къæрцъхъус уой сæхæдæг дæр æмæ мах,  хисдæртæ дæр, æмæ сæ рæстæгыл иуварс кæнæм. «Нæ фæсивæд хъуамæ уой, фыдæлтæй нын цы баззад, ууыл хъомылгонд. Нартæн сæйраг фарст  уыд – рæстдзинад æмæ хъару. Уыдонмæ æгъуыдзæг лæг никуы уыд. Нартæ мæгуырау куы уыдаиккой, уæд сыл кæрæдзи нæ хæриккой Цæгат Кавказы адæмтæй бирæтæ.

Алантæ мæгуырау хъуыддæгтыл хæст куы уыдаикой, уæд сæ алчи йæхирдæм нæ ивазит – дæхионæй дæ бон хорз. Æмæ мах сæ комкоммæ фæдонтæ стæм, æмæ нæ кадджын фыдæлты бынтæ нæхи хъæуынц», – дзырдта Гацыр.

Парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри куыд дзырдта, уымæ гæсгæ, мах къорд азты дæргъы цы уæззау фæндæгтыл фæцыдыстæм, уымæ нæ кæсгæйæ нын ис тæхудиаджы фæлтæр. Ирыстоны ахæм цау никуы уыд æмæ кæстæры фердæхтæй исты баззад æнæарæзт.

Сæйраг хъусдард аздæхта хистæр фæлтæры уагахастмæ, уымæн æмæ хистæр йæхи хистæры бынаты куынæ æвæра, уæд ын кæстæрты ‘хсæн дæр кад нæй.

Фæндон бахаста, цæмæй нæ традицитæ æмæ æгъдæуттæн фылдæр сахаттæ лæвæрд цæуа.

«Университеты «Ирон традицитæ æмæ æгъдæуттæ» – ахæм предметæн хъуамæ уа сæрмагонд бынат. Кæд нæм зард æмæ кафты кружоктæ ис, уæд нæм нæ уæзгæ традицитæ, культурæйы кружоктæ цæмæннæ хъуамæ уа», – банысан кодта Юри.

Мах, зæгъгæ, æндæр адæмтæй, цæмæй хицæн кæнæм? – нæ мадæлон æвзагæй, нæ ирон æгъдауæй, нæ дзырды фарнæй æмæ нын фылдæлтæй цы традицитæ баззад, уыдонæй.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат хъомылады фарстатæ банымадта ахсджиаг æмæ фыццаградоныл. Æрхаста конкретон цæвиттонтæ, уынгты цæугæйæ, кæрæдзи фæрсты хизгæйæ,  салам дæтгæйæ кæстæр æмæ хистæры бартыл. Джиоты Мурат растыл нæ нымайы скъолайы агъоммæ ахуырадон уагдæтты сабитæн «дæ райсом хорз»-ы бæсты «бон хорз» кæй амонынц. Уый, бынтондæр раст нæу. Салам дæттын у нæ культурæйы ратæдзæнтæй сæ иу.

Уый ма критикон ныхæстæ загъта телеуынынады номыл, уымæн æмæ зыгъуыммæ цæуынц ирон æвзаджы ныхæстæ.

Дзырдта ма, æввахс рæстæджы нæ бæстæйы ном аивыны фæдыл референдум уагъд кæй æрцæудзæн, ууыл. Алайнаг æвзаг у нæ иугæнæг. Скифтæ æмæ сæрмæттæ дæр уыдысты аланты фæдонтæ.

Ирон культурæйыл хъомыл кæнын хъæуы алы бон дæр. Тымбыл фынджы куыст банымадта ахадæныл. Фæндон бахаста, цæмæй телеуынынады арæхдæр бынат уа хъомылад æмæ культурæйы фарстатæн.

Рæзгæ фæлтæр раст фæндагыл баифтонг кæныныл, æхсæнады алы æнæзæрдæ-мæдзæугæ фæзындтæй сæ бахизыныл уæхскуæзæй кусынц Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекци. Ацы инспекцийы сæргълæууæг Гатайты Лали ныхас, сæйраджыдæр, аздæхта рæзгæ фæлтæр æхсæнадон бынæтты сæхи æгъдауыл дарынмæ. Æрсидт рæзгæ фæлтæрмæ, цæмæй бынтондæр се ‘хсæн пайда ма цæуа алкоголон продукцийæ. Уый нацийы рæзтмæ нæ кæны, фæлæ сæфтмæ.

«Сымах проблемæтæ æрмæст сымах не сты, фæлæ ныййарджыты, ахуыргæнджыты. Æмæ уын уыдон кæддæриддæр æххуыс кæндзысты, уæ фарсмæ лæудзысты. Уæ проблемæ сты нæ иумæйаг проблемæтæ», – дзырдта Лали.

Ахуырады министрад, мадзал организацигæнджытæ рæгъмæ рахастой министрад ацы ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл цы куыст бакæнынмæ хъавы, уый. Æнæмæнгдæр саразын хъæуы иумиагахуырадон скъолаты организацитæ. Раздæр уыдон уыдысты пионерон, фæскомцæдисон организацитæ. Æмæ арæзт хъуамæ цæуой ирондзинады бындурыл, нæ Райгуырæн бæстæмæ уарзты бындурыл – ирон æвзаг, культурæ æмæ Ирыстоны бахъахъ-хъæныны сæрвæлтау.

Иумиагахуырадон уагдæтты ирон культурæ æмæ традицитæ ныббиноныг кæныны æнæмæнгхъæуындзинады фæндон бахаста скъола-интернаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Цоциты Галинæ.

«Ирон традицитæ сахуыр кæнынæн скъолаты цъус сахаттæ цæуы лæвæрд. Æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы сахаттæ хъæуы фæфылдæр кæнын æмæ сæ нæ мадæлон æвзагыл амонын», – банысан кодта Галинæ. Уымæй дарддæр ма фæндон бахаста, скъоладзаутæн фестивалтæ, конкурстæ ирон æвзагыл сорганизаци кæнын, афтæ Хуссар Ирыстоны историон бынæттæм экскурситæ аразын.

Ацы скъолайы ахуыргæнинаг Гæбæраты Аринæ дæр бузныг загъта, хисдæр фæлтæры аудгæ ахасты фæдыл, банысан кодта хъомылад сывæллæттæ, сæйраджыдæр, хæдзарæй кæй хъуамæ исой.

«Мах авд сывæллоны стæм, фæлæ нæ ныййарджытæ арынц рæстæг æмæ нæ хъомыл кæнынц ирон традицитæ æмæ Нарты кадджыты бындурыл», – дзырдта Аринæ.

Тымбыл фынджы куысты ма сæ хъуыдытæ рæгъмæ рахастой Кокойты Тарзан, Гаглойты Иринæ æмæ æндæртæ, кæцытæ банысан кодтой традицион культурæйы бындурыл монон, хæрзæгъдау æмæ эстетикон хъомылад дæттын рæзгæ фæлтæрæн.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.