Сылгоймæгты дунеон бон 8-æм марты бæрæгбон банысан кодтой Цхинвалы районы Дменисы Культурæйы хæдзары дæр.

Мадзал бацæттæ кодтой Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси, библиотекæйы кусджытæ Джиголаты Заремæ, Æлборты Мадинæ æмæ Культурæйы хæдзары хæдархайгæ аивадон къорды къухдариуæггæнæг Козаты Радион.

Мадзалмæ æрбацыдысты районы администрацийы Культурæйы хайады бæрнон кусджытæ, сывæллæтты ныййарджытæ, хъæубæсты сылгоймæгтæ.

Мадзалы раныхас кодта Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта хъæубæсты æппæт сылгоймæгтæн дæр. Йæ цæст сын бауарзта фидар æнæниздзинад, сæ хъæбулты амондæй райгонд куыд уой, уалдзæгау рæсугъд куыд уа сæ цард.

Бæрæгбон срæсугъд кодтой Культурæйы хæдзары хæдархайгæ аивадон къорд. Уыдон Козаты Радионы сæргълæудæй сæ арæхстдзинад æвдыстой зарынæй, кафынæй. Мады цытæн кастысты æмдзæвгæтæ Джиголаты Ибрагим, Дудайты Элинæ, Сидамонты Фатимæ æмæ Валерия.

Мадзал сорганизацигæнджытæн ныййарджыты æмæ хъæубæсты сылгоймæгты номæй раарфæ кодта Лолоты Рената. Йæ раныхасы уый банысан кодта, сæ сывæллæтты сын уыдон кæй тавынц сæ уды хъармæй, сæ цардмæ сын кæй хæссынц уæздандзинад, уарзт æмæ хæрзиуæг. «Растдæр сымах хъусдарды руаджы ис нæ сывæллæттæн ахæм æнтыст æмæ уыл уæ алы бæрæгбонтæ дæр цæуæд рæсугъд æмæ амондджынæй», – загъта Рената.

***

Ахæм рæсугъд мадзал ма сылгоймæгты бæрæгбоны цытæн уагъд æрцыд Дменисы сывæллæтты рæвдауæндоны дæр.

Мадзалмæ фæхуыдтой сывæллæтты ныййарджыты. Хистæр къорды сабитæн дзырдтой æмдзæвгæтæ сæ гыцциты, сæ нанаты тыххæй, кафыдысты, зарыдысты. Мадзалы раныхас кодта рæвдауæндоны сæргълæууæг Джиоты Мананæ. Уый арфæ ракодта сывæллæтты ныййарджытæн. «Ирон сылгоймаг кæддæриддæр кад æмæ цыты аккаг у, уый у царддæттæг æмæ хæдзары фарн хъахъхъæнæг. Æмæ абон цы сабитыл цин кæнут, уыдон уадз æмæ рæзæт рæсугъд арвы бын. Уæ царды уын цыдæриддæр рæсугъд фæндтæ ис, уыдон уын сæххæст уæд, хорзæй цæмæ бæллут, уыдон та уæ къухты бафтæд æнцонæй», – загъта рæвдауæндоны сæргълæууæг мадзалмæ æрбацæуджытæн.

Сывæллæттæ мадзалы хорз цæттæдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ: Лолоты Вандæ, Æрсойты Маринæ æмæ Джиголаты Валяйæн ныййарджыты номæй раарфæ кодта  Дыгъуызты Мзия.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.