ÆДЗУХÆЙ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЦÆРЫНЫ ЦЕНЗ

РХИ-йы Парламенты ра-бадты депутатты ‘хсæн карз дискусси цыд, Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæ-дыл парламентон комитеты сæрдар Бибылты Ацæмæз цы закъоны проект рахаста уы-наффæмæ, уый фæдыл. Бибылы фырт банысан кодта, зæгъгæ, бæрæг азты æдзухæй Хуссар Ирыстоны цæрыны ценз ма хауæд сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæм, цæмæй сын æвзæрстыты кампанийы хайад исыны бар уа, уый нысанæн.

Ахсджиаг фарстатæ, карз дискусситæ æмæ вазыгджын уынаффæтæ

Депутат Санахъоты Давид куыд загъта, афтæмæй закъоны проект адæмы дихтæ ма хъуамæ кæна.

«Ацы закъоны проект цæмæн хъуамæ хауа æрмæст сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæм. Нæ лæппутæй уымæй раздæр – 2014 азы Донбассмæ чи ацыд æмæ уым йе ‘фсæддон хæс чи æххæст кодта, уыдонмæ цæмæннæ хъуамæ хауа закъоны проект. Кæнæ не ‘мбæстæгтæй республикæйы æддейæ профессионалон æмæхсæнадты нæ бæстæйы кад чи бæрзонд кæны дохтыртæ, ахуыргæндтæ, нывгæнджытæ – уыдонæн цæмæннæ хъуамæ уа  æвзæрстыты хайадисыны бар. Не ‘мбæстæгты дих кæныны бар нын ма хъуамæ уа», – банысан кодта Санахъоты Давид.

Парламенты сæрдары хæдивæг Гасситы Петр куыд загъта, афтæмæй дунейы æппæт бæстæты нæй,  иу бынаты цæрыны, ома, цензы æмбарынад

«Æндæр паддзахадты – Уæрæсейы, Америкæйы Иугонд Штатты, Китайы – уыцы нормæ нæй. Ахæм стыр адæймагон потенциалимæ бæстæтæ цæмæннæ пайда кæнынц уыцы нормæйæ, уыдон цæмæннæ дих кæнынц се ‘мбæстæгты, равзарыны бар кæмæн ис æмæ кæмæн нæй, ахæмтыл. Мах та не ‘мбæстæгты стыр хайæн нæ дæттæм равзарыны бар æвзæрстытæм нæ бауадзгæйæ, бахахх кодта уый ».

Йæ рады депутат Диакъонты Амиран дæр банысан кодта зæгъгæ, республикæйы нæй  иу кæнæ иннæ адæймаг республикæйы цал боны вæййы,  ахæм, уый нымайæг орган. Уæдæ цæмæй ацы закъонæй пайда кæнæм, уый тыххæй нырма бирæ æнæ аскъуыддзаггонд фарстатæ хъæуы аскъуыддзаг кæнын.

Централон æвзарæн къамисы минæвар дæр йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, закъоны проектыл нырма нæ уынаффæ кодтой ЦÆК-ы. Ацы проекты нырма къорд фарстайы ис, æмæ сыл хъæуы лæмбынæг æруынаффæ кæнын.

Хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн закъоны проект æр-выст æрцыд ногæй йыл бакусынмæ.

 

ТАМОЖНÆЙОН ФИДДОНТÆ

Сессийы рæстæджы Парламент куырдиат арвыста УФ Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советмæ, Уæрæсейы территорийæ Хуссар Ирыстонмæ цы товартæ ласынц, æмæ таможнæйон фиддонтæ цы товартыл сæвæрдтой, уыдонæй Хуссар Ирыстоны ссæрибар кæныны фарст позитивонæй аскъуыддзаг кæнынæн сын баххуыс кæныны тыххæй.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тъехты Алан куыд бамбарын кодта, афтæмæй 1 октябры УФ Хицауад товарты уæрæх номхыгъдæн бакодта экспортон фиддонтæн, æнæбындурæй æргътæ фæзынаргъ кæнынæй мидæггагон базары бахъахъхъæныны нысанæн. Уый фæстиуæгæн Хуссар Ирыстонæн фæзынд къорд проблемæйы, Уæрæсейæ æрласгæ товарты æргътæ кæй схызтысты, уый аххосæй.

Тъехты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн арæзт ис, æмархайды æппæт фадгуытыл чи æххæссы, ахæм егъау барадон базæ. Уыцы нымæцы – 2022 азы 2 мартъийы арæзт сразыдзинад, дыууæ фарсæн дæр таможнæйон фиддонтæ нæ фидыны фадат чи дæтты, товартæй базар кæныны ахæм режим.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, фæфылдæр уыдзæн электроэнергийы импортон аргъ. Уый фæстиуæгæн цæрджыты æппæт  категорийæн дæр фæзынаргъдæр уыдзæн электроэнергийы аргъ.

 

КАДРОН ИВЫНДЗИНÆДТÆ

Сессийы рæстæджы Парламенты æрцыд кадрон ивындзинæдтæ. Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты комитеты сæрдарæй равзæрстой Тадтаты Аланы, Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды комитеты сæрдарæй – Диакъонты Амираны, Сланты Иваны та равзæрстой Сæудæджерад, арæзтад, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты комитеты сæрдарæй.

 

РАЙСТОЙ ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТТÆ

Депутаттæ хорзыл банымадтой æмæ йæ райстой «Нотариаты тыххæй» РХИ-йы закъоны проект.

Ивындзинæдтæ бахастой «Рæстæгмæ æнæ куыстхъом æмæ маддзинады рæстæджы æнæмæнгхъæуæг социалон фæдзæхсты тыххæй» РХИ-йы закъонмæ дæр.

 

РАХÆЦЫДЫСТЫ ПАДДЗАХАДОН ДУМÆЙЫ ПРОТЕСТЫ СИДТЫ ФАРС

Парламенты депутаттæ æмхъæлæсæй рахæцыдысты УФ Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы протесты хъусынгæнинаджы фарс «Канадæйы хицауиуæгад укронацизм æмæ неофашизм кæй разæнгард кæнынц, уый тыххæй».

Уыцы фарсты фæдыл раныхас кодта Æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза. Уый куыд радзырдта, афтæмæй 2023 азы 22 октябры Канадæйы парламенты рабадты рæстæджы депутаттæ 98-аздзыд нацистон ветеран Ярослав Хункæн кæй æмдзæгъд кодтой, уый Паддзахадон Думæйы депутаттæ нымайынц антигитлерон коалицийы хæстонты циникон дæлдзиныгыл.

Депутаттæ уынаффæ кодтой æндæр фарстатыл дæр.

 

ЦÆРÆНУАТ АДИХ КÆНДЗЫСТЫ ЗАКЪОНМÆ ГÆСГÆ

26 октябры Парламенты сесси цалынмæ нæ райдыдта, уæдмæ депутаттæ Парламенты Сæрдар Æлборты Аланы æмæ горæты мэр Хуыгаты Ромеойы хайадистæй,  райстой, цæрæнуатон къамис социалон цæрæнуат кæмæн рахицæн кодта, фæлæ суагъæтыл сæ къух кæй не ‘рфыстой, уый аххосæй сæ цæрæнуат чи нæ райста, горæты уыцы цæрджыты.

Æрæмбырдуæвджытæ хъаст кодтой, горæты администраци сын фатертæ рахицæн кæныны тыххæй дырыс дзуапп кæй нæ дæтты, уый тыххæй. Дзырдтой, зæгъгæ, сын сæ хъуыддæгтæ ногæй цæмæн хъуамæ ахуыр кæнай ног æвзæрст къамис, цæмæн хъуамæ аивой, раздæры къа-мис цы уынаффæтæ райста, уыдон.

Бирæ фарстатæ уыд депу-таттæм дæр. Се ‘хсæн – раздæры къамисы цæмæн ссæрибар кодтой, ног къамис йæ бæрны хæстæ куыд æххæст кæны æмæ цæрæнуатмæ рады чи лæууы, уыдоны хъуыддæгты фæдыл кæд райстæуыдзæн уынаффæтæ.

Хуыгаты Ромео банысан кодта, зæгъгæ, ног къамис йæ куыстмæ æрæвнæлдта 27 сентябры æмæ уæдæй фæстæмæ сахуыр кодта 87 хъуыддаджы, уыдонæй 48-ы тыххæй райстой уынаффæтæ.

«Ног къамисы сконды ис 13 адæймаджы, уыдонæй кусынц 9. Уынаффæ райсынæн уыдон фаг сты. Цыппармæ дзы ис уæлдæр юридикон ахуырад æмæ сæ бæрны уæвæг хæстæ аскъуыддзаг кæнын сæ бон у», – банысан кодта горæты мэр æмæ ныфс бавæрдта, ног азмæ ног арæзт цæрæнуаты æмбис кæй байуардзысты, сæ цæрæнуаты уавæртæ фæ-хуыздæр кæнын кæмæ æмбæлы, уыдоныл.

Æлборты Аланы ныхæстæм гæсгæ, горæт йæ балансмæ ныридæгæн 75 фатерджын дыууæ корпусы кæй райста, уый бахынцгæйæ, æнцондæр уыдзæн проблемæ ног азмæ аскъуыддзаг кæнын. Æрмæстдæр хъæуы къамисы куыст фæактивондæр кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хъуыддаджы сын баххуыс кæндзæн Парламент дæр.

Санахъоты Давид банысан кодта, зæгъгæ, раздæры къамисы сконды кæд  алы ведомствоты минæвæрттæ уыд, уæд ног къамисы уæнгтæн та се ‘мбис сты горæты администрацийы кусджытæ. Цæмæй алыгъуызон манипуляцитæ арæзт ма цæуой, уый тыххæй къамисы скондмæ бакæнын хъæуы, администрацийы чи нæ кусы, ахæм адæймæгты.

Кæронбæттæны Хуыгаты Ромео æрæмбырдуæвджытæн ныфс бавæрдта цæрæнуат закъонмæ гæсгæ кæй адих кæндзысты, уымæй.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.