Нæ Республикæйы парламентон æвзæрстытæм цы бирæнымæц бæстæты делегацитæ æрцыд хъусдарджыты хуызы, уыдон цытджын уавæры йæхимæ райста республикæйы Президент Бибылты Анатоли.

Уæрæсейы Федерацийы Федералон Советы минæвæрттæ – Дунеон хъуыддæгты фæдыл Федералон Советы комитеты уæнг Сергей Цековы сæргълæудæй делегацийы уæнгтæн бузныджы ныхæстæ загъта, ахæм ахсджиаг бон нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый тыххæй: «Сымах æрцыдæн ис егъау нысаниуæг, уымæн æмæ Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстонæн у йæ стратегион партнер, уый руаджы реализаци цæуы Инвестицион программæ æмæ нæ республикæ лæууы рæзты фæндагыл. Абон Хуссар Ирыстонмæ дунеон хъусдарджытæ кæй æрцыдысты, уый дзурæг у ууыл, æмæ нæм уагъд кæй цæуы демократон æвзæрстытæ».

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрстыты фæстиуæгæн рабæрæг уыдзæн Парламенты куыстхъомдзинад.

Сергей Цековы ныхæстæм гæсгæ азæй азмæ уæ республикæ рæзы, æмæ уый æхсызгон у махæн дæр. Æвзæрстыты тыххæй дзургæйæ уый загъта, уагъд кæй цæуынц закъоны фæлгæтты.

«Мах дисы баппæрста, æвзарæн фадгуыты æвзарджытæ рады кæй лæууынц, цæмæй сæ æмбæстагон хæс сæххæст кæной. Уый фæдыл сымах æппæтдæр сарæзтат, цæмæй æвзæрстыты рæстæджы фальсификацитæн бынат ма уа. Уымæй сымах бафидар кодтат, Хуссар Ирыстоны демократи кæй ис бæрзонд æмвæзадыл, æмæ æвзарджыты бартæ та æххæстбæрцæй реализаци кæй цæуынц. Уый у иууыл ахсджиагдæр хъуыддаг», – ахæм у йæ хъуыды Цековæн.

Федерацийы Советы Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады комитеты уæнг Ольга Ковитиди дæр банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе кæй сты партнерон бæстæтæ.

 ***

 Бибылты Анатоли УФ-йы Паддзахадон Думæйы алыгъуызон фракциты минæвæрттæн радзырдта Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстыты ахсджиагдзинады тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты сабыр уавæрты æмæ, зæгъгæ, йæ кæроны мах райсдзыстæм профессионалон закъондæттынадон орган, кæцы кусдзæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ йæ æмбæстæгты хæрзиуæгæн.

 Паддзахадон Думæйы делегацийы сæргълæууæг – Спорт, туризм æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнг Юри Смирнов банысан кодта æвзæрстытæ уагъд кæй цæуынц бæрзонд æмвæзадыл.

«Централон æвзарæн къамис æппæтдæр сарæзта, цæмæй æвзæрстытæ уагъд æцæуой раст æмæ æргомæй. Æвзарæн фадгуыты æвзарджытæ активонæй цæуынц æвзæрстытæм», – банысан  кодта  Юри.

Паддзахадон Думæйы Хæдбар Æмхæларады Паддзахадты Евразиаг интеграци æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнг Тайсауты Хъазбег та банысан кодта, Цæгат Ирыстоны æвзарæн фадгуыты æвзарджытæ дæр кæй сты активон. Ныфс бавæрдта, æвзæрстытæ уагъд кæй цæуынц сыгъдæг, æмæ æргомæй,фальсификацийæн дзы бынат кæй нæй.

Фракци «Донецкы Республикæ»-йы къухдариуæггæнæг Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы минæвар Валери Скороходов Президент Бибылты Анатолиимæ фембæлды рæстæджы банысан кодта, æвзæрстыты институт кæй у æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинæдты сæйраг бындурон институт, æмæ Хуссар Ирыстонæн ацы хъуыддаджы кæй ис стыр æнтыстытæ.

«Абон Хуссар Ирыстоны бирæ бæстæтæй кæй ис хъусдарджытæ, уый дзурæг у ууыл, æмæ уæ паддзахад у æппæт дунеон бæстæты æмæхсæнадæн бафæзминаг. Хуссар Ирыстоны цы æвзæрстыты системæ ис, уымæй хъуамæ пайда кæниккой бирæ бæстæтæ, кæцытæ иууыл тыхджындæр хъæр кæнынц демократийы тыххæй», – банысан кодта уый.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Донецкæй делегацийæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, абон æвзæрст кæй цæуынц, сомбон бæстæйы æххæсткæнынадон къухдариуæгадимæ чи кусдзæн адæмы хæрзæбонæн, уыдон.

                              ***

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ма уыцы бон йæхимæ райста Луганскы Адæмон Республикæйы минæвæртты. Уый банысан кодта, æхсызгон ын кæй у Луганскæй минæвæрттæ абон хъусдарджыты хуызы кæй сты нæ бæстæйы. Йæ ныхæстæм гæсгæ æвзæрстытæ уагъд цæуынц сабыр, уавæрты.

Луганскы Централон æвзарæн къамисы сæргълæууæджы хæдивæг Максим Свидченко дæр банысан кодта æвзæрстыты бæрзонд æмвæзад.

Централон æвзарæн къамисы нымæрдар Екатерина Сорокайы дисы бафтыдта æвзæрстыты ирд æмæ æргомдзинад.

«Абон федтам демократийы уæлиондзинад, цæмæй дызæрдыгдзинад макæмæ сæвзæра, æппæтдæр закъоны бындурыл уагъд кæй цæуы. Мах сымахмæ кæсæм, ахуыр кæнæм, æмæ бузныг стæм, махæн сымахæй ахæм хорз дæнцæг райсыны фадат кæй ис, уый тыххæй», – загъта Сорока.

                            ***

Президент Бибылты Анатоли Республикæ Никарагуайы Националон Ассамблейы къамисы уæнг, æнæниздзинад хъахъхъæнынады фæдыл вице-президент Мельвин Агурсийы йæхимæ райсгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, нæ республикæ æмæ Никарагуайы республикæйæн ис æфсымæрон, хъарм ахастытæ.

«Æз уæ президент Николас Мадуройы инаугурацийы рæстæджы фембæлдтæн уæ къухдариуæггæнæг, Даниэль Ортегамæ. Нæ фембæлд цыд æфсымæрон æмæ хъарм уавæры. Уымæ гæсгæ мæ фæнды, цæмæй Ортегайæн æмæ æппæт Никарагуайы æмбæстæгтæн радтай иууыл хъармдæр фæндиæгтæ», – банысан кодта Президент.

Мельвин Агурсия Бибылты Анатолийæн загъта Даниэль Ортегайы арфæтæ.

Бибылты Анатоли, уавæрæй пайда кæнгæйæ, фæхуыдта Даниэль Ортегайы Хуссар Ирыстонмæ официалон æгъдауæй.

Мельвин Агурсия дæр йæ рады фæхуыдта Бибылты Анатолийы, цæмæй бабæрæг кæна Никарагуайы Сандинистон революцийыл 40 азы сæххæсты бæрæгбон нысан кæныны рæстæджы.

                        ***

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы делегаци, Приднестровьейы Уæлдæр Советы Комитеты уæнг Витали Калины сæргълæудæй хайад райстой Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстыты хъусдарджытæй. Приднестроваг уазджытæн Президент фехъусын кодта, се ‘рцыд кæй нысан кæны, паддзахадты æхсæн хæларадон ахастытæ кæй ис, уый.

Витали Калин бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы сæргълæууæгæн, ахæм æууæнкдзинад сæм кæй равдыстой, цæмæй сæ хъус дарой æвзæрстытæм. Банысан кодтой, æвзæрстытæ уагъд кæй цæуынц æппæт демократон принципты бындурыл.

                       ***

Уыцы бон ма Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Республикæ Цæгат Ирыстон Аланийы делегацийы минæвæртты. Делегацийы сæргъ лæууыд Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдары хæдивæг Билаонты Батрадз.

Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Ирыстоны мах нæ дих кæнæм æмæ нæ цард хъуамæ аразæм иумæ.

«Æвæццæгæн, сымах æнæфæхатгæ нæ фæуыдаиккат, Ирыстоны хуссар хайы æмбæстæгтæн æппæт уавæртæ дæр арæзт кæй æрцыдис, цæмæй сæххæст кæной сæ æмбæстагон хæс. Мæн ныфс ис, æмæ ног сæвзæрст парламент кæй уыдзæн куыстхъом закъæттæ æмæ дæлзакъонон акттæ райсыны хъуыддаджы, кæцытæ ахъаз кæндзысты нæ республикæйы æмбæстæгты цард фæхуыздæр кæнынæн. Уыдон уыдзысты ахæм депутаттæ, кæцытыл адæм баууæндысты», – загъта Президент.

Билаонты Батрадзы ныхæстæм гæсгæ канд горæты æвзарæн фадгуыты нæ, фæлæ ма районты дæрддаг æвзæрæн фадгуыты дæр хъæлæс кæныны уавæр у æмбæлон. Æвзарджытæ сыл æмбæлдысты тынг хорз зæрдæйы уагимæ. Арæзт æрцыд æппæтдæр бæрзонд æмвæзадыл. Махæн, зæгъгæ, æхсызгон у, Хуссар Ирыстоны кæй ис цивилизацион паддзахаддзинад. Ныфс бавæрдта, ног сæвзæрст Парламентимæ сын кæй уыдзæн æнгом, æфсымæрон ахастытæ.

***

Абхазаг республикæйы делегациимæ фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли банысан кодта, æппæт дæр арæзт кæй æрцыд, цæмæй æвзарæн кампани уагъд æрцæуа сабыр æмæ конструктивон здæхты. Æвзæрстытæ тохы быдыр не сты, фæлæ сты бæрæгбон.

Абхазы Республикæйы делегацийы сæргълæууæг Парламенты минæвар Венори Бебия бузныг загъта Бибылты Анатолийæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, мах нæ дызæрдыг кодтам, æвзæрстытæ кæй ацæудзысты æвзарджыты бартæ хъахъхъæнгæйæ æмæ РХИ-йы сæйраг закъон –  Конституцимæ гæсгæ.

***

Республикæ Арцахы минæварджын делегациимæ фембæлды рæстæджы Би-былты Анатоли арфæ ракодта Арцахы президент Бако Саакян æмæ æппæт бæс-тæйы æмбæстæгтæн. Æхсызгонæй банысан кодта, æфсымæрон республикæйы цы егъау спортивон мадзал уагъд цыд, уым хайад кæй райста, уый.

«Хуссар Ирыстонмæ радон хатт уе ‘рцыд нысан кæны, хъарм хæларадон ахастытæ нын кæй ис, уый. Мах абон не ‘мбæстæгтæн фадат радтам, цæмæй схъæлæс кæной ахæм политикон тыхæн, кæцы у сæ равзæрсты аккаг.

Арцахы делегацийы сæргълæууæг Семен Афиян банысан кодта, зæгъгæ, æхсызгон сын у Хуссар Ирыстоны кæй сты Бибылты Анатолийы историон балцы фæстæ. Афияны ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны историйы ног азфысты хайад кæй исынц хъусдарджыты хуызы, уымæй сты сæрыстыр.

                                  ***

Уыцы бон ма Хуссар Ирыстоны бæстæйы сæргълæууæг йæхимæ райста фæсарæйнаг бæстæты минæвæртты – Италийæ, Японийæ, Бельгийæ, Финляндийæ, Чехийæ æмæ Германийæ, кæцытæ хайад райстой хъусдарджыты хуызы парламентон æвзæрстыты.

Берлины палатæйы депуттаты уæнг, парти «Альтернатива для Германии»-йы уæнг Гуннар Линдеманн банысан кодта, зæгъгæ, æппæт фадæттæ дæр агурдзæн, цæмæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æввахс рæстæджыты банымайой ныгуылæйнаг бæстæтæ.

Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайынæн ис æппæтдунеон барадон бындуртæ, æмæ бахатыд, цæмæй нæ бæстæйæн радтой ахæм фæзуат, цыран йæ тыхы уа йæ позици равдисынæн. Уымæн æмæ дунеон æмæхсæнадмæ ис æрмæстдæр иуфарсон информаци, кæцы исынц Гуырдзыстонæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстон у сабырад, уазæгуарзаг бæстæ, кæцыйы фæнды æндæр адæмтимæ хæларæй цæрын.

Италийы минæвар Маттэо Пресси дæр банысан кодта, йæ миссийыл кæй нымайы ныгуылæн бæстæтæм æмбæлон информаци фæхæццæ кæнын, уæлдайдæр та Италийы Парламентмæ, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны тыххæй информацион фæрæзтæ цы мыхуыр кæнынц, уыдонæн æцæгдзинадимæ иумиагæй кæй ницы ис.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.