Президент Гаглойты Алан Ленингоры районы администрацийы кусджыты базонгæ кодта ног сæргълæууæг Уалыты Муртазимæ. Паддзахады сæргълæууæг уыд районы центры æмæ администрацийы ауагъта чысыл æмбырд.
Президентимæ уыдысты Парламенты депутаттæ Дриаты Заза æмæ Хуыбылты Илья.

Гаглойты Алан æрныхас кодта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытимæ. Уыдон радзырдтой, æрдæг азы бæрц кæй нæ исынц куыстмызд æмæ сын сæ бинонтæ дарыны фæрæзтæ нæй.

Районы раздæры сæргълæууæг Гæджиты Иларионы ныхæстæм гæсгæ, Парламент нырма бюджетмæ хаст ивындзинæдтæ растыл нæ банымадта, уыдоны нымæцы хъæугæ æхцайы фæрæзты фæдыл дæр.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, балцы размæ цымыдис кодта Финансты министрады ацы фарстыл æмæ йын фехъусын кодтой, зæгъгæ, район æнæмæнгхъæуæг документаци æххæстæй нæ радта, уый размæ ист авансты фæдыл хыгъдтæ нæ сæхгæдта. Фæлæ уæддæр, Гаглойты Алан кусджытæн ныфс бавæрдта, хицауад ацы проблемæ кæй аскъуыддзаг кæндзæн.

Районы ног сæргълæууæджы бавдисыны рæстæджы президент ацы фарст схуыдта сæйрагдæр проблемæтæй сæ иу æмæ бахæс кодта фыццаг рады уый аскъуыддзаг кæнын.

«Æз мæ къух æрфыстон дыууæ Барамындыл, кæцымæ гæсгæ Ленингоры районы сæргълæууæджы бынатæй сæрибар æрцыд Гæджиты Иларион, йæ хæстæ æвæрд æрцыдысты Уалыты Муртазыл. Ленингоры район у вазыгджын, дæрддзæф район, проблемæтæ æмæ хæстæ дзы бирæ. Æвæрд дыл ис егъау бæрндзинад, æмæ мæ ныфс ис, ды кæй кусдзынæ уыцы бæрндзинад æнкъаргæйæ. Ныртæккæ сæйраг проблемæ у цæрæнуатон-ком-муналон хæдзарады кусджытæн куыстмызд бафидыны фарст аскъуыддзаг кæнын. Адæймаг æрдæг азы куы нæ райса куыстмызд, уымæн нæй бамбарæн. Уый у сæйраг проблемæтæй сæ иу. Алы æмбырд æмæ Хицауады алы рабадты дæр ацы фарстыл уынаффæ кодтам», – загъта Гаглойты Алан.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, Финансты æмæ Экономикон рæзты министрадты сæргълæуджытæ командировкæйæ куы æрцæуой, уæд сын фыццаг рады бахæс кæндзæн ацы фарст бæстонæй аскъуыддзаг кæнын.

Бæстæйы сæргълæууæг райгондæй нæ баззад Гуырдзыстонимæ арæныл ахизыны бар кæмæн ис, уыцы кæцыдæр хъæуты цæрджытæн, сæрмагонд уадзæн гæххæттытæ радтыны фарст куыд скъуыддзаг цæуы, уымæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг хатт районы куы уыд, уæд сбæрæг кодта уадзæн гæххæттытæ кæмæн хъуамæ радтой, уыцы номхыгъдтæ. Уыдонæй бирæтæм фæзынд фарстатæ. Уыимæ иумæ, æцæгæйдæр арæныл ахизыны бар кæмæн ис, уыдонæн уадзæн гæххæттытæ нæ радтой.

«Адæмы сайын нæ хъæуы. Ныхас хъæуы æххæст кæнын. Ацы хъуыддаджы зынæй ницы ис, хъæуы йæм æрмæст бæрнон ахаст дарын. Нæ фыццаг æмæ сæйраг хæс у не ‘мбæстæгты цард фæхуыздæр кæнын», – загъта Гаглойты Алан.

Депутат Дриаты Заза фæндон бахаста документтæ исын æмæ сгарыны фæдыл æппæт хæстæ, афтæ ма уадзæн гæххæттытæ æмæ паспорттæ дæттыны фæдыл хæс æвæрд æрцæуæд Æдасдзинады паддзахадон комитеты районы службæтæн. Ацы хъуыддагыл архайы Администрацийы район дæр, уый фæстæ та бæлвырдгæнæнтæ лæвæрд цæуынц Цхинвалмæ. Афтæмæй фарстыл уынаффæ ныддаргъ вæййы цалдæр мæйы.

«Амы кусджытæ зонынц алцы дæр æмæ алкæй дæр. Баууæндæм сыл æмæ уадз æмæ кусой», – загъта депутат.

Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта Æдасдзинады паддзахадон комитет æмæ Мидхъуыддæгты министрадæн иумæ бацæттæ кæнын фæндтæ æмæ сæ къухдариуæгадмæ бавдисын.

Æмбырды рæстæджы ныхас цыд районы æндæр проблемæтыл дæр.

Гæджиты Иларионы ныхæстæм гæсгæ, специалон техникæйы автопарк нал бæззы, æмæ æнæ уыдонæй районы ницæмæн ис саразæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, бирæ хатт шофыртæ нал фæразы кæнынц зæронд трактортæ æмæ самосвалты рулыл сбадын.

Гаглойты Алан йæ хъусдард аздæхта кæцыдæр специалистты цухдзинадмæ, фыццаг рады, бухгалтертæм.

Уымæй уæлдай ма, æмбырды хайадисджытæ бузныг загътой Тирипоны къанауы проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Уый цалцæг æрцыд ацы аз æмæ Цъинагары зонæйы цæрджытæн сæ бон ссис сæ быдыртæ донхæр кæнын.

Балцы рæстæджы Гаглойты Алан бабæрæг кодта Ленингоры рæвдауæндон, Сфæлдыстады æмæ Сывæллæтты хæдзар.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.