Дунейы цъус нæй тренертæ, фæлæ уыдон иууылдæр не сты, йæ дæсныйад йæ удмæ арф кæмæн бахызт, тренеры куыст сæйрагдæр кæмæн ссис, йæ хæстæ æнувыдæй чи æххæст кæны, ахæмтæ. Хорз тренеры кадджын номы аккаг у хъæбысхæцджыты скъолайы тренер Коцты Тамерлан, – дзуры мын Цхинвалы сабитæ æмæ æрыгæтты спортивон скъолайы ахуырады хайады сæргълæууæг Костюченко Наталья.

Æмæ, æцæгæйдæр. Тамерлан æрвылбон дæр, хуыцаубонæй дарддæр йæ куысты уæлхъус балæууы хуры скастимæ иумæ. Куыстмæ бацæугæйæ йæ æрмæст йæ комкоммæ хæстæ нæ фендавынц, фæлæ ма хъæбысæйхæцджытæ цы залы архайынц, уый æмæ уым цы, дзаумæттæ æмæ æндæр ахæмтæ ис, уыдон се ‘ппæт дæр. Йæ цæст сыл ахæссы лæмбынæг, исты цухдзинад куы рахаты, уæд æй уадид аиуварс кæнын. Стыр хъусдард здахы залы сыгъдæг æмæ рæсугъддзинадмæ дæр.

Æрвылбон дæр Тамерланы  разы æрлæууы 70 хъомылгæнинагæй фылдæр. Уыдонæн сæ цæстæнгасыл афтæ сахуыр ис, æмæ дзы исчи æнкъард куы вæййы, уæд цалынмæ хабар бæстон нæ базоны, уæдмæ йæ цурæй цæугæ дæр нæ акæны.

Тамерлан кæд райгуырд æмæ схъомыл горæт Цхинвалы, уæд фыццаг хатт та, дæс азы йыл куы цыд уæд, гауызмæ рахызт горæт Мæскуыйы Æфсæдтонты Централон Спортивон Клубы залы. Йæ фыццаг тренер уыд зындгонд тренер Мæргъиты Анатоли. Куыд Анатолийы, афтæ ма Тамерлан буц æмæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтимæ арæх æрымысы йæ иннæ тренертæ Тедеты Мурат æмæ Сиукъаты Таймуразы дæр.

Тамерланæн йæ хъуыдытæ бæргæ дардыл уыдысты, бæргæ рухс кодта йæ зæрдæ йе ‘нтыстытæй, тренертæ æмæ дзы клубы разамонджытæ бæргæ стыр ныфсытæ æвæрдтой, фæлæ арæх, адæймаг йæхæдæг куыд фæхъуыды кæны, афтæ нæ рауайы. Фехæлд нæ хъомысджын бæстæ, алырдыгæй зынд фыдбылызхæссæг хъуыддæгтæ, зыгъуыммæ митæ. Ахæм уавæрты цæрын, спорты архайын Тамерланæн æнцон нæ уыдис æмæ æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Фыццаг бонты йæ къах кæдæм бавæрдта, уыцы уагдæттæ уыдысты спортивон залтæ. Иу ахæмы сабиты æмæ æрыгæтты спортивон скъоламæ куы бацыд, уæд банкъардта, цы æрыгон лæппуты дзы баййæфта, уыдонмæ кæй ис тырнындзинæдтæ.

Уый фæстæ дæр ма сæ цалдæр хатты абæрæг кодта, фæлæ алы хатт дæр лæппутæ уыдысты æнæ тренер. Цалдæр бон арахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ Тамерлан æд куырдиат балæууыд скъолайы разамынды раз. Уыдон ын уадид бамбæрстой йæ хъуыды æмæ йæ фæнд æххæст æрцыдис.

Уæдæй рацыд къорд азы æмæ уæд Тамерлан йæ разы цы хæстæ сæвæрдта, уыдон абон дæр æххæст кæны æнтыстджынæй. Цы хъомылгæнинæгтæ райсы, уыдон адих кæны дыууæ къордыл. Фыццаг къордмæ бакæны 10-14 æмæ дыккаг къордмæ та, 14-22 азы кæуыл цæуы, ахæмты. Семæ кусынæн ын стыр æххуыс сты йе ‘ххуыс-гæнæг тренертæ Бикойты Азæмæт æмæ Гæджиты Марат.

Тамерланы хъомылгæнинæгтæ арæх райсынц хайад куыд Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы æвзæнгты ‘хсæн ерысты дæр. Арæх свæййынц алыгъуызон хорзæхты хицау. Специалисттæ сын сæ архайд æмæ арæхстдзинады тыххæй скæнынц стыр аргъ.

Йæ хъомылгæнинæгты æнтыстыты тыххæй Тамерлан йæхæдæг арæх фæзæгъы, зæгъгæ, спортсменæн йæ сæйрагдæр æнтыст у фæстиуæг равдисын, фæлæ ма уымæй дарддæр спортсментæ алы хъуыддаджы дæр свæййынц цæвиттойнаг. Се ‘хсæн къаддæр вæййы фæткхалджытæ, стыр аргъ кæнын райдайынц æгъдау рæсугъддзинад æмæ сыгъдæгдзинадæн. Уæдæ афтæ чи дзуры, зæгъгæ, спортмæ паддзахады ‘рдыгæй æгæр стыр хъусдард здахтæуы, уыдон раст не сты.

Абон Тамерлан йæ хъомылгæнинæгтæй хуыздæр ныфс кæмæй æвæры, уыдоны ‘хсæн сты Бестауты Андрей, Зассеты Арсæмæг, Дзæгъиаты Сослан, Коцты Арсен, Пухаты Роланд æмæ æндæртæ. Ацы æвзонг лæппутæ сæхи цæттæ кæнынц цалдæргай азты, сæ фæлтæрддзинад рæзы бонæй-бонмæ æмæ сæ разы цы хæс сæвæрдтой, уымæ цæуынц ныфсджынæй. Уырны сæ, рацæудзæнис рæстæг æмæ сæ алчи дæр хорз кад скæндзæнис, сæхи цы скъолайы цæттæ кæнынц, уымæн, сæ тренертæн æмæ сæ уарзон Ирыстонæн.

                                                                                            Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.