Уæрæсейы Федерацийы премьер-министр Михаил Мишустин «Росморречфлот»-ы сæргъ-лæууæджы бынатæй ссæрибар кодта Андрей Лаврищевы, пенсийы кæй ацыд, уымæ гæсгæ.  Михаил Мишустины бардзырдмæ гæсгæ, ацы бынаты нысан æрцыд йæ хæдивæг Джиоты Захарий, – уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы министрты кабинеты пресс-службæ. Джиоты Захарий «Росморречфлот»-мæ кусынмæ æрбацыд 2011 азы управленийы хистæры хæдивæгæй – эко-номикон анализ, прогнозтæ аразæн хайады хис-тæрæй.

2015 азы слæууыд экономикæ æмæ финансты управленийы  сæргъ. 2019 азы Джиоты Захарий нысан æрцыд «Росморречфлот»-ы  къухдариуæггæнæджы хæдивæгæй.

Уый райгуырд 1977 азы Мæскуыйы областы горæт Ивантеевкайы. 1998 азы каст фæцис Мæс-куыйы паддзахадон университет, фæстæдæр та – адмирал С.Макаровы номыл денджызон  æмæ доны флоты  паддзахадон университет. 2005 азæй 2010 азмæ куыста машинæарæзтады къабазы егъау кондадон куыстуæтты алыгъуызон бынæтты.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.