2008 азы 2-æм августы æхстыты рæстæджы цы авд лæппу фæмард, уыдонæй сæ иу уыд 24 аздзыд Дыгъуызты Роин.

Роин райгуырд 1984 азы, йæ хъомылгæнджытæ Дыгъуызты Зауыр æмæ Уазæгты Езнайæн зæнæг нæ цыд, зæрырдæм сфæнд кодтой сывæллон æрхæссын, рафæрс-бафæрс кодтой, ома, кæд искуы исчи æнæхицау сывæллон зоны. Уалынмæ разынд иу æнæзæрдæ гуырдзиаг мад, кæцыйы нæ хъуыд йæ сывæллон æмæ сын æй радта.  Зауыр æмæ Езнайы цинæн кæрон нæ уыд, æрхъæцмæ нæ лæууыдысты сæ хъæбулыл. Сатихъары астæуккаг скъолайы ахуыргæн-гæйæ, Роин тырныдта канд хорз ахуыр кæнынмæ нæ, фæлæ ма уыцы-иу рæстæджы æххуыс кодта йæ ацæргæ хъомылгæнджытæн хæдзарон куыстыты дæр. Сæрибар рæстæг та æдзух каст ирон чингуытæ. 6-æм къласы ахуыргæнгæйæ фыссын райдыдта æмдзæвгæтæ. Æмдзæвгæтæ, цæмæдæр гæсгæ, иууылдæр фыста Фыдыбæстæмæ æнæкæрон уарзты темæйыл. Тынг рæсугъд колиграфи йын уыд, ахуыргæнджытæ-иу къулын газеттæ куы уагътой, уæд-иу сæ уымæн ныффыссын кодтой. Зæрдæхæлар кæй уыд, уый тыххæй йæ хъæубæстæ стырæй-чысылæй иууылдæр бирæ уарзтой.  Астæуккаг скъола каст фæцис хорз нысæнттимæ æмæ бацыд нæхи уæлдæр ахуыргæнæндонмæ, равзæрста журналистикæйы факультет. Бацæуæн фæлварæнтæ радта иттæг хорз нысæнттыл.

Уыцы рæстæджы Сатихъармæ фæндагыл гуырдзиæгтæ Ереды хъæуы пост сæвæрдтой, ацæуыны бар нал лæвæрдтой. Роинæн та æппынæдзух йæ зæрдæ йæ ацæргæ хъомылгæнджытæм æхсайдта. Фыццаг курс куы сыхгæдта, уæд академион улæфт райста æмæ мад æмæ фыды æнцой балæууыд. Уыцы рæстæджы Зауыр æнæнхъæлæджы саугуырм бацис. Хæдзары нæлгоймаджы куыстытæ ныр Роины æккой уыдысты.  Куы-иу сæ бакодта, уый фæстæ та-иу хъæуы хъахъхъæнæг лæппуты къордтæм йæхи баппæрста æмæ-иу семæ лæууыд. Уыцы рæстæджы хъахъхъæнынады министрад æмбырд кодта кусджытæ æмæ Роин дæр бацыд уырдæм кусынмæ. Хъахъхъæнынады министрадæн Дменисы хъæуы цы дæлхай уыд, уым службæ кодта. Ам Роин уыд иууыл кæстæр. Хъæбулы æмæ йæм æфсымæры зæрдæ дардтой йе ‘мкусджытæ, æдзух дæр ын лæггад кодтой, хъахъхъæдтой йæ. Хатт-иу ын уайдзæфтæ дæр кодтой, ома, каст уал фæуыдаис дæ институт. Стæй дæуæн дæ мад æмæ фыд ацæргæтæ сты, ничи дæ ницы домы, фæлæ-иу уый дзырдта: «Ныртæккæ тохы рæстæг у æмæ мæхи куыд хъуа-мæ бааууон кæнон. Дуг куы æрсабыр уа, уæд мæ институт дæр фæуыдзынæн».

Роины мад тынг тарст йæ иунæгæн, бынтон æвзонг уæвгæйæ хæстон фæндаг кæй равзæрста, уый йын йæ зæрдæйы тас уагъта. Алы æхстмæ дæр-иу арвыцæфау фæцис. Æхсæв-иу йæ фынæй фæлыгъд, куывта-иу Хуыцаумæ, цæмæй йын йæ фырт æмæ Ирыстоны хъахъхъæнджыты æнæфыдбылыз дара.  Сылгоймаг ахæм уавæр бирæ нæ бафæрæзта æмæ ахицæн а-дунейæ. Йæ мады кæндтæ бакодта Роин, куыд æмбæлд, афтæ æмæ та йæ куыст адарддæр кодта.

2-æм августы Роины знаджы нæмыг баййæфта Чысыл Леуахийы былыл йе ‘мбæлттимæ бадгæйæ.  Æхсæвы посты лæууыд, райсом йæ рад куы баивта, уæд йе ‘мбæлттимæ доны был бадтысты. Уыцы бон гуырдзиаг снайпертæ нæ республикæйы амардтой 7 адæймаджы. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыд спецопераци. Куыд загътой, афтæмæй куыстой снайпертæ, æвæццæгæн, сæрмагондæй Роинмæ уымæн бахъавыдысты æмæ йыл уыд формæ. Тагъд æххуысы машинæмæ бæргæ фæдзырдтой йе ‘мбæлттæ, фæлæ уый цалынмæ Зарыл  Дменисмæ цыд, уæдмæ Роин амард. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, йæ мæлæты размæ кæмæйдæр куырдта хатыр.

Уыцы бонты Гуырдзыстоны фарсæй ахæм интенсивон æхстытæ цыд æмæ Роинæн йæ мард баныгæныны фадат дæр нæ дæттой знæгтæ. Лæппутæн иу минут дæр нæ уыд æмæ Роинæн йæ мард баныгæныны фадат дæр нæ дæттой знæгтæ. Æрмæстдæр цалдæр ус бадтысты марды уæлхъус. Цыд Роины саугуырм фыды богъ-богъ. Уалынмæ та айзæлд стыр срæмыгъд. Роины кæрты фæткъуыбæласыл сæмбæлд минæ æмæ бæлас габазгай фæтахт.

Роины мадыæфсымæры чызг Уазæгты Ритæ афтæ радзырдта: «Мардæй дæр æм цыма хъавгæ кодтой. Устытæй ма дыууæ аззад, иннæтæ фæтарстысты æмæ алыгъдысты. Хæссын афон лæппутæ кæй баххуыс кæндзысты, уый ныфс мæ уыд, фæлæ тарстæн зæгъын, мыййаг, куы æрбатоной,  зæгъын цы ми кæндзæн. Мæхи дыууæ æфсымæр уыцы рæстæджы Самарæйы цардысты. Мæ фыртыхстæй хъавыдтæн кæрты сыджыт скъахын, зæгъын сихормæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы. Уалынмæ ме ‘фсымæртæ мæ уæлхъус æрбалæууыдысты æмæ æз дæр фæныфсджын дæн.

Мард хæссын афон та хъæуы лæппутæ дæр хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты æмæ мард, хъæуы сæрмæ цы уæлмæрд ис, уым бавæрдтам. Æхстытæ иу сарæх сты, æмæ йæ мард зæххыл æвæргæйæ мах дæр нæхи бааууон кодтам. Роины фыдыфсымæры чызджы кæуын ныр дæр мæ хъустыл уайы. Цæй тыххæй, дам, дæм фæхъыг сты гуырдзы, дæ ныййарæг дæ  къæбылайы æппæрст кæй ракодта æмæ дæ ирон сылгоймаг та хи хъæбулау кæй схъомыл кодта? Æви дам Хетæгкаты Къостайы чингуытæ æппынæдзух дæ нывæрзæн кæй дардтай?

Роинæн баззад куырм фыд. Уый нæ куымдта хъæуы адæм лидзынвæнд куы скодтой, уæд. Фæлæ йæ Роины æмбæлттæ нæ уагътой. Уый дæр хæцгæ, йæ æнцой бацæугæ ахизын кодтой хъæд-хъæд, дæтты астæуты. Иннæ лигъдæттимæ ныххæццæ Дзæуджыхъæумæ. Фæлæ рæстæг куы фæсабырдæр, уæд фæстæмæ йæхи æркæнын кодта, йæ хæдзармæ. Уым ма цалдæр аз фæцард, стæй амард æмæ ныхас ныууагъта, цæмæй йæ бавæрой йæ цардæмбал æмæ йæ фырты фарсмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.