Нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ сæ директор Тъотъоты Ленæйы сæргълæудæй иу нысаниуæгджын боны фæрсты дæр никуы ахизынц. Уыдон æрвылхатт дæр банысан кæнынц алыгъуызон нысаниуæгджын бонтæ, кæцыты рæстæджы нæ горæты скъолаты ахуыргæнинæгтимæ сорганизаци кæнынц цымыдисон мадзæлттæ æмæ сæ афтæмæй ахуыр кæнынц Фыдыбæстæ уарзыныл. Кæдфæнды ма бацæуон Æвзæнгты республикон библиотекæмæ – иуран бадгæ сæ никуы баййафын. Уыимæ сæ чиныгкæсджыты нымæц та кæны фылдæрæй-фылдæр, кæцы адæймагæн у уæлдай æхсызгондæр. Æгайтма, адæм раздæрау чиныг агурын райдыдтой.

Ацы азы 1-æм августы зынгæ ирон поэт, публицист Икъаты Владимир Антоны фырты райгуырдыл 85 азы кæй сæххæст, уый цытæн уагдоны кусджытæ сарæзтой сæрмагонд стенд «Агуырдта фыдæлты фарн йæ уды», зæгъгæ. Стенды конд æрцыдысты Икъайы-фырты тыххæй зындгонд адæймæгтæ цы ныхæстæ загътой, уыдон, афтæ ма йæ нывтæ дæр куыд иунæгæй, афтæ йæ хæлæрттæ æмæ коллегæтимæ дæр.

Мæнæ дзы цы дзуры зынгæ фыссæг Хъазиты Мелитон: «Володяйæн туджы уыд сæрибары сæрыл мæлæт равзарын. Йæ адæмы сæрыл цæрддзу кæй кодта, уый йе сфæлдыстадыл фæбæрæг æхсайæм азты. Володямæ не ‘рхауд нæ Фыдыбæстæйы сæрибарæй феныны амонд. Нæ йæ фæцис нæ фыдызнæгтимæ æргомæй стох кæныны амонд дæр, æмæ йæм кæд никуы бæллыд, уæддæр фæсвæд ницæй тыххæй фæлæууыдаид».

«Владимирæн æрдз сфидар кодта æхсæнадон темперамент, æмбæстагон æнæн-цой æмæ фæдисон монц. Искуы, зæгъгæ, адæмы социалон æмæ национ интерестæн бачынд фыдми, уæд-иу йæхицæн бынат нал ардта, растын-иу кодта æндæрты дæр – рæстдзинад æмæ адæймагуарзыны сæрвæлтау карзæй зæгъынмæ, хъæддыхæй архайынмæ. Ирон адæмæн нæ фаг кæндзæн Владимиры ирон ныхас, йæ фезмæлд. Адæмы хъæбул Владимир уарзта æппæт фæлтæрты дæр, фæлæ йын иууыл уарзондæр уыдысты сабитæ, рæдауæй сын хæлар кодта йæ курдиат, йæ зæрдæйы хъарм», – дзырдта йæ табæты уæлхъус зынгæ ирон фыссæг Дзуццаты Хадзы-Мурат.

Афтæ ма стенды сты Владимиры биографи, Нафи,  Æлборты Хадзы-Умары æмæ æндæрты зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ. Æвзæнгты библиотекæйы кусджытæ сæ чиныгкæсджыты базонгæ кодтой æмæ зонгæ кæнынц ацы курдиатджын адæймаджы цард æмæ сфæлдыстадимæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.