Хуссарирыстойнаг æвзонг армрестлер Хæбæлаты Арсен ссис æрвылмæйон профессионалон турнир «Вершина»-йы уæлахиздзау. Тренер Гасситы Сосланы хъомылгæнинаджы ныхмæлæууæг уыд Санкт-Петербургæй Виталий Рочвак. Ацы спортсментæ ма раз-дæр фембæлдысты Уæрæсейы чемпионаты. Уæд уæлахиз бафтыд Рочвакы къухты. Уымæ гæсгæ Арсены фæндыд реванш райсын æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта.
Турниры уагæвæрдмæ гæсгæ ныхмæлæуджытæ хъуамæ акодтаиккой 5 тохы.
Фыццаг фембæлд рауад тынг æндыгъд. Зынтæй, фæлæ уæддæр рамбылдта Арсен. Фæстæдæр тæрхонгæнджытæ цыма Арсены архайды федтой фæткхалæн цау æмæ хыгъд ссис 1:1. Фæлæ уыцы хъуыддаг ирон спортсмены сразæнгард кодта ноджы хуыздæр архайынмæ. Æмæ дарддæр цы æртæ тохы акодтой, уыдонæй алкæцыйы дæр фæуæлахиз æнцонтæй.
Хуриты Батрадз