УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ ПРЕЗИДЕНТ ВЛАДИМИР ПУТИНМÆ

Цытджын Владимир Владимиры фырт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй, иттæг зæрдæбынæй арфæ кæнын нысаниуæгджын бæрæгбон – Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы боны цытæн.

1993 азы 12 декабры райсгæ Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг Закъон сбæрæг кодта бæстæйы рæзты приоритетон здæхт, ссис уæрæсейаг паддзахады демократон рæзты фидар бындур.

Ныфс мæ ис, хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты нæ бæстæты ‘хсæн стратегион хæлардзинад дарддæр фидардæр кæныны ‘рдæм.

Ацы нысаниуæгджын бон дын, цытджын Владимир Владимиры фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад æмæ амонд, Уæрæсейы æфсымæрон адæмæн та – сабырад æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

 

 

УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ ХИЦАУАДЫ СÆРДАР ДМИТРИ МЕДВЕДЕВМÆ

«Цытджын Дмитри Анатолийы фырт!

Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй дын зæрдиаг арфæ кæнын Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы боны цытæн!

25 азы размæ йæ Æппæтуæрæсейон референдумы райсгæйæ, уым нысан æрцыдысты, æхсæнады цы нысаниуæгджын ивындзинæдтæ æрцыд, уыдон æмæ ссис Уæрæсейы рæзты ног этапы символ.

Уæрæсейы Сæйраг Закъон, адæмы фæрныгад фæбæрзонддæр кæнынмæ, æргъадтæ бахъахъхъæнынмæ здæхт уæвгæйæ, ссис бæстæйы æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинæдты гарант æмæ байгом кодта адæймаджы инициативæ æмæ сфæлдыстад реализаци кæнынæн тыгъдад.

Абон Уæрæсе дунейы размæцыд демократон паддзахадты ‘хсæн ахсы аккаг бынат, ахъаз кæны бирæ проблемон регионты сабырад æмæ стабилондзинад сфидар кæнынæн.

Хуссар Ирыстоны стыр кады æмæ бузныджы æнкъарæнтимæ исынц Уæрæсейы бæрзонд мисси, куыд нæ республикæйы территорийыл æдасдзинады гарант.

Хуссар Ирыстон тырны Уæрæсеимæ ахастытæ райрæзын æмæ фæарфдæр кæнынмæ, уымæн æвдисæн сты регулярон контакттæ иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл æмæ бирæ æхсæнхицауадон бадзырдтæ, кæцытæ здæхт сты бирæмгъуыдон, кæрæдзийæн пайдайы æмгуыстадмæ.

Ныфс мæ ис, нæ бæстæты ‘хсæн интеграцион процесстæ дарддæр дæр кæй уæрæхдæр æмæ фидардæр кæндзысты.

Ацы нысаниуæгджын бон, цытджын Дмитри Анатолийы фырт, мæ цæст уарзы дæуæн æмæ æппæт уæрæсейаг адæмæн фæрныгад, сабырад æмæ æнтыстытæ дæ куысты Уæрæсейы хæрзиуæгæн!»

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.