Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилин раарфæ кодта Президент Бибылты Анатолийæн  Ног 2022 аз æмæ рухс бæрæгбон Чырыстийы райгуырды боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Зæрдиаг арфæ дын кæнын æрбалæугæ бæргæбонтæ – Ног 2022 аз æмæ Чырыстийы райгуырды боны цытæн!

Курантты зæлты бын аивгъуыйгæ аз, æрбалæугæ азæн эстафетæ дæтгæйæ, суыдзæн историйы хай, кæцы нысан æрцæудзæн ахсджиаг цаутæй, фæллойады æмæ серьезон хæстæ скъуыддзаг кæныны рæстæгæй. Мах иууылдæр ногазон бæрæгбонты размæ аразæм хатдзæгтæ нæ хъуыддæгтæн æмæ хуыздæр ивындзинæдтæм æнхъæлмæ кæсæм.

Ныфс мæ ис, дæ политикон куырыхондзинад æмæ дардмæуынындзинад, бæрзонд профессионализм æмæ дæ разылæууæг хæстæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæнын дарддæр дæр фадат ратдзысты æнтыстытæн Хуссар Ирыстоны цæрджыты хæрзиуæгæн, дæ бæрзонд авторитет та суыдзæн нæ республи-кæты ‘хсæн уæрæх æмгуыстад дарддæр æмæ рæзын кæныны бындур.

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт, уадз æмæ ног аз суæд ног хъуыддæгтæ æмæ ирд уæлахизты аз! Мæ цæст дын уарзы  æнæниздзинад, амонд, сабырад, æнтыстытæ алы хъуыддаджы».

 

***

Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Леонид Пасечник раарфæ кодта Президент Бибылты Анатолийæн æрбалæугæ Ног аз æмæ Чырыстийы райгуырды боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Зæрдиаг арфæ дын кæнын Ног аз æмæ Чырыстийы райгуырды боны цытæн!

Ногазон бæрæгбонты рæстæг æвдисæн у фæндтæ æмæ ирд ныфсытæ, хиуæттимæ фембæлыны циндзинад æмæ бинонты артдзæсты хъармдзинадæн. Бирæ цы зымæгон улæфтытæм æнхъæлмæ кастыстæм, уыдон нын фадат дæттынц сабыр уавæры зын куысты хатдзæгтæ бакæнын æмæ иннæ азы нысæнттæ саразынæн.

Æхсызгон мын у, нæ республикæты æхсæнпаддзахадон ахастытæ бындуриуæг кæй кæнынц хæлардзинад æмæ уыдон иудзинады традицитыл. Ныфс мæ ис, æрбалæугæ азы райсгæ хъомысад байгом кæндзæн дарддæры перспективæтæ æнтыстджын æмгуыстад æмæ бирææмгъуыдон партнерондзинад сфидар кæнынæн.

Мæ цæст уарзы дæуæн æмæ дæ хиуæттæн фидар æнæниздзинад, фæрныгад, уды гармони æмæ хи тыхты уырнынад. Уадз æмæ 2022 аз суа ног æнтыстыты символ».

Æрбалæугæ Ног аз æмæ Чырыстийы райгуырды боны цытæн ма Леонид Пасечник раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цардæмбал Куымæриттаты Линдæйæн дæр.

 

 

***

 

Арфæ – æрбалæугæ Ног аз æмæ Чырыстийы райгуырды боны цытæн

Зынаргъ хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын æрбалæугæ Ног аз æмæ Чырыстийы райгуырды боны цытæн!

Иу бæрæгбонæн дæр абарæн нæй Ног азимæ. Мах ыл æмбæлæм хуыздæр фæндтимæ, аивгъуыйгæ азы хатдзæгтæ аразæм æмæ архайæм нæ сомбоныл. Уый у магион рæстæг, алыхатт дæр у цинхæссæг. Уый у хорз фадат æппæт хиуæттæ, хæлæрттæ æмæ зонгæтæн раарфæ кæнынæн.

Алыхатт дæр хиуæттæн «Ног азы хорзæх уæ уæд» арфæ кæнгæйæ, мах уырны, æрбалæугæ аз кæй уыдзæн æнтыст-джын, кæй æрхæсдзæн æрмæстдæр сабырад æмæ циндзинад. Мах ныфс æмæ оптимизмимæ кæсæм фидæнмæ æмæ нæ ныфс ис, Ног аз кæй у ног хъуыддæгтæ райдайыны æмæ ног хæстæ æвæрыны рæстæг.

Ныфс мæ ис, нæ адæммæ уды хъæддыхдзинад, æнгомдзинад, райгуырæн зæхмæ уарзондзинад æмæ кусыны фæндтæ суыдзысты æрбалæугæ 2022 азы ног æнтыстыты бындур. Хи тыхтыл æууæндын, æхсæнады разыдзинад ахъаз кæндзысты банысангонд плæнттæ сæххæст кæнынæн, цæмæй нæ цард кæнæм хуыздæр æмæ цымыдисондæр, нæ уарзон Ирыстон та тыхджын æмæ дидинæфтаугæ.

Зынаргъ хæлæрттæ, мæ цæст уын уарзы, цæмæй ног азы сæххæст уой уæ иууыл сыгъдæгдæр, ирд æмæ бæлиццаг фæндтæ. Уадз æмæ уæ хæдзæртты алыхатт уа хъармдзинад, фæрныгад, разыдзинад, кæрæдзиæмбарынад æмæ уарзондзинад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парлменты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

 

***

Афтæ ма Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан арфæйы фыстæджытæ æрбалæугæ Ног азы цытæн арвыста: УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Мативенко, Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Цæгат Кавказы республикæты парламентты къухдариуæггæнджытæм – Приднестроваг Молдоваг Республикæ, Республикæ Абхаз, Арцахы Республикæ, Донецкы Адæмон Республикæ æмæ æндæрты.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.