ДЗАСОХТЫ АЛЕКСАНДРÆН

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта ЮНЕСКО-йы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Къамисы Сæрдар, фонд «Русский мир»-ы аудæг советы уæнг Дзасохты Алыксандрæн, 85 азы йыл кæй сæххæст, уый цытæн.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Александр Сергейы фырт,

Зæрдиаг арфæ дын кæнын нысаниуæгджын юбилей  –  дæ райгуырды 85 ацы цытæн.

Дæ фæсчъылдым ис дæргъвæтин, ирд цаутæй хъæздыг цард. Иттæг бæрзонд эрудици, стырд интеллект æмæ диссаджы организаторон курдиат, æнæдызæрдыгæй, сты дæ эффективон архайды бындур, кæцы здæхт у Уæрæсейы дунеон авторитет сфидар кæнынмæ.

Уадз, Ирыстон æмæ Уæрæсейы хъуыддæгтæн лæггад кæнын, кæцыйы тыххæй хъарыс дæ уд æмæ йын дæттыс алы-гъуызон зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад, дын хæссæд стыр æхцондзинады æнкъарæнтæ.

Ацы нысаниуæгджын бон дын мæ зæрдæ зæгъы, цытджын Алыксандр Сергейы фырт, фидар æнæниздзинад, уæнгрогдзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ æппæт хъуыддæгты æмæ фæндты, дæ хæстæджытæ æмæ æввахс адæмæн та  амонд æмæ хæрзиуджытæ».

 ТОТООНТЫ АЛЕКСАНДРÆН

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Тотоонты Александрæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы сæрмагондæй дзырдæуы:

«Цытджын Александр Барисы фырт,

Айс мæ иууыл хъармдæр æмæ зæрдæбындæр арфæтæ дæ гуырæн боны цытæн. Æхсæнадон-политикон архайды де стыр фæлтæрддзинады руаджы, бирæ азты дæргъы бæрнон паддзахадон бынæтты кусгæйæ, ды ссардтай аккаг кад æмæ æмфыдыбæстæйонты æууæнк æмæ бæрзонд авторитет æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр.

Ирыстоны зынгæдæр политиктæй иу уæвгæйæ, ды стыр сæрмагонд хайбавæрд хæссыс хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг стратегион партнерондзинад сфидар кæнынмæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламентты ‘хсæн æмгуыстады дарддæры рæзтмæ ирон адæмы фæрныгадæн.

Цытджын Александр Барисы фырт, дæ гуырæн боны дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ æппæт профессионалон плæнтты реализацийы æнтыстытæ, æмæ дæ бинонтæн та  сабырдзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ».

ВИКТОР САДОВНИЧИЙÆН

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Михаил Ломоносовы номыл Мæскуыйы паддзахадон университеты ректор Виктор Садовничийæн йæ райгуырдæй йыл 80 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

Арфæйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Виктор Антоны фырт,

Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын дæ нысаниуæгджын юбилей  дæ райгуырдыл 80 азы сæххæсты цытæн. Зынгæ ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг, ды бирæ сарæзтай æмæ аразыс уæрæсейаг ахуырады хуыздæр традицитæ бахъахъхъæнын æмæ рæзты тыххæй. Дæ къухдариуæгады бын Мæскуыйы паддзахадон университеты коллективы къухты бафтыд зынгæ фæстиуджытæ зонадон æмæ академион рæзты, университеты йæ ном сфидар кодта куыд бæстæйы хуыздæр уæлдæр ахуырадон уагдон, афтæ, зынгæ раурæхдæр кодта йæ архайд æмæ йæ уæвынады географи. Йæ академион æмæ зонадон æнтыстытæ та нымад æрцыдысты дунеон æмвæзадыл.

Уырны мæ, дæ хъæздыгдæр фæлтæрддзинад, æвидигæ энерги æмæ куыстуарзон удысконд дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзысты Мæскуыйы паддзахадон университеты – уæрæсейаг уæлдæр ахуырады лидеры дидинæфтыдæн.

Райгондæй мæ фæнды банысан кæнын, Мæскуыйаг паддзахадон университеты рауагъдонтæ кæй сты Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауиуæгады æппæт къабæзты къухдариуæггæнджыты æнæбаивгæ хай.

Цытджын Виктор Антоны фырт, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ дæ бирæвæрсыг архайды, афтæ ма бирæ азты цæрæнбон, амонд æмæ ног æнтыстытæ уæрæсейаг зонад æмæ ахуырады хæрзиуæгæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.