Ломоносовы номыл Мæскуыйы паддзахадон университеты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы сæрдар Сергей Нарышкин æмæ ХПÆ-йы бæстæты сæйрагдæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты ректорты хайадистæй æрцыдис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетæн къорд ахсджиаг цауы.
Къухтæ æрфыстæуыд Мæскуыйы паддзахадон университет æмæ ХИПУ-йы ’хсæн æмгуысткæнынады тыххæй бадзырдыл. Бадзырдыл къухтæ æрфыстой Мæскуыйы паддзахадон университеты ректор Виктор Садовничий æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим.
Бадзырды ис 11 пункты, уыдоны ’хсæн: зонæдты кандидат æмæ зонæдты докторы зонадон къæпхæнтæ бахъахъхъæнын, бацæттæ æмæ организаци кæнынæн ахъаз кæнын; иумиаг зонадон-практикон æмæ зонадон-методикон симпозиумтæ, конференцитæ æмæ æндæр ма-дзæлттæ организаци кæнын æмæ ауадзын; иумæйаг зонадон иртасæнтæ ауадзын; лекцитæ кæсынæн ахуыргæнджытæ æмæ зонадон кусджыты кæрæдзимæ хонын; ахуырадон-зонадон æмæ æндæр дунеон программæтæ, конкурстæ æмæ æндæр проектты иумæ хайад исын æмæ а. д.
Виктор Садовничий æрæмбырд-уæвджытæн фехъусын кодта Уæрæсейы Ректорты цæдисмæ Тедеты Вадимы райсыны тыххæй æмæ йын радта æмбæлон бæлвырдгæнæн.
Афтæ ма ХИПУ-йы ректор хайад райста университетты Евроазиаг ассоциацийы советы рабадты куысты, цыран Тедеты Вадимæй дарддæр хайад райстой сæйрагдæр уæрæсейаг ахуыргæнæндæтты ректортæ, афтæ ма Беларуси, Казахстан, Азербайджан, Сомихстон, Хъыргъызтан æмæ æндæр бæстæты сæйрагдæр паддзахадон университетты къухдариуæггæнджытæ.

Маескуыйы паддзахадон университеты 2

Дзырд цыдис Евроазиаг хызæгон университет саразыныл æмæ æндæр фарстытыл.
Йæ раныхасы ХИПУ-йы ректор рабадты хайадисджыты раз бакаст арфæйы адрес Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номæй. Ректор ма банысан кодта, ХИПУ-йæн ахсджиаг кæй у Мæскуыйы паддзахадон университет æмæ постсоветон тыгъдады æндæр сæйрагдæр уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ æмгуысткæнынад. Тедеты Вадим æрæмбырдуæвджытæн ба-зонгæ кодта ХИПУ-йы зындгонд ахуыргæндтæ кавказзонæг æмæ аланзонæг Гаглойты Юри æмæ линг-вист Дзиццойты Юрийы, кæцытæ уыдысты университеты делегацийы сконды.
Мæскуыйы паддзахадон университеты библиотекæмæ лæвæрд æрцыдысты ХИПУ-йы ахуыргæндты чингуытæ. Афтæ ма ХИПУ-йы ректор Мæскуыйы паддзахадон университетæн балæвар кодта хъæдæй арæзт кæхц. «Зындгонд куыд у, афтæмæй алантæ сты ирæтты фыдæлтæ. Уадз, ацы кæхц дæуæн, Виктор Антоны фырт, дæ зæрдыл лæууын кæнæд æрмæст ХИПУ-йы нæ, фæлæ ма ирон адæмы кадджын истори дæр. Ацы кæхц у зынгæ хуссарирыстойнаг хъæдыл нывæфтыдтæ аразæг Кæсæбиты Андрейы къухтæй арæзт», — загъта Тедейы фырт.
Тедеты Вадим æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, ХИПУ-йæн 2008 азы августы цы æххуыс бачындæуыд, уый тыххæй æмæ бузныг загъта, Ректорты уæрæсейаг цæдис сын нымæцон типограф кæй балæвар кодта, уый тыххæй.
«Типограф кусын куы райдыдта, уыцы бонæй, ныр æртыккаг аз мах æххæст кæнæм мыхуырон продукцийæ мидуниверситетон домæнтæ», — банысан кодта уый.
Виктор Садовничий зæрдиаг арфæ ракодта Тедеты Вадим æмæ ХИПУ-йы делегацийы уæнгтæн иууылдæр æмæ банысан кодта Мæскуыйы паддзахадон университеты æмæ ХИПУ-йы ’хсæн æмгуысткæнынады ахсджиагдзинад, афтæ ма ныфс бавæрдта дарддæр дæр хуссарирыстойнаг уæлдæр ахуыргæнæндонæн æххæстæй кæй æххуыс кæндзæн.
Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы Сæрдар Сергей Нарышкин йæ раныхасы раарфæ кодта Виктор Садовничийæн æмæ æппæт ректорон корпусæн æнтысгæ куысты тыххæй, афтæ ма банысан кодта, университетты Евроазиаг ассоциацийы фæлгæтты скъуыддзаг чи цæуынц, уыцы фарстаты ахсджиагдзинад.
Виктор Садовничий фæстиуджытæ сарæзта 2015 азæн университетты Евроазиаг ассоциацийы куыстæн æмæ фехъусын кодта 2016 азæн снысангонд мадзæлттæ.
ХИПУ-йы ректор ма ныхас кодта УФ-йы Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Веньямин Кагановимæ, афтæ ма университетты ректортимæ дæр. Адæмты хæлардзинады уæрæсейаг университеты ректор Владимир Филиповимæ ныхасы рæстæджы Тедеты Вадим уымæн бузныг загъта, ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны ХИПУ-йы кусджытæн 2016 азы райдианы квалификаци бæрзонддæргæнæн курсытæ ауадзын бæрзонд æмвæзадыл кæй сорганизаци кодтой, уый тыххæй.
Зæрдыл лæууын кæнæм, университетты Евроазиаг ассоциацимæ ХИПУ ист кæй æрцыд 2015 азы апрелы. Университетты Евроазиаг ассоциаци æмæ Ректорты уæрæсейаг цæдисы президент у Мæскуыйы паддзахадон университеты ректор Виктор Садовничий.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.