Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Айс мын иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл дæс азы сæххæсты сæраппонд.

Ивгъуыд азты Республикæйы паддзахадон арæзтады æмæ социалон-экономикон инфраструктурæйы сæндидзын кæныны хъуыддаджы ис зынгæ æнтыстытæ, ифтонг у æдасдзинадæй, йе ‘мбæстæгты царды æмвæзад хуыздæр кæны.

Нæ паддзахадты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмцæдисон ахастытæ динамикон æгъдауæй рæзынц. Хуссар Ирыстоны алы хатт дæр ныфс хъуамæ уа Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй.

Мæ цæст уарзы æфсымæрон хуссарирыстойнаг адæмæн сабырад, фæрныгад æмæ дидинæфтыд.

Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг

Владислав Сурков

 

***

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Арфæ дын кæнын, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенон æмæ хæдбар паддзахады хуызы банымайыныл 10 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд!

Уæрæсейы стыр аргъ кæнынц, Хуссар Ирыстонимæ цы æмцæдисон æмæ партнерон ахастытæ сæвзæрд, уыдонæн. Нæ бæстæты æхсæн алыварсон æмгуыстад бындуриуæг кæны бирæазон хæлардзинады æмæ хæларсыхагон традицитыл.

Ныфс мæ ис уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æппæт комплексы æмархайды дарддæры æмгуыстадыл,  Фæскавказы регионы æдасдзинад сфидар кæныны иумæйаг интерестæ æмæ нæ бæстæты стабилон рæзт сифтонг кæныны тыххæй.

Мæ цæст дын уарзы æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ, Хуссар Ирыстоны адæмæн та – сабырад æмæ дидинæфтыд.

Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады советы секретарь

Николай Патрушев

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæн ма бæрæгбоны цытæн раарфæ кодтой: РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимба, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы Уæрæсейы Федерацийы Компартийы фракцийы къухдариуæггæнæг, УФ-йы Компартийы Централон комитеты сæрдар Геннадий Зюганов, Республикæ Кæсæг-Балхъары сæргълæууæг Рашид Темрезов, Республикæ Адыгейы сæргълæууæг Мурат Кумпилов, Хъырымы Республикæйы Паддзахадон Советы Сæрдар Владимир Константинов, Гом Æхсæнадон организаци Централон æхсæнрегионалон банкы правленийы Президент Сæрдар Руслан Арафьев, РПП «Иугонд Абхази»-йы Сæрдар Сергей Шамба, Луганскы Адæмон Республикæйы профцæдисты Федерацийы Сæрдар Олег Акимов, Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы секретары хæдивæг Рашид Нургалиев, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ, Республикæ Арменийы Уæрæсейаг Чырыстон Аргъуанты къухдариуæггæнгæг Леонид, Европарламенты экс-депутат, зынгæ италиаг æхсæнадон архайæг æмæ журналист Джульетто Кьеза.

_______________

РЕСПУБЛИКÆ АБХАЗЫ ПРЕЗИДЕНТ РАУЛЬ ХАДЖИМБАМÆ

Цытджын Рауль Джумкы фырт!

2008 азы 26 август нæ паддзахадты историйы ссис иууыл хъысмæтскъуыддзаггæнæндæр бонтæй сæ иу у. Раст уыцы бон дæс азы размæ, нæ республикæты адæмы сæрибар фæндон хынцгæйæ, Стыр Уæрæсейы къухдариуæгад райста историон уынаффæ нæ бæстæты хæдбардзинад банымайыны тыххæй.

Уыцы бон ссис абхазаг адæмы хъæбатырдзинад æмæ фидардзинады символ, кæцы зын тохы рæстæджы райста сæрибар æмæ сабыр царды цæрыны бар.

Ацы юбилей у уæлдай ахсджиаг. Уæззау уавæртæн кадимæ бафæразгæйæ, сæрибардзинад тохты бахъахъхъæнгæйæ, Республикæйы адæм сбæрæг кодтой сæ паддзахиуæгады цæрдхъомдзинад  æнæфæтасгæ фæндвидардзинад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад æвдисгæйæ.

Уæрæсейы ‘рдыгæй Абхазы историон суверенитет банымайын байгом кодта Апсныйы историйы ног фарс æмæ паддзахадон-политикон ахастытæ Уæрæсе,  Абхаз æмæ æппæт дунеон æмæхсæнады æхсæн.

Ацы нысаниуæгджын бон мæ цæст уарзы дæуæн, цытджын Рауль Джумкы фырт, æмæ Республикæ Абхазы æппæт цæрджытæн сабырад, хæрзиуæг æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.