Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Сириаг Арабаг Республикæйы Президенты сæрмагонд минæвар Рияд Хаддады йæ бинойнагимæ, кæцытæ æрцыдысты Цхинвалмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 10 азы сæххæсты цытæн бæрæгбоны хайад райсынмæ.

Фембæлды ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бинойнаг Куымæридтаты Линдæ.

Сирийы Президент Башар Асады номæй Рияд Хаддад бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн кæй сæ фæхуыдта æмæ банысан кодта бæрæгбоны ахсджиагдзинад.

«Дæ балц Сиримæ ссис нæ бæстæты æхсæн дипломатон ахастытæ райрæзын кæныны бындур. Мах план кæнæм не ‘мгуыстад хъæуæг æмвæзадмæ скæнын, цæмæй цы сразыдзинæдтыл æрфыстам нæ къухтæ, уыдон практикон æгъдауæй æххæст æрцæуой», -загъта уый.

Бибылты Анатоли дæр раарфæ кодта уазджытæн æмæ раргом кодта Сиримæ йæ балцы тыххæй йæ тæлмæнтæ.

«Хъарм тæлмæнтимæ æрымысын уæ рæсугъд бæстæмæ мæ балц, цыран алы фембæлдæн дæр уыд хæларадон уаг, баныхæстæ та уагъд æрцыдысты кæрæдзиæмбарынады бындурыл», – загъта Президент.

Уый ма загъта, Хуссар Ирыстонæн 26 август кæй у ахсджиаг бон, уымæн æмæ республикæйы адæм рацыдысты даргъ æмæ тугкалæн фæндагыл, цæмæй сæ къухты бафта  сæрибардзинад.

«Бирæ туг æрцыд калд. Æмæ Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый махæн ссис æцæг эпохалон цау.

Абон  Республикæ  Хуссар  Ирыстон рæзы, йæ хæлæрттæ фылдæр кæнынц, æмæ ахæм хæларадон бæстæтæ куыд Сириаг Арабаг Республикæ æмæ стратегион партнер –   Уæрæсейы Федерациимæ махæн ис хорз фидæн. Мæн уырны,  нæ ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты кæрæдзи æмбарынад, æфсымæрон, æууæнчы æмæ æнувыд хæларадон ахастыты бындурыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Фембæлды кæрон дыууæ фарс дæр сæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.