Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Джиоты Вероникæйæн, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисткæйы Каджын ном ын лæвæрд кæй æрцыд, уый тыххæй.

Арфæйы дзырдæуы:

«Цытджын Вероникæ Романы чызг.

Арфæ дын кæнын Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисткæйы ном дын лæвæрд кæй æрцыд, уый тыххæй.

Дæ диссаджы вокалон курдиат æнæхъæн дунейы милуангай адæймæгты зæрдæтæм хъарыд æмæ дарддæр дæр хъардзæн, цыфæнды роль дæр ма æххсæт кæнай, уый свæййы оперон аивады æцæг аргъгæнджытæн зынаргъ лæвар.

Ныфс мæ ис, дæ æнувыддзинад дын кæй æххуыс кæндзæн саразын бирæ хорз, бахъуыдыкæнинаг куыстытæ, афтæ ма дын ахъаз кæндзысты дарддæр дæ разы цы хæстæ æрвæрдтой, уыдон æнтысджынæй саразын.

Ацы нысаниуæгджын бон дын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, дæргъвæтин сфæлдыстадон цард æмæ æвидигæ энерги.

 

****

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Айс мын мæ зæрдæбын арфæтæ Сириаг Арабаг Республикæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон кæрæдзийæн хæдбардзинад кæй банымадтой, уый цытæн!

Ныфс мæ ис, Луганскы Адæмон Республикæйы æппæт цæрджытæн æфсымæрон чи у, уыцы ирон адæмæн разæй кæй ис бирæ уæлахизтæ æмæ æнтыстытæ. Æппæт уыдæттæ нæ уыдаиккой æнæ дæ разамынадон  курдиат æмæ принципиалондзинадæй.

Зонджын æмæ ахъуыдыгонд æддагон политикæ абон ахъаз кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны имидж сфидар кæнынæн, куыд тыхджын, æууæнкджын æмæ бардзырдтæ аразынмæ æвзыгъд паддзахад.

Мæ цæст уадзы дæуæн, цытджын Анатоли Ильяйы фырт, æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт æмбæстæгтæн фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ царды хорз фæндиæгтæ.

Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæджы

хæстæ æххæстгæнæг Леонид Пасечник

 

***

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Сæрыстырдзинады æмæ циндзинады æнкъарæнтимæ арфæ кæнын дæуæн æмæ дæ номæй нæ Райгуырæн зæххæн, уарзон Хуссар Ирыстонæн, æппæт æмбæстæгтæн бæстæйы сæйраг зæрдылдарæн  бон – Республикæйы хæдбардзинады боны цытæн.

Паддзахдон суверенитеты тыххæй Акт райсыны бон у Хуссар Ирыстоны алы адæймаджы æмæ æппæт адæмы царды ахсджиаг историон цау.

Уарзондзинады æнкъарæнтимæ  алкæмæн дæр мæ цæст уарзы сабырад, дидинæфтыд, фæрныгад æмæ бæркад алы хæдзары дæр. Цæттæ дæн уый тыххæй æппæт тыхтæ радтын æмæ мæнæй цы кæнгæ, уый саразын.

«Евродон»-йы генералон директор Уанеты Вадим

 

***

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын сæрды фыццаг бæрæгбон – Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн!

Сабибонтæ сты царды иууыл æнæмæтдæр æмæ хъæлдзæгдæр бонтæ. Уыцы ирд тæлмæнтæ, фембæлдтытæ æмæ цауты рæстæджы бындур æвæрæд цæуы адæймаджы удыскондæн. Мах, хистæртæ, ма хъуамæ рох кæнæм нæ сывæллæтты тыххæй бæрндзинад кæй хæссæм, сæ разы хæсджын кæй стæм. Нæ архайад æмæ нæ тыхтæ хъуамæ здæхт уой, цæмæй сывæллæтæн, сæйраджыдæр, уа хъæлдзæг сабибонтæ, цæмæй алы сывæллон дæр уа уарзондзинадæй хайджын, хъомыл кæна æнæнизæй æмæ хъæлдзæгæй, уа йын хорз ахуырад райсыны, йе ‘взыгъддзинад размæ кæныны фадат. Æмæ цæмæй ацы уавæрттæ æххæст цæуой, уый тыххæй хъуамæ арæзт цæуой программæтæ, кæцытæ здæхт уыдзысты æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ ахуырдзинад райсынмæ сын æххуысмæ, нæ республикæйы монон æгъдауæй хъæздыг æмæ культурон, нæ фыдæлты бынтæ чи хъахъхъæна æмæ уæрæхдæр кæна, ахæм æмбæстæгты хъомыл кæнынмæ. Мах хъуамæ æппæтдæр аразæм, цæмæй нæ сывæллæттæ уой зондджын, æгъдауджын, ахуыр адæм, сæ райгуырæн зæххы æцæг патриоттæ.

Æппæт сывæллæттæн мæ цæст уарзы сабырад æмæ хорздзинад, сæ сæрдыгон улæфт хорзæй куыд арвитой æмæ ирд тæлмæнтæ куыд райсой! Циндзинад, æнæниздзинад æмæ æнтыстытæй хайджын уæт кæдæриддæр!

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.