РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик комментари сарæзта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сириаг Арабаг Республикæ кæрæдзийы кæй банымадтой æмæ се ‘хсæн дипломатон ахастытæ кæй сарæзтой, уыцы фактæн æмæ йæ рахуыдта иууыл нысаниуæгджындæр цаутæй сæ иуыл æддагполитикон аренæйы.

«Фыццаджыдæр, мæ фæнды Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн раарфæ кæнын ацы нысаниуæгджын цауы тыххæй æмæ бузныг зæгъын æфсымæрон сириаг адæмæн райсгæ уынаффæйы фæдыл, кæцыйы тыххæй, æнæдызæрдыгæй, равдисын хъуыд бæрæг æхсардзинад ныры вазыгджын геополитикон уавæрты, – банысан кодта уый. – Ацы цау у, республикæйы разамынад планбæрцонæй цы æддагон политкæ уадзы, уымæн йæ логикон фæстиуæг. Уый ирдæй æвдисы, мах раст фæндагыл лæуд кæй стæм æмæ ацы процесс фæдфæдылонæй кæй цæуы. Уымæй дарддæр ма ис разæууæлтæ, Хуссар Ирыстоны чи банымайой, уыцы бæстæты географи кæй уæрæхдæр кæндзæн.

Сириаг Арабаг Республикæимæ махæн ис стыр фадæттæ æнгом æмархайд æмæ кæрæдзиимæ ахастытæ рæзын кæнынæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.