Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй æрæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты конференцитæ уадзæн залы уагъд æрцыдис ахуыргонд, литературæиртасæг, публицист, театралон критик, ХИПУ-йы ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацырыл 85 азы, йæ æнтысгæ куыстыл  та – 60 азы   сæххæсты цытæн зонадон конференци.

Конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта ирон литературæйы историйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Куыдзеты Иринæ æмæ ныхасы бар радта университеты ректор, профессор Тедеты Вадимæн.

Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта Плиты Гацыр æмæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн, алыгъуызон ахуырадон мадзæлтты се стыр хайбавæрд æмæ æх-хуысы тыххæй. Уый фæстæ банысан кодта, зæгъгæ  æз Гацыры стырдæр æнтыстыл нымайын уый, æмæ 60 азы Ирыстоны алы æмæ алы фæлтæрты зонындзинæдтæ кæй бæрзонддæр æмæ фылдæр кæны, уый æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уыцы ахсджиаг хæс дарддæр дæр æххæст кæна æнæфæлмæцгæ æмæ  зæрдæрайгæйæ.

Бузныг ма йын зæгъын, Ирыстоны зынгæдæр адæймæгты кæй нæ рох кæны, арæх сын сæ ном æрымысыны сæраппонд зонадон конференцитæ кæй бацæттæ кæны æмæ ауадзы, уый тыххæй дæр.

– Гацыры тыххæй истытæ зæгъдзынæ, уымæй мæ кæй ничи бафарста, афтæмæй мын конференцийы раныхас кæнын кæй бахæс кодтой, уый дæр дзурæг у ууыл, æмæ æрмæст æз нæ, фæлæ ма нæ интеллигенцийы æндæр минæвæрттæ, стæй бирæ хуымæтæг адæймæгтæ дæр цæттæ кæй сты сæ баузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ зæгъынмæ, – ахæм хъуыдыимæ райдыдта йæ ныхас ирон литературæйы иторийы кафедрæйы профессор Хъазиты Мелитон. Уыимæ ма Мелитон банысан кодта, зæгъгæ, «кæддæр æз дæр уыдтæн Гацыры студент æмæ нæ хъуыды кæнын, ома, афтæ ацыд лекцийæ æмæ  студенттæн нæ бацамыдта æмæ нæ ныуагъта  цалдæр ногдзинады. Алы хатт дæр мын йæ лекцимæ хъусын хаста стыр æхцондзинад. Абон мæхæдæг ме студенттæн арæх фæзæгъын, зæгъын, кæд æмæ уæ фæнды уæ зонындзинæдтæ уой фылдæр æмæ дардыл, университеты нымад цæуат раззагдæр кафедрæйыл, уæд Гацырмæ æрмæст лæмбынæг хъусын нæ хъæуы, фæлæ уын, цы зонындзинæдтæ лæвар кæны, уыдоныл анализ æмæ хатдзæгтæ аразын».

Ирон æвзаджы кафедрæйы доцент Тыбылты Ингæ та конференцийы банысан кодта, зæгъгæ, арæх фехъусы, курдиат Хуыцауæй ратгæ кæй у. – Уыцы хъуыдыйыл бирæ-бæрцæй æз дæр дæн разы. Гацырмæ æвзонджы бонæй фæстæмæ ис курдиат æмæ йæ фæхуыздæр æмæ сырæзын кæныны тыххæй абон дæр кусы уæхскуæзæй. Абон ирон æвзаджы рæзт æмæ размæцыдыл æнæфæлмæцгæйæ чи кусы, уыдонæй иу у Гацыр. Арæх уымæн фæдомы, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон уагдæтты ма хъуамæ кусой, иронау чи нæ зоны, ахæмтæ. Ирон æвзаджы рæзты тыххæй та фæзæгъы, зæгъгæ, цæмæннæ ис гæнæн æмæ алчи дæр хæдзары йæ бинонтимæ дзура иронау. Уыимæ ма Гацыр домы, цæмæй не скъолаты иронау ахуыр кæной Ирыстоны истори æмæ географи.

Конференцийы Республикæйы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали та йæ ра-ныхасы райдианы банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны алæмæттаг æрдз æмæ алыгъуызон рæ-сугъд æгъдæуттæй размæцыд адæммæ кæсынæй чи не ‘фсæды, уыдонæй иу у Гацыр. Уый йæ ныхасæн дзырдтæ никуы фæагуры, дзуры сæ зæрдæйæ, æмæ йын сæ равæрд афтæ рæсугъд вæййы æмæ йæм адæймаг хъусынæй нал фефсæды. Йæ ныхасæй алчи дæр фæисы æхцондзинад. Уыимæ ма Натали банысан кодта, зæгъгæ, ахуырад æмæ зонады министрад Гацырмæ æххуысмæ цалдæр хатты бахатыд æмæ нын алы хатт дæр нæ хæс, кæд хуымæтæг хæстæ нæ вæййынц, уæддæр сæххæст кæны афоныл. Уый фæстæ Натали Гацырæн бакодта зæрдылдарæн лæвар.

Конференцийы уыдысты æмæ дзы раныхас кодтой ХИПУ-йы уырыссаг филологи, журналистикæ æмæ фæсарæйнаг æвзæгты факультетты декан Биазырты Аллæ, Хуссар Ирыстоны экономикæйы рæзты министр Тадтаты Дзамболат, историон зонæдты кандидат Хъуылымбегты Роберт, нывгæнæг Гæбæраты Барис, Хуссар Ирыстоны культурæйы министры хæдивæг Къадзты Филипп, артист Саппиаты Зæлинæ, университеты ирон литературæйы историйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго, профессортæ Битарты Зоя æмæ Хуыгаты Илья, Цхинвалы Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ, ахуыргонд Дзадтиаты Руслан æмæ æндæртæ.

Конференцийы Чехойты Оля æмæ Плиты Сергойы фыст æмдзæвгæтæ Гацырыл бакастысты студенттæ Тыбылты Аннæ æмæ Санахъоты Аннæ.

Конференцийы кæрон Плиты Гацыр бузныджы ныхæстæ загъта, конференцимæ чи æрбацыд æмæ йын йæ куыстæн ахæм стыр аргъ чи скодта, уыдонæн.

                                                                                      ГÆЗЗАТЫ Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.