Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:9 ды лæууыс Уæрæсейы национ интерестæ хъахъхъæныны позицийыл. Саргъгæнæн нæй, æхсæнадæмон аренæйы бæстæйы авторитет сфидар кæнынмæ цы хайбавæрд хæссыс, уымæн. Бæрзонд интеллект, дипломатон куысты хъæздыг фæлтæрддзинад, хъуыддагыл æнувыддзинад æмæ дæхицæй бирæ кæй домыс, уымæ гæсгæ дæуæн дæ къухы бафтдзæн æнтыстытæ иууыл вазыгджын здæхтыты.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Сергей Викторы фырт, фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги, позитивон зæрдæйы уаг æмæ ног æнтыстытæ дæ паддзахадон архайды Уæрæсейы хæрзиуæгæн».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.