Президент Бибылты Анатоли хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономикон рæзты министрады хыгъдон æмбырды. 2021 азы ведомстовйы архайды тыххæй хыгъд бавдыста Хицауады Сæрдары хæдивæг, Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат.

«2021 азы уынæм Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты сæйраг фæстиуджыты æвæрццаг динамикæ. Экономикон рæзт (ВВП) ис 107 проценты æмвæзадыл. Аргъон хуызы уый уыд 6601,1 миллиард сомы 2020 азы 6116,6 миллиард сомы ныхмæ», – загъта Тадтаты Дзамболат.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы рæзт бæрæг æрцыд хъæууон хæдзарады фадыджы дæр, сæйраджыдæр, фæстаг азты активонæй рæзтысты сæрмагонд æмæ зæхкусæгон-фермерон хæдзарадтæ. Тадтаты Дзамболат банысан кодта, зæгъгæ, Экономикон рæзты министрад серьезон æххуыс кæны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн. Уый ма радзырдта 2022-2025 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны соци-алон-экономикон рæзты Паддзахадон программæйы тыххæй.

«Растдæр ацы программæйыл бирæ баст у, цавæр æмвæзадыл уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзт астæуккаг æмгъуыдон перспективæйы.

Программæйы хицæн æрцыд бюджетон инвестицитæ сæххæст кæныны æртæ здæхты: экономикæйы рæзтæн хæрзиуæгон уавæртæ саразын, сæйраджыдæр, закъондæттæн базæ саразын; экономикæ-йы хицæн фадгуытæ; хъæууон хæдзарад, туризм æндидзын æмæ рæзын кæнын; инженерон, энергетикон æмæ траснпортон инфраструктурæйы объектты æндидзын кæнын æмæ реконструкцитæ.

Президент саргъ кодта Экономикон рæзты министрады куыстæн.

Паддзахады сæргълæууæг хъус æрдарын кодта, хынцын кæй хъæуы, уыцы æддагон фактортæм, кæцытæ æндавынц экономикæйыл.

СÆЙРАГ ХЪУСДАРД ЗДАХЫН ХЪÆУЫ БЫНÆТТОН ФÆРÆЗТÆМ

«Уæрæсейы Федераци йæ хайбавæрд хæссы Хуссар Ирыстоны экономикæйы рæзтмæ, зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, кæцытæ æвзары Уæрæсе. 2022-2025 азтæн цы программæ ист æрцыд, уый уæвынад кæны, хæссын æм хъæуы ивындзинæдтæ, уавæрмæ гæсгæ, моменттæ хынцгæйæ, приоритеттæ æвæргæйæ. Мах æй хорз æмбарæм, фылдæр хъусдард здахын кæй хъæуы хъæууон хæдзарадмæ, уымæн æмæ махæн ис аграрон паддзахад», – загъта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, сæвзæргæ проблемæтæм нæ кæсгæйæ, ведомствойы кусджытæ фенын кодтой хорз фæстиуджытæ.

Базары импортон продукци кæй нал ис, уымæ гæсгæ паддзахады сæргълæууæг фæндон бахаста, цæмæй кæцыдæр продукци баивыны фарстыл ахъуыды кæной.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.