Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны рауагъдонтæн скъола  каст  фæуыны боны цытæн.

Республикæйы столицæйы Театралон фæзуаты уагъд æрцыд бæрæгбонон концерт, цыран ралæууыдысты хуссарирыстойнаг эстрадæйы артисттæ.

Арфæйы ныхæстимæ рауагъдонты раз ралæууыд паддзахады Сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

«Мæ цæст уын уарзы æнтыстытæ, кæмфæнды ма уат, кæмфæнды ма ахуыр кæнат æмæ цыфæнды ма аразат. Мæ цæст уын уарзы, цæмæй Райгуырæн зæххыл мах сæрыстыр уæм уе ‘нтыстытæй. Сымах стут иууыл хуыздæр! Уæ бæллицтæ сæххæст кæнут!» – загъта Президент.

Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элисо дæр раарфæ кодта республикæйы рауагъдонтæн скъола каст фæуыны боны цытæн.

«Мæ цæст уын уарзы креативондзинад, удцырынад æмæ æнтыстытæ. Хуыцау зæгъæд, цæмæй уæ царды алчидæр йæхи ссара. Уæ разы лæууы егъау фæндаг, æмæ уæ курæг дæн, цæмæй Хуссар Ирыстон кадимæ æвдисат!» – загъта уый.

Концерт фæцис бæрæгбонон фейерверкæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.