Зынаргъ рауагъдонтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын скъола каст фæуыны боны цытæн. Сабидуг баззад скъолайы къæсæры фæстæ æмæ райдайдзæн æндæр цард. Фестут скъола, разæй уæм æнхъæлмæ кæсы æндæр цард, æрцыд ахæм рæстæг, цæмæй равзарат уæ фидæны фæндаг æмæ бирæбæрцæй уæхи тыхтыл уæ зæрдæ хъуамæ дарат. Алкæмæндæр уæ ис йæхи фæндаг. Ныр алы уынаффæтæ сымах исдзыстут уæхæдæг. Æмæ сымахыл баст у, уæ хъысмæт куыд уыдзæн. Сымахмæ æнхъæлмæ кæсы професси равзарын æмæ уæ бирæтæ ныр равзæрстой фидæны фæндаг. Нæй дызæрдыггæнæн, сымах уæ курдиæттæ кæй раргом кæндзыстут, уæ бæллицтæ кæй сæххæст уыдзысты. Сæйраг у, хъуамæ уат ныфсджын, тырнат ногдзинæдтæм, æмæ зæрдыл дарут – æнтыст уарзы ныфсджын æмæ уæндон адæймæгты!

Зынаргъ сывæллæттæ! Абоны реалондзинад йæхи ивындзинæдтæ кæй хæссы æхсæнадон царды æппæт фадгуытæм, уымæ нæ кæсгæйæ, сымахæн абон уыдзæн фæстаг дзæнгæрæг æмæ уыцы бон уыдзæн диссаг, йедзаг уыдзæн ахуыргæнджыты арфæйы ныхæстæй æмæ уæ ныййарджыты цинхæссæг мидбылхудтæй.

Мæ цæст уын уарзы, амондджын фæндæгтæ царды æмæ уадз, сæххæст уæт æппæт уæ фæндтæ æмæ бæллицтæ.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.