РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта зынгæ оперон зарæггæнæг, не ‘мбæстаг Амага Готтийæн йæ юбилейы  цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Амага Готти!

Арфæ дын кæнын юбилейы цытæн æмæ стыр аргъ кæнын дæ курдиат, уды хъæддыхдзинад æмæ фидардзинадæн. Ирд курдиат, стыр куыстхъомдзинад æмæ дæ аивадæн аргъгæнджытæн æгæрон кад кæнын дын, ахъаз кæнынц музыкалон аивадæн табугæнджыты уарзондзинад къухты æфтын кæнынæн.

Де сфæлдыстады ды баиу кодтай иууыл хуыздæр, ирон вокалон скъола зындгонд цæмæй у, уый. Бæрзонд аивадæн лæггад кæныны азты ды дæхи равдыстай куыд зарæггæнæг, классикон репертуарты партиты, романсты, ирон адæмон зарджыты хорз æххæстгæнæг. Дæ хæдбындур курдиат, диссаджы хъæлæс æмæ артистизм адæмæн балæвар кодта циндзинад æцæг аивадимæ зонгæ кæнынæй.

Ныфс мæ ис, хиуыл нæ ауæрдын сценæмæкæсджытыл æнувыддзинад уын кæй баххуыс кæндзысты дарддæр дæр бирæ хорз, зæрдылдаргæ куыстытæ саразын, афтæ ма кæй ахъаз кæндзысты дæ разылæуæг хæстæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæнын.

Ацы нысаниуæгджын боны дын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, бирæ сфæлдыстадон азты цæрæнбон æмæ æвидигæ энерги.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.