Профессионалон бæрæгбон – Экономисты бон сфидар кæныны тыххæй

1. Республикæ Хуссар Ирыстоны фидар æрцæуæд профессионалон бæрæгбон – Экономисты бон æмæ 11-æм ноябрь бæрæг æрцæуæд  бæрæгбон нысан кæныны бонæй.

2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент  БИБЫЛТЫ  Анатоли

г.Цхинвал, 2020 азы 24 март

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбонты æмæ зæрдылдарæн бонты кæлиндарь сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 2015 азы 2-æм ноябры Барамындмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

1. «Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбонты æмæ зæрдылдарæн бонты кæлиндарь сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 2015 азы 2-æм ноябры Барамындмæ хаст æрцæуæд ивындзинæдтæ, 1-аг пункты ног абзац æхсай æртыккæгæмæй баххæст кæнгæйæ, ахæм мидисимæ:

«11-æм ноябрь – Экономисты бон»;

Æхсай æртыккæгæм абзац нымад æрцæуæд æхсай цыппæрæмæй;

Абзацтæ æхсай æртыккæгæм – æвдай фыццæгæм нымад цæуæд æхсай цыппæрæм – æвдай дыккæгæм абзацтæй.

2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар  Ирыстоны Президент  БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал,

2020 азы 24 март

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.