Цытджын хæстонтæ-фидауынгæнджытæ, командиртæ, ветерантæ!

Зынаргъ æмзæххонтæ!

Арфæ уын кæнын гуырдзиаг-ирон конфликты зонæмæ сабырад бахъахъхъæныны тыххæй Æмхæццæ тыхты æркондыл 30 азы сæххæсты цытæн.

Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын уавæры нысан кæнынц ахсджиаг историон цау. Июлы ацы боны Хуссар Ирыстоны цæрджытæ кад кæнынц фидауынгæнджытæн, республикæйы сабырад бахъахъхъæныны зын службæ кадимæ чи хаста, æппæт уыдонæн. Ацы цау у хъысмæт-æвзарæн нæ хæстон-политикон ног историйы.

Фидауынгæнæн операцийы нысаниуæгæн ирон адæмы царды зын саргъгæнæн у. Тугкалд урæд æрцыд æрмæстдæр Уæрæсейы Федерацийы фидауынгæнæг тыхты фæрцы, кæцыты фæзынд хуссарирыстойнаг зæххыл уыд сабырад сфидар кæныны тыххæй.

Ирыстоны адæмæн Уæрæсейы Федерацийы фидауынгæнæг тыхтæ бармæ гæсгæ сты стабилондзинад, æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады символ.

Бузныджы ныхæстæ зæгъын мæ фæнды хæстонтæ-фидауынгæнджытæн, кæцытæ хайад райстой Хуссар Ирыстоны сабырад сфидар кæныны хъуыддаджы. Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.