Поэт Плиты Ильяйы райгуырдыл сæххæст 110 азы

Ирон литературæйæн кæд даргъ историон фæндаг нæй, уæддæр дзы цы фысджытæ архайынц, йæ рæзтмæ сæ бавæрд чи хастой æмæ хæссынц, уыдон дзæвгар сты. Алкæмæндæр сæ йе сфæлдыстадон тых, йæ курдиаты авналæнтæ æндæр æмæ æндæр æмвæзадыл сты, алкæмæн сæ йæхи фæндаг ис. Йæхи сфæлдыстадон фæндагыл цыдис поэт Плиты Илья дæр ирон литературæйы. Уымæн йæ райдиан æрхауд ивгъуыд æнусы 40-æм азтæм.

Йæ дæсныйадмæ гæсгæ Илья ахуыргæнæг уыдис. Дзауаг лæппу уæвгæйæ, скъола дæр ам фæцис каст. Стæй, йæ фыд Тбилисы трамвайон парчы кæй куыста, уымæ гæсгæ афтыд уырдæм æмæ бацыд ирон фæллойадон скъоламæ ахуыр кæнынмæ. Тбилисы ма каст фæцис педагогон техникум дæр. Куыста æндæр æмæ æндæр рæтты ахуыргæнæгæй. Сахуыр кодта уæды рæстæджы Хуссар Ирыстоны дыууæазон пединституты дæр. Æмæ та ногæй — ахуыргæнæджы куыст æндæр æмæ æндæр хъæуты скъолаты. Цыбыр рæстæджы акуыста нæ газет «Хурзæрин»-ы дæр уацхæссæгæй. Фæлæ бæстонæй мыхуыры куыстимæ йæ цард сбаста 1946 азы. Уæд кусын райдыдта Дзауы районон газет «Социалистон фосдард»-ы редакторæй. Цалдæр азы фæстæ слæууыд журнал «Фидиуæг»-ы сфæлдыстадон коллективы сæргъ æмæ дзы редакторæй бакуыста 1954 азмæ. Уæдæй йæ амæлæты бонмæ, ома, 1992 азмæ та фæкуыста чингуыты рауагъдады редакторæй.

Плиты Ильяйы фыццаг поэтикон æмбырдгонд «Сæуæхсид», зæгъгæ, мыхуыры рацыд 1941 азы. Æрыгон поэт зары Райгуырæн бæстæйыл, фæллойгæнæг адæймагыл. Уыцы темæтæ фæстæдæр æппæт йе сфæлдыстады суыдзысты сæйрагдæртæ. Ацы чиныджы фæстæ мыхуыры цæуын райдыдтой куыд йæ поэтикон, афтæ йæ прозаикон уацмыстæ дæр хицæн чингуытæй. Уыдон сты «Сæуæхсид» (1941аз), «Райгуырæн бæстæ» (1951 аз), «Æмдзæвгæтæ» (1952 аз), «Æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ» (1954 аз), «Салам сабитæн» (1954 аз), «Сырх тырыса» (1959 аз), «Ирыстоны райсом» (1961 аз), «Æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ» (1964 аз) æмæ æндæртæ — æдæппæт 17 чиныджы.

Сфæлдыстадон кусджыты ’хсæн сæ курдиаты хъомысæй, сæ сисайстæй дыууæ иугъуызон куыд нæй, афтæ хицæн фыссæ-джы уацмыстæй дæр дыууæ иугъуызон нæ уыдзæн джиппыуагъдау. Уый хауы Ильяйы сфæлдыстадмæ дæр. Цы уацмыстæ йын бантыст сфæлдисын, уыдон уыцыиу æмвæзадыл фыст не сты — ис æм хæрзтæ æмæ лæмæгъдæртæ дæр. Фæлæ поэт Мæргъиты Къоста куыд загъта, афтæмæй фыссæгæн мах хъуамæ аргъ кæнæм, хорзæй цы сфæлдыста, уымæ гæсгæ. Ильямæ та ахæм уцмыстæ дзæвгар ис.

Куыд ма загътам, афтæмæй поэты уацмысты сæйрагдæр темæтæй сæ иу йæ райгуырæн бæстæйы, йæ Ирыстоны темæ у. Уый æввахс лæууы йæ зæрдæмæ, уый йæ тынгдæр æндавы æмæ йæ æвдисы бирæ æмдзæвгæты. Йе ’мдзæвгæ «Цæргæсгъуыз Ирыстон»-ы йæ фæндиаг зæгъы ахæм хуызы:

Куы уаид зæрдæйæ зæрдæмæ
Ныккæсæн, уæд фенис бæргæ –
Цæргæсгъуыз Ирыстон, мæ бæстæ
Мæ цæстыты рухс ды кæй дæ!

Æз сисин мæ риуæй мæ зæрдæ
Уæвгæ дын куы фестид цырагъ,
Уæд дын æй æз радтин, мæ бæстæ,
Кæй мын дæ ды афтæ зынаргъ.

Ильяйæн æрмæст Ирыстон нæ лæууы æввахс йæ зæрдæмæ, æрмæст ын уый нæу зынаргъ. Уый буц æмæ сæрыстыр у йæ фыдæлтæй, сæ тох æмæ сæ хъæбатырдзинадæй, сæ царды æгъдæуттæй æмæ сыл иу æмæ дыууæ зæрдæскъæф æмдзæвгæйы нæ ныффыста. Ахæмтæ сты «Кæм агурон еныр уæ фæдтæ», «Ир», «Дуртæ», «Зонын, нæ фыдæлтæ», «Урссæр хæхтæ» æмæ бирæ æндæртæ.

Поэт удыскондæй хæларзæрдæ, æнæ-хъыгдард, уæздан æмæ хиуылхæцгæ уыд. Аргъ кæнын зыдта, кæй æхсæн цард æмæ куыста, уыдонæн, æгасæй йæ адæмæн æмæ йæ амонд дæр агуырдта уыдоны ’хсæн:

Иунæгæй мæ ацы рухс дунейыл
Нæй, мæ бон, цæлы фынг дæр нæ хъæуы,
Цин кæнын æз адæймаджы фендыл,
Амонд мæм лæджы фæрцы æрцæуы.

Йæ уды бирæ хорз миниуджытыл дзурæг у мæнæ ахæм цау дæр. Цæвиттон, арæх-иу нæм æрбацыд редакцимæ. Æрбахаста-иу йе ’мдзæвгæты мыхуыр кæнынмæ. Стæй йын, æнæуый дæр, газет зынаргъ уыд. Æрмæст уый тыххæй нæ æмæ дзы йе ’мдзæвгæты кæй мыхуыр кодта, æдзух йæ кæсæг кæй уыдис, фæлæ ма уый тыххæй дæр æмæ нæ газетæн кæй уыд йæ фыццаг уацхæсджытæй сæ иу. Уыцы хабар редакцийы кусджытæй бирæтæ нæ зыдтой, уымæн æмæ йæхи стауын нæ зыдта. Гъе æмæ нæм иу ахæмы — уый уыд йæ мæлæты размæ, æрбахаста йе ’взонгады хæлар, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг поэт Бекъойты Амыраны къам æмæ бахатыд, цæмæй конд æрцæуа, редакцийы кусджытæй ацы хæсты чи фæмард сты, уыдонæн ам цы фотостенд уыдис арæзт, уым. Уыимæ ма йæ зæрды уыд Амыраны æмдзæвгæты хицæн чиныгæй рауадзын, фæлæ йын нал бантыст.

Поэзийы жанры ма Ильяйæн бантыст цалдæр поэмæйы ныффыссын. Сæ темæты сын уый систа нæ адæмы историйы карздæр дугтæй. Цæвиттон, поэмæ «Бега» йæ номæй дæр бæрæг у, ирон легендарон хъайтар Коцты Бегайыл фыст кæй у. Йæ афыстæй, йæ поэтикон дæсныйадæй лæууы, ирон поэзийы цы хуыздæр поэмæтæ ис, уыдоны æмрæнхъ. Авторæн бантыст равдисын ирон адæмы, бæлвырддæрæй та Чеселтгомы цæрджыты хъæбатыр тох сæрибардзинады сæрыл. Ирдæй дзы разынд Бегайы фæлгондз дæр.

Йæ æндæр поэмæ «Тохты Берд»-ы та чиныгкæсæджы зонгæ кæны æмбæстагон хæсты Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цаутимæ, цахæм уавæр дзы уыд, уыимæ.

Æнæзæгъгæ нæй, фыссæг цы прозаикон уацмыстæ ныффыста, уыдоны тыххæй дæр. Йæ фыццаг радзырдтæ мыхуыры рацыдысты 1954 азы чиныг «Æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ»-йы. Фæстæдæр чиныгкæсджыты размæ рахаста йæ уацаутæ «Сырх тырыса» æмæ «Балцы зарæг». Фыццаг уацауы Плийы фырт ногæй æрызæхт æмбæстагон хæсты темæмæ, дыккаджы та æвдыст цæуы Октябры революцийы агъоммæ къласон тох Хуссар Ирыстоны.

Зындгонд у, литературæ кармæ гæсгæ дихтæ нæ цæуы, фæлæ дзы уæддæр сывæллæтты литературæ хицæнæй ирдæй зыны. Бирæ фысджытæ се сфæлдыстады зынгæ хай снывонд кодтой нæ чысыл хуртæн. Уыдонæн сæ иувæрсты нæ ахызт Плиты Илья дæр æмæ сын схæлар кодта бирæ хæрзгъæд уацмыстæ. Уыдонæй бирæтæ хаст æрцыдысты ахуыргæнæн чингуытæм æмæ сыл ахуыр кæнынц нæ ахуырдзау суинаг фæлтæр. Æвæццæгæн нæ фæрæдийдзынæн, цы æмдзæвгæ мæ фæнды ам æрхæссын, уый абон дæр нæ хистæр фæлтæр кæй хъуыды кæндзысты. Уыцы æмдзæвгæ у «Тæргайгæнаг»:

Гаги хæрын фæуагъта,
Йæ мады цур лæууы,
Йæ сæр ныллæг æруагъта,
Йæ миднымæр кæуы

— Ды та Темырæн касæй
Ысцъупп кодтай йæ къус,
Мæнæн та у æгасæй
Мæ хæринаг хæрзцъус.

Уæд уалынмæ кæцæйдæр
Ыстонг гæды фæзынд,
Йæ къусмæ йын фæцæрдæг,
Йæ зыд цъæм-цъæм ссыд

Хæрзадджынæн куы хæры
Тæргайгæнæджы хай
Æмæ йæ былтæ стъæры —
Ды та уал кæн тæргай.

Афтæ æмæ ирон поэзийы зиууон фæндаг ссардта нæ чысыл чиныгкæсджыты зæрдæ-тæм дæр.

Плиты Илья амард 1992 азы. Нæ горæты цы хæдзары цард, уый къулыл æрæджы конд æрцыд мемориалон фæйнæг.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.