Прокуратурæйы органты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын  кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Барадон паддзахады прокуратурæйæн ис ахсджиаг нысаниуæг барвæтк сифтонг кæнын æмæ æмбæстæгты конституцион бартæ хъахъхъæныны хъуыддаджы.

Сымах хъахъхъæнут закъон, æхсæнадон институттæ æмæ паддзахадон структурæтæ. Уе ‘нтыстыты ахсджиаг хай у хъæддыхдзинад, профессионализм æмæ намыс. Уыцы миниуджыты фæрцы сымах эффективонæй скъуыддзаг кæнут уæ разылæууæг хæстæ æмæ закъон хъахъхъæнут.

Ныфс мæ ис, сымахмæ цы профессионалон миниуджытæ ис, уыдон алы хатт дæр здæхт кæй уыдзысты Фыдыбæстæйæн лæггад кæнынмæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны дарддæры рæзт æмæ паддзахаддзинад сфидар кæныны сæраппонд.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын прокуратурæйы органты ветерантæн равзаргæ хъуыддагмæ сæ æнувыддзинад æмæ специалистты æвзонг фæлтæр цæттæ кæныны хъуыддаджы хайадисты тыххæй.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, æнтыстытæ,  уæ бинонтæ æмæ хиуæттæн та – сабырад, хорздзинад æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ АНАТОЛИ

 

***

Хицауады Сæрдары арфæ

Прокуратурæйы зынаргъ ветерантæ, цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын Прокуратурæйы кусæджы боны цытæн!

Уæ профессионализм, закъондзинад æххæст кæныны фæдыл цæстдарды организацион æмвæзад бирæ бæрцæй баст у æхсæнады фæрныгад, барадон культурæйы арæзт æмæ иумæйагæй паддзахадон политикæйы эффективондзинадыл.

Рæстæг нын нæ разы æвæры ног хæстæ, кæцы фыццаг планмæ кæны республикæйы æмбæстæгты национ интерестæ хъахъхъæнын, æнæниздзинад хъахъхъæнын, ахуырад, культурæйы рæзт, рагон традицтæ хъахъхъæнын. Æмæ ам, ахсджиаг у цæстдарды ведомствойы кусджыты фидар позици, Хуссар Ирыстоны цæрджыты конституцион бартæ æмæ сæрибардзинад бахъахъхъæныны фæрæз.

Прокуратурæйы кусджытæ алыхатт дæр хицæн кодтой бæрзонд профессионализм, бæрндзинад, службæйон хæсмæ æнувыддзинад æмæ намысæй.

Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын æрмæст архайгæ кусджытæн нæ, фæлæ æппæт ветерантæн, кæцытæ сæ хайбавæрд бахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзтмæ, сæ фæлтæрддзинад радтой прокуратурæйы кусджыты æвзонг фæлтæрæн.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ уæ профессионалон архайды Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар БЕКЪОЙТЫ Геннади

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.