РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли цæрджытæ химæрайсыны графикмæ бахаста ивындзинад. Президентмæ куырдиат ныффысгæйæ, кæд æрмæстдæр бахауæн уыд мæйы фæуды уæд нырæй фæстæмæ паддзахады сæргълæууæг йæхимæ исдзæн цæрджыты æрвылбон дæр.

Æцæг алчидæр хъуамæ æмбара, цæрджыты куырдиæттæм æркæсынæй дарддæр паддзахады сæргълæууæгмæ ноджы æндæр стырдæр æмæ вазыгджындæр хъуыддæгтæ кæй æнхъæлмæ кæсы. Ахæм рæстæджыты Президент химæрайст æргъæвдзæн æндæр бонмæ. Цæрджытæн та уый тыххæй хъусын кæндзысты, президенты æхсæнадон химæисæнæй.

22-æм октябры Президент йæхимæ райста цалдæр æмбæстаджы. Хайад дзы иста горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитр дæр.

Цхинвалы цæрæг Санахъоты Витали фехъусын кодта Президентæн, 2008 азы, хæсты рæстæджы йæ цæрæн хæдзар æмткæй кæй ныппырх. Экспертты хатдзæгмæ гæсгæ хæдзарæн ныппырх йæ 96 проценты. Уæдæй нырмæ, Санахъоты Витали йе ‘мкъаимæ цæры йæ хæстæджыты хæдзары.

Бибылты Анатоли хæс радта æмбæлон ведомствотæн, цæмæй Санахъоты Виталийæн ссарой фатер.

Президентмæ куырдиатимæ æрбацыд Æрсойты Раисæ дæр,   2008 азы августы хæсты амард йæ цардæмбал, сæ хæдзар дæр бахъыгдард.

Президент лæмбынæг байхъусыны фæстæ загъта: «Хисæрмагонд исад чи фесæфта, уыдонæн Æндидзынгæнæн куыстытæ райдайдзысты æрбалæугæ азы райдиан. Сымахæн дæр баххуыс кæндзыстæм. 2019 азы уын бавналдзыстæм уæ хæдзар аразынмæ æмæ йæ фæуыдзыстæм дыууææртæ мæйы æмгъуыдмæ. Хæстæй ныр кæд 10 азы рацыд, уæддæр нырма, хъыгагæн, бирæ ис аразинæгтæ. Мæнмæ цы куырдиæттæ ис, сæрмагондæй цæрæнуат сæндидзын кæныны тыххæй, уыдон нымæц ахызт 300-йæ. Ацы аз уал фæтых æстæм 50 ахæм куырдиатыл.

Уыцы бон ма Бибылты Анатоли байхъуыста Гæбæраты Венерæ æмæ йæ чызг Фатимамæ дæр. Уыдонæн дæр сæ сæйраг æмæ риссаг дзуринаг уыд цæрæнуат. Куыд загътой, афтæмæй бинонтæ 7-æй цæрынц æрдæгпырх хæдзары. 2008 азы августы цауты фæстиуæгæн бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцыд хæдзар.

Президент сын ныфс бавæрдта æххуысæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.