Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади бабæрæг кодта завод «Едыс»-мæ бацæуæн фæндæгты арæзтад, кæцы 2019 азы мартæй уадзын райдыдта суадоны дон.

Ручъы комы цы дыууæ хиды ис, уыдон хæрзарæзт цæуынц Хуссар Ирыстоны территорийыл инвестицион проекттæ реализаци кæнынæн паддзахадон æххуыссæн рахицæнгонд фæрæзтæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæйы фæлгæтты. Ныртæк-кæ ныхас цæуы минералон дон уадзыны завод «Едыс»-мæ фæндагон инфраструктурæйы тыххæй, кæцы сарæзта арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Натурплант»-ы компани.

Арæзт цæуынц хидтæ

«Ручъы цæугæдоныл дыууæ хиды арæзтад сты фæуынхъус. Зæронд хидты проблемæ фыццаг аз нæ фæзынд. Абон уый скъуыддзаг цæуы, кæцы фæахъаз уыдзæн  заводы логистон фадæттæн, хъæуы цæрджыты уавæртæ, æмæ кæй згъын æй хъæуы, республикæйы рæсугъддæр къуымтæй сæ иуы туристон хъомысад фæхуыздæр кæнынæн. Уы-мæй уæдай ма, Президенты бахæсмæ гæсгæ уынаффæ цæуы Згъуыбир æмæ Едысы хъæутæм æввахс æртыккаг хид саразыны фадæттыл, фæлæ бынæттон бюджетæй», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Подрядон организацийы минæвар Къæбулты Валери куыд банысан кодта, афтæмæй хидты иумæйаг дæргъ у 54 метры. Объект лæвæрд æрцæудзæн 2020 азы октябры.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.