Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хатырон кредиттæй ахъаз кæныны фонды æвджидарты советæн уагъд æрцыд рабадт,  советы сæрдар Бекъойты Геннадийы къухдариуæгадæй.

Советы æруынаффæ кодтой æмæ хорзыл банымадтой арæзтадон хуызы дыууæ проект. Уый тыххæй нын лæмбынæгдæр радзырдта фонды æххæстгæнæг директор Бибылты Ноннæ.

«Ацы азы 18 августæй 31 августмæ фонд расидт ногæй хатырон кредиттæ радтыны тыххæй конкурс, сæрибар кредитон æхцайы фæрæзтæ кæй фæзынд, уый фæлгæтты. Уыдон сты ахæм æхцайы фæрæзтæ, кæцытæ фæстæмæ æрбаздæхтысты, æфстауисджытæ документтæ рæстæгыл кæй нæ сарæзтой, уый аххосæй. Конкурс ауадзыны хатдзæгтæм гæсгæ фонды æвджидарты совет хорзыл банымадта дыууæ проекты сæудæджерадон арæзтады фадыджы. Уыдонæй сæ иу æрвыст æрцыд агуыридур арæзтады фæдыл арæзтадон комплекс рауæрæхдæр кæнынæн, иннæ та – гæххæттæй арæзт къухсæрфæнты цехы арæзтадмæ. Иумæйагæй ацы проекты фæлгæтты фæзындзæн 24 уæлæмхасæн кусæгон бынаты», – фехъусын кодта Бибылты Нон-нæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ 2020 азы хатырон кредиттæн паддзахадон бюджеты æвæрд æрцыд 27 милуан сомы, кредиттæ райстой 48 бизнес-проекты.

Фонд йæ архайд æххæст кæны «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хатырон кредиттæ радтыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны бындурыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.