Абон 75 азы сæххæст зынгæ ирон ахуыргонд, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн инситуты директор Гаглойты Робертыл. Йæ гуырæн боны хæдразмæ нæ уацхæссæг фембæлд йемæ. Се ‘хсæн ныхас рауад, йæ зонадон куыстытыл нæ, фæлæ ма ирон адæмы цардмæ хауæг æндæр ахсджиаг фарстытыл дæр.

– Роберт Хазбийы фырт, абон у дæ гуырæн бон. Сæххæст дыл 75 азы. Арфæ дын кæнын нæ коллективы номæй æмæ мæ фæнды, цæмæй нæ газеткæсджыты базонгæ кæнай, де ‘взонджы бонты цаутæй арæхдæр дæ зæрдыл цы æрбалæууы, уыдонимæ?

– Стыр бузныг уын, кæй мæ æрхъуыды кодтат, уый тыххæй. Ахæм цаутæ, куыд алы адæймагæн, афтæ мæнæн дæр сты дзæвгар, фæлæ дзы мæ зæрдыл арæхдæр чи æрлæууы, ракæндзынæн уый кой. 1960 азы Хуссар Ирыстоны скъолатæй обкомы фæскомцæдисы комитетмæ фæхуыдтой  хуыздæр ахуыргæнинæгтæй цалдæры. Се ‘хсæн уыдтæн æз дæр. Немæ ныхас кодта уæды областы фæскомцæдисы комитеты фыццаг секретарь Санахъоты Феликс. Уый нын фехъусын кодта, зæгъгæ, цалдæр бонмæ хъуамæ уæхи бацæттæ кæнат æмæ хайад райсат Гуырдзыстоны скъоладзау фæсивæды ‘хсæн республикон спартакиадæйы. Не ‘ппæтæн дæр уый уыд æхсызгон, цæттæ нæ кодтой фæскомцæдисы обкомы инструктортæ цалдæрæй. Спартакиадæйы нæ командæ архайдта дзæбæх, алы фадыджы дæр не ‘нтыстытæ уыдысты хорз, фæлæ нын лæвæрд æрцыдис, æрмæстдæр, æртыккаг бынат. Уый фæстæ ма нæ командæ хайад иста Киевы  æппæтцæдисон ерысты. Уым дæр нын уыд хорз æнтыстытæ.

Ахуырмæ адæймаджы æвзыгъддзинæдтæ  хуыздæр фæбæрæг вæййынц, фыццаджыдæр, скъолайы, уый фæстæ та – уæлдæр ахуыргæнæндоны. Уыцы рæстæджыты тыххæй та цы зæгъдзынæ ?

– Уæд дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд цухдзинæдтæ, фæлæ алчи дæр архайдта æмæ хъуыды кодта æнтыстытыл. Мæ æвзыгъддзинæдтæ фæбæрæг сты Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъолайы, ноджы ирддæрæй та – Цхинвалы педагогон институты ахуыр кæнгæйæ. Афтæ нæ зæгъдзынæн, æмæ æрмæст ахуырмæ, чингуытæ кæсынмæ уыдтæн рæвдз, фæлæ ма активон уыдтæн бирæ æндæр хъуыддæгты дæр. Уарзтон спорт, музыкæ. Æмæ æрмæст уарзгæ нæ, фæлæ хайад истон областы æмæ скъолаты ‘хсæн алыгъуызон ерысты, олимпиадæтæ, конкурстæ æмæ æндæр ахæмты. Райстон музыкалон ахуырдзинад, ис мын спортивон разряд. Бузныг дæн уæды скъолайы директор Остъаты Никъалайæ, ахуыргæнджытæ Коцты Людмилæ, Гаглойты Надеждæ, Джиоты Дзерассæ, Сиукъаты Отар, Тедеты Садул æмæ æндæртæй.

– Зæгъ-ма, кæд дæм фæзынд ахуыргонд суæвыны бæллиц, цы дæ баразæн-гард кодта царды ахæм фæндаг равзарынмæ?

– Фондз азы мыл куы цыд, уæд мæ мæ фыды фыд Дауыт нывисынмæ акодта Саулохты Хъырыммæ. Мæ фыды фыдимæ уыдысты хæлæрттæ æмæ сын бацайдагъ зæрдиаг ныхас.  Сфæнд кодтой, цæмæй мын сбæрæг кæной ме ‘взыгъддзинæдтæ. Мæ разы мын стъолыл æрæвæрдтой къамисæн аппарат, чиныг, уыд ма дзы æндæр предметтæ дæр æмæ мын загътой, зæгъгæ, сис дзы, кæцы дæ хъæуы, уый.

———————————————————

Гаглойты Хазбийы фырт Роберт райгуырдис 3-æм августы 1946 азы горæт Сталиниры. 1964 азы каст фæцис горæт Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъола, 1969 азы та – Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт. Институты фæстæ куыста горæт Цхинвалы фæскомцæдисы  комитеты.

 1974 азы каст фæцис  истори, археологи æмæ этнографийы фæдыл Гуырдзыстоны ССР зонæдты академийы аспирантурæ. Уыцы аз кусын райдыдта Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты кæстæр зонадон кусæгæй. 1977 азы ныффыста æмæ бахъахъхъæдта йæ зонадон диссертаци. 1997-1998 азты та куыста ахуырад æмæ зонады министрæй. Уый фæстæ ма куыста бирæ бæрнон бынæтты. 2002 азæй фæстæмæ та æххæст кæны Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн инситуты директоры хæстæ. 2004 азæй 2009 азмæ уыд Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат.

Гаглойты Р.Х. 2005 азы лæвæрд æрцыдис «Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæджы ном». 2014 азы та ссис Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат. Ис ын Советон Цæдисы, Уæрæсейы, Цæгат Ирыстон-Аланийы, Приднестроваг Малдоваг республикæйы, Хуссар Ирыстоны, Абхазы, Гуырдзыстон æмæ æндæр бæстæты хорзæхтæ.

————————————————-

 

Нæ зонын, цæмæн, фæлæ мæхи ныццавтон чингуытыл. Сæ дыууæ дæр бацин кодтой æмæ сæ ныхæстæ абон дæр зæлынц  мæ хъусты, зæгъгæ, ахуыргонд суыдзæнис. Археологи кæй равзæрстон, уый та, сæйраджыдæр, у зындгонд ахуыргонд Тъехты Баграты фæрцы. Институты ахуыр кæнгæйæ мын археологийы ахуырад афтæ бауарзын кодта, æмæ йæ абон дæр æххæст кæнын стыр тырнындзинæдтимæ. Ныффыстон 85 зонадон куысты, уыдонæй дыууæ сты монографитæ.

– Ахуыргонд суæвыны уæлдай ма дæм искуы æндæр фæндтæ дæр фæзынд?

– Ахæм фæндтæ дæр мæм уыдис. Иу рæстæджы мæ фыд куыста Цхинвалы районы тæрхонгæнæгæй. Куыста ма прокуратурæйы системæйы дæр. Хæдзары, бинонты ‘хсæн куысты тыххæй ныхас куыднæ ‘рхауы… Æз иу æм хъусынтыл фæдæн, йæ куыст, йæ позици цыдысты мæ зæрдæмæ æмæ æз дæр бауарзтон уыцы професси. Скъолайы фæстæ хъуамæ фæлварæнтæ радтаин Харьковы юридикон институтмæ, фæлæ мæ мæ фыд нæ ауагъта. Хæдзар, бинонтæ æмæ, дам, хæстæджытæй æгæр дард уыдзынæ.

– Дæ куысты иууыл стырдæр æнтыстыл цы нымайыс ?

– Сæйраджы уый, æмæ абон нæ зонадон институт йæ хæстæ кæй æххæст кæны. Бузныг йæ кусджытæн, се ‘ппæт дæр архайынц, цæмæй цы зонадон куыстытæ кæнынц, уыдон ахъаз уой Ирыстон æмæ ирон адæмы размæцыдæн. Мæхи тыххæй та уый зæгъдзынæн, æмæ адæймаг йе ‘нтыстыты тыххæй йæхæдæг ма хъуамæ дзура, фæлæ – адæм, аргъ дæр адæм хъуамæ кæной.

– Дæ хъуыдымæ гæсгæ Ирыстоны зо-над абон цахæм æмвæзадыл ис?

– Нæ адæмæй зонады къæбицмæ йæ къах чи бавæры, уыдонæй иуæй дæр нæ зæгъдзынæн, æмæ æрбацыд æнæхъуаджы æмæ æнæнхъæлæджы. Алчи дæр сæ равдисы йе ‘взыгъддзинæдтæ. Нæ ахуыргæндтæ уæлдай тынгдæр разындысты æстайæм азты. Уæд зонады къабазы чи архайдта, стыр ном чи ныууагъта, уыдон ‘хсæн уыдысты Уанеты Захар, Гæбæраты Сослан, Гæбæраты Никъала, Джусойты Нафи, ТЪехты Баграт, Санахъоты Мурат, Гаглойты Зинæ, Цхуырбаты Замирæ, Биазырты Александр æмæ æндæртæ. Сæ куыстытæ сын æрмæст Советон Цæдисы зонадон институттæ æмæ ахуыргæндтæ нæ зыдтой, фæлæ ма сын стыр аргъ кодтой Стыр Британийы, Швецийы, Францы, Норвегийы, Туркы æмæ æндæр бæстæты зонадон институттæ æмæ ахуыргæндтæ.

Зонадæн раздæр æмæ абон дæр стыр нысаниуæг кæй ис, уый ма бафидар кæн-дзынæн зынгæ уырыссаг ахуыргонд Д.И.Писаревы ныхæстæй. Уый загъта, зæгъгæ, «дзыллæты ‘хсæн ис æрмæстдæр иу æвирхъауницызонындзинад, ницыфенындзинад. Ацы æвирхъауы ныхмæ ис æрмæстдæр иу хос – «зонад».

– Дæ хъуыдымæ гæсгæ, æввахс азты Ирыстон æмæ ирон адæмæ цахæм æхсызгон цаутæ æнхъæлмæ кæсы?

– Æрмæстдæр æнтыстытæм ис æнхъæлмæ кæсæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æз цы тырнындзинæдтæ æмæ бæллицыты кой скæнон, уыдон ахсджиагыл нымайы абон Ирыстоны алы цæрæг дæр. Нæ адæм абон, сæйраджыдæр, æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй бацæуæм Уæрæсейы скондмæ, суæм йæ цæгтæй сæ иу. Ацы фарст кæд аскъуыддзаг уыдзæнис, уый æнцон зæгъæн нæу, фæлæ æнæмæнгæй кæй аскъуыддзаг уыдзæнис, ууыл нæ хъæуы дызæрдыг кæнын. Уымæн æмæ уый у нæ фыдæлты, нæ адæмы бæллиц. Абоны фæлтæр та стыр кад кæнынц сæ фыдæлтæн æмæ æппынæдзух архайдзысты, цæмæй сын æххæст кæной сæ бæллицтæ. Æмæ кæд афтæ у, уæд ацы стыр бæллиц дæр æрцæудзæнис æххæст.

Мæ иннæ стыр бæллиц та уый у, цæмæй Даргъ-Къохæй Цхинвалмæ арæзт æрцæуа æфсæнвæндаг, кæцыйæн йæ дæргъ уыдзæн 162 километры. Ацы фарст дæр нæу æнцон аскъуыддзагкæнинаг, фæлæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый дæр скъуыддзаг æрцæудзæнис. Махæй бирæты нæ уырныдта, ноджы зындæр фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæнис, уый, фæлæ Хуссар Ирыстон ссис хæдбар паддзахад æмæ ныр нæ цард кæнæм нæхи фæндиаг, бонæй бонмæ нын ис æнтыстытæ  æмæ нæ цард цæуы размæ.

Мæ æртыккаг бæллиц та у, цæмæй Советон Цæдисы рæстæджы нæ быдыртæ куыд куыст цыдысты, цæуой афтæ куыст, нæ сæрвæттæ та, уæдау, фосæй уой семыдзаг.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.