Зæрæмæджы контролон уадзæн пунктыл та нал уадзынц, Хуссар Ирыстонмæ хæлцадон продукттæ чи ласы, ахæм транспорт.

Ацы проблемæйыл фыццаг хатт не ‘мбæлынц нæ амалиуæггæнджытæ. УФ-йы Федералон таможнæйон службæтæ сæвзæргæ уавæр бæттынц таможнæйон уагæвæрдыл, ома, дам, æххæст цæуы таможнæйон экспортон процедурæ. Ласгæ уæзтæн хъæуы бавдисын экспортон деклараци, кæд сæм ахæм документ нæ разыны, уæд контролон уадзæн пункты службæгæнджытæ нал рауадзынц арæны сæртыл уæзласæн транспорты.

Цæгат Ирæй Хуссар Ирмæ цæуæг уæзласæн машинæты нымæц, амалиуæггæнджыты ныхæстæм гæсгæ, схызт дыууынмæ.

11-æм февралы РХИ-йы хæлцадон продукттæ чи ифтонг кæна, уыцы амалиуæггæнджыты къорд, бацыдысты Хицауадмæ хъаст кæнынмæ.

Уым сыл фембæлдысты Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Бекъойты Геннади, Таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат, Арæзтад, сæудæджерад, транспорт æмæ æрдзон ресурсты Парламенты комитеты сæрдар Æлборты Алан, РХИ-йы мидæггагон политикæйы комитеты сæргълæууæг Джуссойты Алан, депутаттæ Санахъоты Давид æмæ Тъехты Алан.

Амалиуæггæнджытæ лæмбынæг радзырдтой, цы зындзинæдтыл æмбæлынц Зæрæмæджы контролон уадзæн пунктыл цæугæйæ, уыдоны тыххæй. «Ацы проблемæйыл, уæзтæ ласыны рæстæджы не ‘мбæстæгтæ æмбæлынц систематикон æгъдауæй. Ног азы хæдразмæ дæр Хуссар Ирмæ цæуæг уæзласæн машинæтæ, кæцыты мидæг уыд хæлцадон продукттæ, æртæ суткæ лæууыдысты таможнæйы. Магазинтæ ифтонг нал цыдысты продукттæй. Машинæты цы халсæрттæ, дыргътæ æмæ урсаджы продукттæ уыд, уыдон та басыдысты. Махæй фæдомынц алыгъуызон гæххæттытæ, декларацитæ. Транспортон контролыл æнцойгæнгæйæ нæ батæрынц уæзон-контролон барæнмæ, кæннод нын  нæ товар не сфидар кæнынц. Барæн компьютер бæрæг кæны уæзласæн машинæйы уæзы бæрц. Уыцы закондæдтынад, дам, таможнæйæн фидар æрцыд ЕАЭС- нормæтæм гæсгæ», – дзырдта амалиуæггæнджытæй сæ иу Гобозты Алан.

Иннæ амалиуæггæнæг та афтæ радзырдта: «Æрмæстдæр ахæм шофырæн дæттынц бар йæ уæзтæ регистрацийæн, кæцы хыгъды лæууы УФ-йы амалиуæггæнджытæм. Æмæ уый куыд нысан кæны, ома, мах фиддонтæ Цæгаты æмæ Хуссары дæр хъуамæ фидæм. Декларацийы аргъ кæцæй рацæугæ у, уый дæр не ‘мбарæм. Ивгъуыд аз декларацийы аргъ уыд 5 300 сомы. Ныр уый схызт 8200 соммæ. Цы товар ласын, уый аргъ æрмæстдæр 28 мин сомы куы уа, уæд æз куыд хъуамæ бафидон 8200 сомы, Раздæр деклараци кæд фидар кодтам нæхи пайдайæн, уæд ныр та бæрæг нæу, кæй пайдайæн цæуы арæзт. Махæн нæ бон нæу хæлцадон продуктты аргъ фæфылдæр кæнын. Сымах нын, Хицауады уæнгтæ, куыннæ баххуыс кæнат ацы фарст аскъуыддзаг кæнынæн, уæд мах æвæндонæй сæхгæндзыстæм нæ хæлцадон продуктты магазинтæ».

Æндæр машинæйы хицау та афтæ радзырдта: «Къуырисæры, изæры фондз сахатæй фæстæмæ мæ машинæ уым ис, мæ микроавтобусы ласын дарæс. Цавæрдæр документтæ мæ домынц. Мах ласæм, базары цы товар æлхæд цæуы, æмæ уыдонæн та гæххæттытæ нæй. Дыууæ лæппу мидæмæ бацыдысты, ома, семæ бадзурæм, фæлæ сæм хъусгæ дæр ничи бакодта».

РХИ-йы Таможнæйон управленийы сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат загъта, зæгъгæ, ацы проблемæимæ зонгæ у. Æцæгæйдæр, ласгæ уæзæн хъæуы бадæттын экспортон деклараци, кæд ахæм документтæ нæ разына, уæд ЕАЭ барамындмæ гæсгæ сæ бон у, уæз рауадзой арæныл. Фæлæ-иу мах, не ‘мбæстæгты уавæр хынцгæйæ, бадзырдтам Цæгат Кавказы таможнæйы къухдариуæггæнджытимæ, цæмæй уыцы хъуыддаджы хатыртæ уа Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн. УФ-йы Хицауады кадрон ивындзинæдтæ куы æрцыд, уæд фæивтой Цæгат Кавказы таможнæйы сæргълæуджыты дæр. Уымæ гæсгæ фæкарз арæны сæрыл хизыны фæткойтæ.

Фембæлды фæстæ æрæмбырдуæвджытæ бадзырдтой, зæгъгæ радон хатт фембæлдзысты цыппæрæмы Парламенты профилон комитеты. Уæдмæ та Таможнæйон комитет хъуамæ бацæттæ кæна æмбæлон гæххæттытæ Цæгат Кавказы таможнæйы номыл.

***

13-æм февралы та амалиуæггæнджытæ фембæлдысты Парламенты спикер Тадтаты Аланимæ. Сæ домæн уыд иу – цæмæй сын баххуыс кæной, Зæрæмæджы таможнæйы сын цы базайрæгтæ ис, уыдон раласынимæ цы проблемæ сæвзæрд, уый аскъуыддзаг кæнынæн.

«Нæ машинæтæ уым лæууыдысты æнæхъæн къуырийы бæрц. Ныртæккæ дзы кæцыдæрты рауагътой. Нæ базайрæгтæ нын ракалын кодтой рог машинæтæм, таксийæн æмæ кусæгæн дæр бафыстам æхца. Нæ товарæй бирæ цыдæртæ  æнæфтиаг фесты, уымæн æмæ нæ уæзласæн машинæтæ лæууыдысты уынджы 25 градус уазалмæ».

Амалиуæггæнджытæ куырдтой парламентаритæй, цæмæй ацы фарст аскъуыддзаг кæной лæмбынæг УФ-йы æмбæлон органтимæ. Уымæн æмæ фæстаг фондз азы проблемæ сæвзæры ног азы хæдразмæ. Хицауады баныхæсты фæстæ фæсабырдæр вæййы, фæлæ гæххæттæй фидар кæй не ‘рцæуы, уый тыххæй та Цæгат Ирыстоны арæны службæгæнджытæ ногæй спайда кæнынц уавæрæй, ома, дам, уæм нæй Таможнæйон Цæдисы домæнтæм гæсгæ æмбæлон документтæ.

Уæзласæн машинæты хицæуттæ куыд бамбарын кодтой Парлменты сæрдар æмæ депутаттæн, афтæмæй Таможнæйон Цæдисы домæнтæ æмæ фæтк тынг зын æххæстгæнæн сты мах амалиуæггæнджытæн, уымæн æмæ домынц бирæ хæрдзтæ. Стыр парти товартæ чи ласы, уыдонæн æмбæрстгонд у ацы фæтк. Мах та ласæм чысыл Газель машинæтыл. Стыр æргътæ куы фидæм арæныл, уæд хъуамæ бар-æнæбары дæр фæзынаргъ кæнæм, цы товартæ æрластам, уыдон æргътæ.

Парламенты спикер амалиуæг-гæнджытæн бамбарын кодта, ацы проблемæйы фæдыл РХИ-йы тамож-нæйон управленийы хистæр Цхуырбаты Мурат кæй уадзы бадзырдтæ йæ уæрæсейаг коллегæтимæ Минводты. Ацы фарсты фæдыл ма кусæгон балцы Мæскуымæ ацыд Экономикæйы министр Бекъойты Геннади. Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ кусæгон командировкæйы ис Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик дæр. Уыдон иууылдæр комплексонæй кусынц ацы фарстыл. Тадтаты Аланы ныхæстæм гæсгæ «Цалынмæ уыдон фæстæмæ æрæздæхой, уæдмæ уын мæ бон дзуапп радтын нæу. Се ‘рцыды фæстæ та æрæмбырд уæм æмæ лæмбынæг æрдзурдзыстæм фарстæн бæстон куыд ис аскъуыддзаггæнæн, цæмæй, æцæгæйдæр алы аз мауал æвзæра ацы проблемæ».

Амалиуæггæнджытæ раздæхтысты, ныфсимæ, æнхъæлмæ кæсынц, цы дзуапп сын æрхæсдзысты Уæрæсейæ, уымæ…

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.