Ныры уæззау дуджы тынг ахсджиаг у адæймагдзинад, зæрдæхæлардзинад æвдисын, кæрæдзийы рыст æнкъарын æмæ адæймагæн йæ бон цы у, уымæй тыхст уавæры бахауæгæн баххуыс кæнын. Алы фадыгæн, алы профессийæн дæр ис йæхи нысаниуæг. Уæлдайдæр та уый нæ чысыл хурты æнæниздзинадмæ куы хауа, уæд. Йе ‘нæниздзинады проблемæтæ кæмæн ис, уыцы сывæллæттимæ цы адæймаг кусы, уый хъуамæ уа зæрдæхæлар, фæлмæнзæрдæ, уарза йæ професси, зона куыд хъæуы ахæм сывæллæттимæ ныхас кæнын.

Нæ абоны царды сывæллæтты ‘хсæн дæр сарæх сты алыгъуызон низтæ. Уыдонмæ хауынц ахæм низтæ, куыд ДЦП, ЗПР æмæ аутизм дæр. Ахæм рынчынтимæ хъæуы кусын, хъæуы сæм уæлдай лæмбынæгдæр ахаст дарын. Фæлæ уыцы хъуыддагмæ алчи йæ ныфс нæ бахæссы.

Нæ уацы уын радзурдзыстæм тренер-реабилитолог Сиукъаты Джамболаты тыххæй. Уый æппæт тыхтæй архайы нæ чысыл сабиты æнæниздзинад фæхуыздæр кæныныл æрмæст реабилитацийы фæрцы нæ, фæлæ дзыхыныхасæй, хорз ахастæй дæр. Кæд чысыл рæстæг кусы, уæддæр ын сывæллæтты æмæ ныййарджыты ‘хсæн ис стыр кад æмæ йæ нымайынц уарзон адæймагыл.

Уæрæсейæ нæм ацы фадыджы иу рæстæджы æрхуыдтой дæсны  специалист Дмитри Кузнецовы, цæмæй йæ дæсныйады фæдыл бацæттæ кодтаид бынæттон специалистты. Джамболат уый тыххæй базыдта интернет хызæджы фæрцы. Сиукъайы фыртæн æнæзынд нæ уыд, ныййарджытæ-иу сæ сывæллæтты хос кæнынмæ кæй кодтой Дзæуджыхъæумæ, Уæрæсемæ. Æмæ аскъуыддзаг кодта Кузнецовмæ æртæ мæйон курсытæм бацæуын. Æдæппæтæй уыдысты аст адæймаджы, фæлæ ма дзы курсыты фæудмæ баззад æрмæстдæр йæхæдæг. Æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ дæр, æмæ уайтагъд кусын райдыдта йæ ног про-фессийы фæдыл. Абон уый у Хуссар Ирыстоны ацы фадыджы иунæг специалист. Тре-нировкæтæ уадзы спортивон комплекс «Олимп»-ы ленкгæнæн бассейны.

Джамболат райгуырд Знауыры районы Гъаристауы хъæуы. Ахуыр кодта Терегуаны астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ уæлдæр ахуырад райсынмæ бацыд ХИПУ-мæ юридикон факультетмæ. Фыццаг куыста ОМОН-ы, уый фæстæ та – Юстицийы министрады.

Цард афтæ у æмæ адæймаджы хатт бахъæуы йæ професси фæивын. Джамболат дæр кæд 5 азы фæахуыр кодта уæлдæр ахуыргæнæндоны, куыста æндæр æмæ æндæр рæтты, уæддæр йæ зæрдæ дзырдта сабитимæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый хорз æмбары сывæллæтты, сæ психологи æмæ йын æнцон у семæ иумæйаг ныхас ссарын. «Ацы професси уымæн равзæрстон æмæ, хъыгагæн, нæ чысыл Ирыстоны реабилитологтæ нæй æмæ хъæугæ та æнæмæнгæй кæнынц. Стæй мын сывæллæттимæ кусын æнцон у, зонын семæ куыд хъæуы дзурын, уый. Æз хорз æмбæрстон зын куыст кæй у, фæлæ алчидæр зындзинæдтæй куы тæрса, уæд чи баххуыс кæндзæн тыхст сабитæн», – зæгъы Джамболат.

Кæй зæгъын æй хъæуы, зын куыст у. Алы сывæллоны зæрдæмæ дæр хъæуы фæндаг ссарын. Кæд æнæниз сывæллонимæ æнцондæр кусæн у, уæд ахæм проблемæтимæ сывæллæттимæ та хъæуы æндæрхуызон ныхас кæнын, хъуамæ сæ зæрдæйæ бамбарай, хъуамæ дыл баууæндой.

Йæ куысты уый пайда кæны алыгъуызон амæлттæй, цæмæй сывæллон баууæнда тренерыл, æнцондæр ын уа бассейны йæхи сæрибардæрæй хатынæн.

«2-5 аздзыд сывæллæттæ мæм куы æрбацæуынц, уæд уыдонимæ фæкусын хъазыны хуызы, аразын сын кæнын хæслæвæрдтæ, цæмæй фæныфсджындæр уой, сæ тас фесæфа, бамбарой йæ, донæй тæрсын кæй нæ хъæуы», – зæгъы тренер-реабилитолог.

Кæд ахæм проблемон сывæллæттимæ зын кусæн у, уæддæр Джамболат никуы фæфæсмон кодта, ацы дæсныйад кæй равзæрста, ууыл. Уымæн æмæ у тынг ахсджиаг æмæ хъæуæг.

«Фæсмон никуы фæкодтон æмæ дарддæр дæр хъуамæ макуы фæкæнон, уымæн æмæ йæ зыдтон, кæдæм цыдтæн, цы куыст, цы професси æвзæрстон, уый. Иу бон дæр мæм ахæм хъуыды никуы фæзынд», – зæгъы Джамболат.

Сывæллæттæй искæмæн йе ‘нæниздзинад нывлдæр кæнын куы райдайы, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон вæййы, куыд сывæллонæн, йæ ныййарæгæн, афтæ тренер-реабилитологæн дæр.

Ныййарджытæ сты райгонд сæ сывæллæтты æнтыстытæй. Тренировкæйы рæстæджы вæййынц сæ цуры æмæ уынынц сæхи цæстæй, семæ куыд кусы, уый. Равзæлгъау ын радзурынц цы проблемæ ис сæ сывæллæттæн æмæ уымæ гæсгæ кусы семæ.

Ныййарджытæй сæ иу куыд зæгъы, афтæмæй кæд йæ сывæллон цъус рæстæг цæуы тренировкæтæм, кæд ын нырма æнтыстытæ нæй, уæддæр цæуы райзæрдæйæ, сахуыр ис доныл, тæрсгæ нал кæны.

Иннæ ныййарæг та банысан кодта, зæгъгæ, алы сывæллонмæ дæр тренерæн ис индивидуалон ахаст. «Ныййарджытимæ ныхас кæны сабыр æмæ уæзданæй, кæрæдзийы бамбарæм. Мæ сывæллæттæ райзæрдæйæ цæуынц тренировкæтæм. Уый у тынг ахсджиаг, уæмæн æмæ æнтыстытæ бирæбæрцæй  баст сты тренерыл», – зæгъы уый.

Джамболат æрмæст нæ чысыл хуритимæ нæ кусы, фæлæ ма исы хистæр кары адæй-мæгты дæр, семæ кæны реабилитацион куыст.

Сиукъайы фырты куы бафарстам зæгъгæ, дæм сомбоны дæ куысты фæдыл цы пълæнттæ ис, уæд, загъта: «Ис мæм мæ куыст фæхуыздæр кæныны фæндтæ, цæмæй мæ зонындзинæдтæ, мæ арæхстдзинад хуыздæр кæнон сабиты хæрзиуæгæн».

Нæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ æвидигæ хъарутæ. Бантысæт дын ноджы фылдæр саразын сывæллæтты хæрзæбонæн. Дæ фæндтæ, дæ пълæнттæ сæххæст уæд. Амондджынæй бирæ азты фæцæр дæ бинонтимæ æмæ дæ чи уарзы, уыдонимæ.

ЦЫБЫРТЫ Анжелæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.