Ахуыргæнæг, хъомылгæнæг… Цас фарн ис ацы дзырдты. Ахуыргæнæг сывæллæтты æрмæст ахуыр нæ кæны, фæлæ ма сæ кæны хъомыл дæр. Ахуыргæнæг у цавæрдæр æнахуыр тыхы хицау. Уымæн æмæ  йæ уæхсчытыл сæвæры уæззау æмæ уыцы иурæстæджы удæн æхцондзинад хæссæг куыст. Алы бон дæр æмбæлы алыгъуызон цинтыл, ног зындзинæдтыл, фæлæ не ‘фсæды уыцы цинтæй, нæ фæллайы уыцы зындзинæдтæй. Ахуыргæнæг йæ хъомылгæнинæгты зæрдæмæ хъуамæ ссара фæндаг, уымæн æмæ ахуыргæнинæгтæй алкæмæндæр ис йæхи миддуне, удыхъæд. Дыууæ æмхуызон нæ вæййы. Алкæмæ дæр дзы хъæуы ахæм ахаст дарын, цæмæй сæ сомбон аразой рæсугъдæй.

Хуссар Ирыстоны ахуырады системæ алыхатт дæр кадджын уыд  иттæг хорз специалисттæй, йæ дæсныйадыл æнувыд чи у, ахæм ахуыргæнджытæй. Уымæн та æвдисæн у æрвылаз дæр хуссарирыстойнаг рауагъдонтæ æнтыстджынæй фæлварæнтæ кæй раттынц куыд нæхи университетмæ, афтæ Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм дæр. Ахуыргæнæг æрмæст хорз профессионал ма хъуамæ уа, фæлæ ма – психолог дæр. Хъуамæ æмбара, æхсæнады цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдоны тыххæй.

Абон мæ фæнды куыстуарзаг сылгоймаджы кой ракæнын. Уый ныр 53 азы бæрц йæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ архайы Ирыстонæн аккаг адæймæгтæ схъомыл кæныны тыххæй.

Галуанты Земæ райгуырд Цхинвалы интеллигентон бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Ефим уыд сгуыхт ахуыргæнæг. Амыдта математикæйы предмет. Нырма куыста Дзауы районы Ерманы хъæуы астæуккаг скъолайы директорæй æмæ уый фæстæ та уыд Едысы хъæуы астæуккаг скъолайы директор. Йæ мад Джыккайты Мария та Едысы скъолайы амыдта биологи æмæ химийы предметтæ. Афтæ ма куыста цардæмбæлттæ Буштæ Ерманы цы лаборатори сарæзтой, уым дæр. Ефим æмæ Мария цардысты РХИ-йы сгуыхт артисткæ Гугкаты Евелинæйы ныййарджыты хæдзары. Дыууæ æмкъайы ацы хъæуты бакуыстой бирæ азты дæргъы. Се ‘ртæ хъæбулы – дыууæ чызджы æмæ иу лæппу дæр уым райгуырдысты.

Земæ астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Цхинвалы медицинон техникуммæ. Æнтыстджынæй йæ каст куы фæцис, уæд кусын райдыдта Цхинвалы 1-æм сабидоны медицинон хойæ. Фæлæ æвзонг чызг ууыл не ‘рлæууыд, тырныдта уæлдæр ахуырад райсынмæ æмæ  бацыд ХИПИ-йы биологи æмæ химийы факультетмæ. Институт каст фæуыны фæстæ уайтагъд кусын райдыдта Цхинвалы 10-æм астæуккаг скъолайы биологийы ахуыргæнæгæй. Уыцы иурæстæджы ма куыста Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны дæр, рæзгæ фæлтæрæн уагъта биологийы кружок. Уæдмæ Галуаны директор Джиоты Арянæйы хъæппæрисæй уæлæмхас уагдоны байгом кодтой æнæнизгæнæн гимнастикæйы къорд. Бахæс æй кодта Земæйæн æмæ йæ  уадзын райдыдта, уый размæ Цæгат Ирыстоны специалон курсытæ ацы дæсныйады фæдыл рацæугæйæ. Æмæ ныр 25 азы дæргъы рæзгæ фæлтæримæ кæны ахсджиаг æмæ хъæуæг куыст.

Советон Цæдисы рæстæгимæ абаргæйæ, ныртæккæйы знæт дуджы цард бирæ фæвазыгджындæр, уыимæ экологи дæр бирæ февзæрдæр. Раздæр-иу кæд сабитæ сæ рæстæг уынгты ралидз-балидзгæнгæйæ, хъазгæйæ æрвыстой, уæд ныр та интернеты архайынц сæ телефонтимæ цалдæргай сахаттæ иу ран бадгæйæ. Æмæ уый сабитæн се ‘нæниздзинадыл æндавы æппæрццагæй, бирæты дзы бахъæуы дохтыры æххуысы сæр.

Рæзгæ фæлтæрæн стыр ахъаз у Земæ сæ цы æнæнизгæнæн гимнастикæйæ архайын кæны, уый. Æххуыс кæны  сколиоз, тъæпæн фад (плоскостопие) æмæ æндæр проблемæтæ сраст кæнынæн, афтæ ма сын иумæйагæй хъæддых кæны сæ организм дæр. Уал азы дæргъы цал сывæллонæн баххуыс кодта йæ гуырысконд (осанка) сраст кæнынæн, сæ ныййарджытæй сын цал æмæ цал арфæйы ныхæстæ райста, уыдон зын банымайæн сты. Хи хъæбултау фæцин кæны йæ хъомылгæнинæгты æнтыстытыл. Хоны сæ «мæ чызг», «мæ лæппу».

Нæ горæты цæрæг сылгоймагæн йæ дыууæ фырты уыдысты лæмæгъ, арæх рынчынтæ кодтой, проблемæтæ сын уыд сæ рагъыстæгимæ дæр. Базыдта Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны æнæнизгæнæн гимнастикæйы къорд кæй архайы, уый æмæ сæ бакодта Галуанты чызгмæ. Цалдæр азмæ лæппутæ тынг схъæддых сты, сæ раздæры уавæримæ сын абарæн дæр нæй. Ничи дæр ахъуыды кæндзæн, се ‘нæниздзинадимæ сын проблемæтæ кæй уыд, ууыл. Цхинвалы цæрæг Гаглойты бинонтæ дæр стыр райгондæй баззадысты Земæйæ. Сæ цыппар сывæллоны дæр цыдысты йæ къордмæ æмæ абон сты бынтон æндæр адæймæгтæ. Ис ахæм сывæллæттæ дæр, уæлдайдæр та хистæркъласонтæй, кæцытæ æфсæрмы фæкæнынц галуанмæ гимнастикæйæ архайынмæ цæуын. Уæд æм ныййарджытæ  бахатынц, цæмæй йын хæдзары йæ сывæллонимæ бакуса æмæ сын уый дæр «нæ» никуы загъта. Уыимæ семæ бакусы æнæаргъæй.

«Мæ чызг Земæмæ цыд 2008 азы размæ, йæхи кæй гуыбыр кодта, уымæ гæсгæ. Иу азмæ йæ уавæр бæрæг фæхуыздæр, фæлæ уæдмæ райдыдта хæст. 2008 азы августы тугкалæн хæсты рæстæджы гуырдзиаг тыхæйисджытæ стыр зиан æрхастой Хуссар Ирыстонæн. Ныппырх Сывæллæтты сфæлдыстады галуан дæр æмæ дзы кружоктæ уадзынæн уавæртæ нал уыд. Цалынмæ йæ цалцæг кодтой, уæдмæ фесæфтам сыгъзæрин рæстæг. Бæргæ ма йæ æрвыстон Земæмæ, фæлæ мын нал сразы ис, æфсæрмы кодта. Уæд Земæмæ бахатыдтæн, цæмæй йæм хæдзармæ цæуа æмæ мын уый дæр сразы ис. Абон йæ гуырысконд фæхуыздæр, йæхи къаддæр гуыбыр кæнын райдыдта. Райгонд дæн Галуанты чызгæй», – радзырдта мын æвзонг сылгоймаг.

Галуанты Земæйы уарзынц æмæ йын кад кæнынц йæ коллегæтæ.

Джиоты Арянæ, Галуаны раздæры директор: «Земæ у алывæрсыг курдиаты хицау. Йæ хъуыддаджы æцæг специалист. Тынг хорз хæдзарон æфсин. Ирон къæбицы хæринæгтæй цы нæ зоны аразын, ахæм нæй. Уæдæ хуыйынмæ æмæ бийынмæ не рæхсы, уæдæ зæххы куыст нæ кæны. Мичурин дæр-иу æй схуыдтам бирæ хæттыты йе ‘ркæнгæ тыллæджы тыххæй. У æцæг ирон сылгоймаг, Нарты Сатанайы фæдон. Цыфæнды куыстмæ дæр рæхсы. Иннæ ахæм у иугъæдон адæймаг. Коллектив ын кад кæнынц иууылдæр».

Джыккайты Риммæ, Галуаны социалон-педагогон хайады сæргълæууæг: «Земæ у тынг хорз адæймаг. Тыхст рæстæджы кæй фæнды фарсмæ дæр æрбалæудзæн æмæ йын йе ‘ххуысы хай бакæндзæн. Кабинеты бадæм цалдæрæй æмæ Земæ уым куы нæ вæййы, уæд нын цыма цыдæр нæ фаг кæны, афтæ нæм фæкæсы. Нæ цуры куы вæййы, уæд нæ рæвдауы йæ зæрдæйы хъармæй, йæ ныфсæвæрæн ныхæстæй. Тынг хорз коллегæ нын у. Медтехникум каст кæй фæцис, уымæ гæсгæ медицинон къабазы дæр  бирæ зоны æмæ нæ куы бахъæуы, уæд нын уынаффæтæ дæр бакæны, бирæтæн массажтæ дæр саразы.  Сывæллæттæ дæр æй бирæ уарзынц. Иу сывæллон нæм цæуы цæттæгæнæн къордмæ æмæ æппынæдзух хъаст кæны, зæгъгæ, бафæлладтæн. Фæлæ Земæмæ куы бацæуы, уæд стыр æхцонæй фæархайы гимнастикæйæ, æгæрыстæмæй йæ ацæуын дæр нал фæфæнды».

Галуанты чызг 17-аздзыдæй райдыдта сывæллæттимæ кусын æмæ сæ нал фæхицæн, афтæмæй ныр 53 азы дæргъы лæггад кæны рæзгæ фæлтæрæн.

1975 азы Земæ йæ цард баиу кодта Бететы Роландимæ æмæ 2015 азы онг, цалынмæ йе ‘мкъай цæрынхъуагæй цардæй нæ ахицæн, уæдмæ амондджын æмæ æнгомæй фæцардысты. Роланд советон дуджы куыста Фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны областон комитеты. Уый фæстæ та – Адæмон контролы. Хуыцауы цæст сын бауарзта дыууæ хъæбулы – чызг æмæ лæппу. Дыууæ дæр царды аккаг бынат ссардтой. Дыууæ дæр каст фесты ХИПИ-йы физикæ-математикæйы факультет. Чызг Иринæ кусы национ бангы, лæппу Барис  цæры Дзæуджыхъæуы, уый дæр у куыстылæуд. Ис сын бинонтæ æмæ хъæбултæ. Земæйæн кæд йæ уарзон цардæмбал йæ фарсмæ нал ис, уæддæр райы, цин кæны æмæ цæры йæ хъæбулты, йæ хъæбулы хъæбулты цæрайæ.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ йæ фыд  æмæ йæ фыды цыппар æфсымæры дæр уыдысты математиктæ. Афтæ зæгъæн ис, æмæ сты математикты бинонтæ. Йæ хо Залинæ æмæ йе ‘фсымæр дæр сты математиктæ.  Залинæ кусы ЦИПУ-йы. Нырма уыд хайады хистæр, абон та студенттæн амоны матанализ. Профессор Къусраты Анатоли йын кæныкуыйы Згъæрты æмæ æмдонты (сплавов) институты. Уым бацыд аспирантурæмæ дæр, фæлæ йæ кæронмæ каст нæ фæцис. Æхсæз мæйы ма йæ хъуыд, афтæ райдыдта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд, ныууагъта йæ ахуыр, æрцыд æмæ балæууыд хæстон лæппуты фарсмæ. Хорз кæй ахуыр кодта, уый бахынцгæйæ йын йæ диплом æрæрвыстой сæхæдæг. Земæйы фыды æфсымæртæй иу – Галуанты Васили та уыд стыр ахуыргонд. Куыста  Ленинграды ядерон физикæйы институты. Уыд зынгæ ахуыргонд Иоффейы ахуыргæнинаг.

2019 азы Галуанты Земæ Ефимы чызгæн лæвæрд æр-цыд РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæджы ном йæ бирæ азты дæргъы цæсгомджын куысты тыххæй. Хорзæхджын ма у бирæ паддзахадон хорзæхтæй дæр.

Земæ, арфæ дын кæнæм дæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Дæ хъæбулты хурæй æфсæст у. Уадз, бирæ азты ма фæлæггад кæн, хи хъæбулты хуызæн дын чи свæййынц, дæ уыцы хъомылгæнинæгтæн.

            ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.