Хуссар Ирыстон радон хатт арвыста гуманитарон ӕххуыс Уӕрӕсейы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы цы ирон хӕстонтӕ архайынц, уыдонӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта парламенты депутат Мулдарты Гарри.

«Не ‘фсымæртæ бахаудтой уæззау уавæры, æмæ мах нæхицæн хæсыл банымадтам уыдонæн баххуыс кæнын. Ацы хъуыддаджы нын алкæддæр зæрдиагæй баххуыс кæнынц нæ республикæйы адæм», – радзырдта депутат. Ахӕм акцитӕ Хуссар Ирыстоны цӕуы арæх. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонӕй гуманитарон ӕххуыс ӕрвитынц ӕндӕр æмæ æндæр  баиугӕндтӕ ӕмӕ къордтӕ дӕр.

«Мах  развæлгъау фæдзырдтам æфсæддонтæм æмæ базыдтам, цы сæ хъæуы, уый», – загъта депутат  æмæ банысан кодта, иуыл фылдæр сæ кæй хъуыд нуазыны дон. «Иууыл сæйрагдæр у дон. Афтæ ма мах балхæдтам базайрæгтæ, кæцытæ нæ хæлынц, цардуагон хими æмæ æндæртæ», – зæгъы депутат.

«Мах æрæмбырд кодтам æхцайы фæрæзтæ. Уымæ сæ хайбавард бахастой æрмæст депутатон корпус нæ, фæлæ ма закондæттæг органы аппараты кусджытæ стæй горæты цæрджытæ, кæцытæ базыдтой нæ балцы тыххæй», – радзырдта Мулдарты Гарри.

Уый бузныг загъта чи уыд семæ сæ балцы, уыдонæй алкæмæндæр.

«Уым сты  нæ фæсивæды минæвæрттæ, не ‘мгæрттæ.  Мах сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алкæйы  нæ федтам, уымæн æмæ кæцыдæр къордтæ сты дæрддзæф æмæ тæссаг районты», – загъта Мулдарты Гарри.

Депутат ма банысан кодта, уавæр дзы стабилон кæй нæ уыд, æнæхъæн бон дзы кæй уыд æхстытæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æфсæддонтæ бузныг дзурынц хъусдард æмæ æххуысы тыххæй.

Депутатон къорды сконды ма уыдысты Къуезерты Арсен æмæ Остъаты Роберт.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.