Æнæниздзинад  хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад, республикæйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ, царды уæззау уавæры бахауæг адæймæгтæн бакодта мæйон адресон æххуыс.

2020 азы марты уал материалон æххуыс райстой 110 цæрæджы. Уыдон сты гуырцæй фыццаг æмæ дыккаг къорды 20 инвалиды, инвалид сывæллæттæ кæмæн ис, æртындæс ахæм бинонтæ, цыппор цыппар бирæсывæллонджын бинонтæ, хæсты фæмардуæвджыты æнахъом сывæллæттæ æмæ æвæрæз бинонтæй материалон æххуыс райстой дыууынæй, царды уæззау уавæрты бахауæг дыууæ бинонтæн – 10 мин сомæй æмæ се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ  та æххуыс æрцыд дыууæ адæймагæн 25 мин сомæй.

***

Хæрзаудæн фонд «Мах ныфс» æрæджы хи хъæппæрисмæ гæсгæ хуыйын райдыдта медицинон максæтæ, коронавирус ма апарахт уа, уый нысанæн. Фыццаг партийæ сифтонг кодтой медицинон уаг-дæтты. Ацы бонты та Ленингоры районы рынчындонмæ арвыстой медицинон маскæтæ. «Ленингоры районы ис æххуысхъуаг бинонтæ, уыдон номхыгъд райстам районы администрацийæ. Хъыгагæн, номхыгъды чи ис, уыдон сты ацæргæ адæм, кæцытæ пенситæ исынц Гуырдзыстоны. Арæн æхгæд кæй у, уымæ гæсгæ уыдонæн уырдæм фадат нæй ацæуынæн. Ныртæккæ мах уыдонæн цæттæ кæнæм хæлцадон продукттæ æмæ сын бакæндзыстæм адресон æххуыс. Мах хъавæм  ахæм æххуыс ба-кæнын Дзау, Цхинвал æмæ Знауыры районты цæрджытæн дæр. Куыддæр нæм администрациты сæргълæуджытæ радтой номхыгъдтæ, афтæ уыдонмæ дæр фæхæццæ уыдзысты сæ лæвæрттæ», – зæгъы хæрзаудæн фонд «Мах ныфс»-ы минæвар Гаглойты Таирæ.

***

Æххуысы нысанæн, иумæйаг ахуыргæнæндæтты скъолаты буфеттæ дæр уарынц, сæ къæбицты сæм цы хæлцадон продукттæ баззад, уыдон сидзæртæ æмæ бирæсывæллонджын бинонтыл.

«Скъолаты хæрæндæтты цы продуктты фæсауæрцтæ ис, уыдонæй бирæтæн нырма сæ пайда кæныны æмгъуыд нæ фæцис æмæ Ахуырады министры уынаффæмæ гæсгæ, уыдон хъуамæ уæрст æрцæуой æххуысхъуаг бинонтыл. Ахуыргæнинæгтæй бирæты ныййарджытæ сты æгуыст æмæ  сфæнд кодтам ахæмтæн сæ къух  фæрогдæр кæнын», – зæгъы Ахуырады министрады пресс-службæйы кусæг Плиты Янæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.