Паддзахады рæзт æмæ размæцыдмæ стырдæр хайбавæрд чи хæссы, уыдонæй сты нæ иумæйаг ахуырадон уагдæттæ дæр. Уыдон æрвылаз дæр  сæдæгай хъомыладон аттестаттæ кæмæн радтынц, уыцы рауагъдонтæ свæййынц куыд нæ бæстæйы, афтæ Уæрæсейы уæлдæр æмæ сæрмагонд профессионалон ахуыргæнæндæтты студенттæ дæр. Иутæ та дзы слæууынц куысты фæндагыл æмæ фæллой кæнынц сæ бæстæ æмæ адæмы хæрзиуæгæн.

Куыд бирæ æндæр скъолаты, афтæ Знауыры астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ дæр 2021-2022 ахуыры аз райдыдтой, августы мæйы кæрон куыстæн цы плæнттæ æмæ программæ сарæзтой, уыдон сфидар кæнынæй.

Скъолайы ацæугæ ахуыры аз ахуыр кодта 186 ахуыргæнинаджы. Ахуыргæнджыты коллективæн сæ къухы цахæм æнтыстытæ бафтыдис, уыдоныл ныхас кæнгæйæ скъолайы директор Хуыгаты Валентинæ банысан кодта:

– Ахуыр-хъомыладон хъуыддаджы ацæугæ ахуыры азы нæ къухы бафтыд хорз æнтыстытæ. Нæ ахуыргæнинæгтæй хорз чи ахуыр кæны, уыдон сты 65 ахуыргæнинаджы. Уыдонæй ссæдз ахуыры аз фесты иттæг хорз нысæнттыл. Уæлдай раппæлыны аккаг сты Гобозты Анюта, Сиукъаты Миленæ, Æлборты Маринæ æмæ æндæртæ. Анюта ирон æвзагæй республикон конкурс «Зонды къуыбар»-ы бацахста фыццаг бынат. Æртæ аз та фæд-фæдыл предметон олимпиадæты хорзæхджын цыд дыккаг къæпхæны дипломтæй. Скъолайы ма ис æндæр ахуыргæнинæгтæ, кæцытæ республикон олимпиадæты хорзæхджын æрцыдысты дипломтæ æмæ арфæйы гæххæттытæй.  Не ‘нтыстытæ уыдаиккой ноджы хуыздæр, фæлæ стыр зындзинæдтыл æмбæлдыстæм дистанцион ахуырты рæстæджы. Интернетæй горæты хуызæн ифтонг кæм сты нæ хъæуты цæрджытæ æмæ уый ахуыр-хъомыладон фарстытæ скъуыддзаг кæныны хъуыддагмæ хаста къорд зындзинады.

Зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ скъолайы уагъд цыдысты алыгъуызон мадзæлттæ, уыцы нымæцы: ирон æвзаг, уырыссаг æвзаг æмæ литературæ, математикæ, географи æмæ æндæртæй.

Скъолайы стыр хъусдард здæхт цæуы къласæн æддейæ куыстмæ дæр. Æмæ уымæн дæр ахуыр-хъомыладон куысты ис стыр нысаниуæг. Ахуыргæнинæгтæ арæх конд цыдысты æрдзы хъæбысмæ, зонгæ кодтой, уæдмæ кæй нæма зыдтой, ахæм ногдзинæдтимæ æмæ сын уый хорзæрдæм æрмæст сæ ахуырыл не ‘ндавы, фæлæ ма – райгуырæн къуыммæ, рæсугъд æрдзмæ сæ хорз ахастыл дæр.

Ахуыр-хъомыладон куысты стыр нысаниуæг ис, ахуырдзауты ныййарджытимæ скъолайæн цахæм бастдзинæдтæ ис, уымæн дæр. Уый хынцгæйæ, скъолайы алы къласгæсæн дæр йæ ахуыргæнинæгты ныййарджытимæ уыдис хорз бастдзинæдтæ. Арæх сæ ахуыргæнинæгты ныййарджыты зонгæ кодтой, ахуыргæнинæгтæн куыд се ‘нтыстыты фæстиуджытимæ, афтæ сæ цухдзинæдтимæ дæр. Скъола  хъомылгæнджытæн цы æмбырдтæ уагъта, уыдоны активон хайад истой се ‘ппæт дæр.

Скъола йæ фыццаг ахуыргæнинæгтæн йæ дуæрттæ куы байтыгъта, уæдæй рацыд 49 азы. Каст æй чи фæцис, уыдоны нымæц абон у аст минæй фылдæр.  Ахуыргæнджытæ арæхдæр кæй æрымысынц, буц æмæ сæрыстыр кæмæй сты, уыдоны ‘хсæн сты Гæбæраты Знауыр, Уалыты Бидзина, Гатыгкоты Гиви, Гæбæраты Эммæ, Гобозты Русудан, Зассеты Мераб æмæ бирæ æндæртæ.

Ахуыргæнджытæ æмæ скъолайы разамынд цы цухдзинæдтыл дзырдтой, уыдон сты: скъолайы нæй медицинон хо, хъуыддагдар. Ам арæх нæ вæййы, йе ‘нæниздзинады тыххæй чи фæтыхсы, ахæм ахуыргæнинæгтæ, фæлæ сæ исчи йæхи мæгуырау куы фæхаты, уæд дзы нæ вæййы, фыццаг медицинон æххуыс чи бакæна, ахæм, бахъæуы тагъд æххуысмæ фæдзурын дæр.

         ГÆЗЗАТЫ Иван                                                                                           

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.