Нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæмæ æрбацыдысты Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы 6, 8 æмæ 9-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæйы къухдариуæгадæй. Уыдонæн уагдоны кусджытæ сæ директор Тототы Ленæйы сæргълæудæй ауагътой Æхсардзинады урок. Ацы нысаниуæгджын боны сæраппонд билиотекæйы кусджытæ фæмардуæвæг хъайтартæ – Багаты Амиран, Джиоты Азæмæт, Козаты Лев, Мæлдзыгаты Сослан, Цхуырбаты Сослан, Дзахоты Валери, Санахъоты Геннади, Галуанты Олег, Джиджойты Джетæ, Плиты Тамаз, Санахъоты Алан æмæ æндæрты номыл бацæттæ кодтой нывты стенд. Тототы Ленæйы ныхæстæм гæсгæ,  зынгхуыст лæппуты нывтæ уыдон æрæмбырд кодтой цæссыгкалгæйæ. Уадз, æмæ, зæгъ, афтæмæй рæзгæ фæлтæр зонгæ кæной абон сабыр арвы бын кæй фæрцы цæрынц, уыдоны сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн скъоладзаутæн доклад бакаст ацы библиотекæйы методист Тототы Аленæ. «23 февралы мах нысан кæнæм иууыл кадджындæр æмæ æппæтадæмон æцæг бæрæгбонтæй иу – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Ацы бон мах æрымысæм РХИ-йы Гарзджын тыхты чи службæ кодта æмæ сæ радтæг Ирыстоны тыххæй сæ сæртæ нывондæн чи æрхаста, уыдоны. Æнусон цыт – Ирыстоны хъайтартæн! Бузныджы ныхæстæ фæзæгъæм абон хъахъхъæнынадон структурæты чи службæ кæны æмæ нын нæ сабырдзинад чи хъахъхъæны, уыдонæн». Афтæ ма уый радзырдта  бæрæгбоны сæвзæрды историйы тыххæй.

6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литераутрæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ иумиагæй æрдзырдта ирон лæппуты хъæбатырдзинæдты тыххæй. Фæлæ дзы уæддæр рахицæн кодта æмæ фылдæр радзырдта цалдæр зынгхуыст лæппуйы тыххæй. Санахъоты Гришик, зæгъ, гуырдзиæгтæм хæрзæв-зонгæй бахуад амынæты æмæ йын кæд алы хъизæмæрттæ кодтой, уæддæр, фæстаг сулæфты онг дæр, йæ дзыхы дзаг хъæр кодта, зæгъгæ, «Æз ирон дæн». Гришик, зæгъ, цæрæнбонтæм махæн баззад æвзонг хъайтарæй. «Ахæм фыдмитæ йын фæкодтой æмæ йæ хъизæмайраджы мардæй амардтой ирон адæмы цыфыддæр знæгтæ æмæ йæ йæ ныййарджытæ уайтагъд нæ базыдтой. Ахæм æгъатыр уыд йæ хъысмæт  Санахъоты Геннадийæн дæр. Уымæн дæр сырдон митæ фæкодтой, афтæмæй йæ амардтой. Фæлæ дыууæ дæр худинаджы бæсты равзæрстой кады мæлæт. Джиоты Владикы (Басмач) хъайтардзинад диссагæн дзуринагæй баззад. Сымах, сывæллæттæ алыхатт дæр хъуамæ уæ зæрдыл дарат ацы лæппуты хъайтардзинады тыххæй. Макуы фæхудинаг кæнут уæ Ирыстоны. Цæмæй нæ хъæбатыр лæппуты тох æнæхъуаджы ма фæуа, уый тыххæй, ахуыр кæнут хорз, тырнут хорздзиндтæ аразынмæ, æгъдауджын уæвынмæ, уымæн æмæ сымах Ирыстоны сомбон стут», – дзырдта Дыгъуызты Лианæ.

Ахуырдзаутæн ма ирон хъайтар лæппуты тыххæй радзырдта ХИПУ-йы фæсарæйнаг æвзæгты кафедрæйы ахуыргæнæг Санахъоты Юля. 8-æм къласы ахуырдзуау Гæбæраты Лизæ та радзардта зынгхуыст хъайтар Козаты Левы цардвæндаг æмæ хъæбатырдзинæдты тыххæй.

Скъоладзауты цæсгæмттыл ирдæй зынд хъайтарты æгъатыр хъысмæты тыххæй сæ чысыл зæрдæтæм æввахс кæй айстой, уый.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.