15-æм ноябры Мæскуыйы уагъд æрцæудзæн Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы XIX-æм рабадт.

УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Виталий Мутко æмæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Æхсæнхицауадон къамисы фæдыл æмсæрдæртты къухдариуæгадæй, рабадты хайадисджытæ æркæсдзысты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фарстытæм.

Боны фæткмæ хаст æрцыдысты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн  Уæрæсейы рахицæнгонд базæйон финансон æххуысы фарстатæ, афтæ ма Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Бадзырды æмæ 2018-2019 азтæн Инвестпрограммæйы реализацийы фарстатæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.