16-æм декабры Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл æхсæнхицауадон къамисы радон рабадт.

Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй делегацийы сæргъ лæууыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, уæрæсейаг фарсы ‘рдыгæй та – Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Хлопонин.

Рабадты уынаффæ кодтой 2016-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуысы фарстытыл.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды уыдысты Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.