«2018 азы хуыздæр продукт»-ы ном æмæ сыгъзæрин майдан райста хуссаирыстойнаг куыстуат арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Ирыстоны суадон» минералон нуазыны æмæ хосгæнæн дон «Ossetian»-ы («Осетинская») тыххæй. Конкурс традицион æгъдауæй ауагъта Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрад хæлцадон товарты æмæ сæ рауагъды тыххæй хомæгты  25-æм Æхсæнадæмон равдыст «Продэкспо- 2018»-ы рæстæджы.

Дон уадзын райдыдтой 2017 азы июлы Уæрæсейы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварады æххуысæй Республикæйы социалон-экономикон райрæзыны Инвестицион программæйы фæлгæтты. Абоны бон куыстуаты кусынц 26 адæймаджы. План цæуы куыстуат æмæ куысты бынæттæ фæуæрæхдæр кæнын.

Минералон дон «Осетинская»-йы химикон сконд у уникалон. ГОСТ-мæ гæсгæ уый нымад æрцыд хосгæнæныл ахæм низтæн, куыд хроникон гастрит, ахсæны нормалон æмæ бæрзонд секреторон функцийы рæстæджы, ахсæны хъæдгомы, тъæнгты æмæ игæры низтæ, масты дзæкъулы æмæ  æндæртæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.