Нæ республикæмæ æрцыдысты номдзыд спортсментæ, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артур æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутат Хуыгаты Алан. Уыдоны йæхимæ райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Уазджытæн се ‘рцыды тыххæй раарфæ кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ сæ алы æрцыдыл дæр республикæйы цæрджытæ сæмбæ-лынц стыр æхсызгонæй, уый уæлдай тынгдæр хауы фæсивæдмæ, кæцытæ сæрыстыр сты се ‘мзæххонты спортивон æн-тыстытæй.

«Мах кæмфæнды ма уæм – Мæскуыйы Паддзахадон Думæйы æви олимпион пъедесталыл, уæддæр стæм иу адæм. Мæн фæнды бузныг зæгъын Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн, ирон æвзаджы рæзты фæдыл Къамис саразыныл иумæйаг куысты тыххæй. Нырмæ махмæ ахæм къамистæ куыстой хицæнтæй æмæ уый та, нæ иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ, раст нæу. Ирон æвзаг у иу æмæ къамис дæр хъуамæ уа иу. Ирон æвзаджы рæзт хъуамæ цæуа хицæнтæй нæ, фæлæ иу здæхты», – загъта уый.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы ‘хсæн царды æппæт къабæзты дæр бастдзинæдтæ æрбæстон кæныны æнæмæнгхъæуындзинад раджы æрбалæууыд æмæ дыууæ республикæйы разамынад активонæй кусдзысты æнгом контакттæ аразыныл. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй фембæлдзысты Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттимæ. Уыдон æрæджы ахуыр кæнын райдыдтой, Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуысæй арæзт чи æрцыдис, уыцы университетон комплексы.

Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта Таймæзты Артурæн, Паддзахадон Думæйы депутат уæвгæйæ, хъæлæс кæй радта Республикæ Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæныны фæдыл статья кæм ис, уыцы бюджеты тыххæй. Бузныджы ныхæстæ загъта Паддзахадон Думæйы æппæт депутаттæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы разамынадæн.

Президент Таймæзты Артур æмæ Хуыгаты Аланы фæхуыдта Уæрæсейы Федерацийы Президенты бынатмæ кандидат Владимир Путины æвварс хæцыны нысанæн концертмæ, кæцыйы сорганизаци кодтой фæсивæд.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, сымах бацæудзыстут концертмæ. Нæ фæсивæдæн уый уыдзæн хорз стимул активон æмбæстагон позици равдисынæн, дзырд Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстытыл кæй цæуы, уымæ гæсгæ.

Уыдон махæн сты ахсджиаг. Республикæ Хуссар Ирыстоны хъысмæт комкоммæ баст у Уæрæсейы Федерацийы хъысмæтимæ. Æз, куыд Президент æмæ куыд æмбæстаг, афтæ мæ хъуыды у, Хуссар Ирыстон кæй хъуамæ уа Уæрæсейы сконды, Ирыстон кæй хъуамæ уа иууон. Уæрæсейы Федерацийы хъуамæ уа тыхджын раздзог», – загъта Бибылты Анатоли. Банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адæм кæй никуы ферох кæндзысты, сæрибардзинад æмæ сын хæдбардзинады сæрыл хуссарирыстойнаг адæмы тохы азты дæргъы Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр разамынад цы æххуыс кæны, уый.

«Уæрæсейы Федерацийы руаджы Хуссар Ирыстонмæ баконд æрцыдысты æртæфарсон фидауынгæнæг тыхтæ, кæцытæ æрурæдтой тугкалд. 2008 азы Уæрæсейы руаджы Гуырдзыстоны бахъуыд хæст æруромын, агрессоры сабырадмæ æркондæуыд. 2008 азæй абоны бонмæ Уæрæсе æххуыс кæны республикæйы рæзтæн. Хуссар Ирыстоны адæм уый сæ зæрдыл дарынц æмæ мæ ныфс ис, иу адæймаг дæр, Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаг уæвгæйæ, Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты æнæ хайад райсгæйæ кæй нæ баззайдзæн», – загъта уый.

Таймæзты Артур дæр бузныг загъта Бибылты Анатолийæн, кæй сæ райста, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат уæвгæйæ, уый хъахъхъæны Хуссар Ирыстоны æмæ йæ адæмы интерестæ дæр.

«Æз абон Хуссар Ирыстонмæ æрцыдтæн стыр æхсызгонæй. Мах байгом кодтам бархиондзинадæн æххуыс кæныны ресурсон центр æмæ мæ фæнды, цæмæй нæм цæуой Хуссар Ирыстонæй дæр лæппутæ æмæ чызджытæ æмæ зонгæ кæной кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ, иумæ цæттæ кæной программæтæ гранттæ райсыны тыххæй», – загъта Таймæзты Артур.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.