Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр нæ республикæйы цæрджытæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой ног азы бæрæгбонмæ. Горæты Администраци 2-аг базары раз цы фæзуат рахицæн кодта, уым æрбайгом ис ногазон хъазæнты базар-армукъа.

Дугивæнтимæ, бæрæгбонтæй бирæтæн сæфы сæ нысаниуæг, фæлæ Ногазон бæрæгбон кæддæриддæр хъæлдзæгæй банысан кæнынц нæ бæстæйы цæрджытæ. Украинæйы Сæрмагонд операци бирæбæрцæй бандæвта ацы бæрæгбон уадзыны уавæрыл. Раздæрау, горæты нæ уыдзæн хистæр кары æмбæстæгты хайадистæй хъæлдзæг мадзæлттæ, салюттæ æмæ æндæр цины хъæлæба, фæлæ сабиты зæрдæтæ уæддæр барухс кæндзысты. Афтæ ма алы хæдзары дæр хъуамæ уой бæрæгбонон традицион фынг æмæ хæрзвæлыст назбæлас. Алчи дæр тырны йæ хæдзармæ исты ногдзинад æрбайсын, сабиты зæрдæтæм бæрæгбонон равг бахæссыныл.

Горæты ногазон армукъæйы балхæнæн ис алыгъуызон ногазон хъазæнтæ — наз бæлæстæ, хуызджын рухсытæ, митын дада, митын чызг, азы символ — тæрхъустæ æмæ гæдытæ. Уыдонæн сæ ас куыд у алыгъуызон, афтæ сæ æргътæ дæр. Уæйгæнджытæ куыд загътой, афтæмæй фаронимæ абаргæйæ хъазæнты æргътæ бирæ нæ фæфылдæр сты. «Хъыгагæн, азæй азмæ, цасдæрбæрцæй сæфы йæ нысаниуæг. Раздæрау хъæлдзæг нал вæййынц æлхæнджытæ дæр. Ацы аз армукъамæ уадиссаг ничи цымыдис кæны. Арæх хъусæм ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, нæ фæсивæд хæсты быдыры сты æмæ хъæлдзæгдзинады равг никæмæ ис. Уавæр æмбарæм мах дæр æмæ нæ бон куыд у, афтæ асламдæр æргътыл уæй кæнæм хъазæнтæ. Зæгъæм, æз, фаронимæ абаргæйæ чысыл фæзынаргъдæр кодтон æрмæстдæр назбæлæстæ. Уыдон ныр мæхæдæг зынаргъдæрæй кæй балхæдтон, уый тыххæй, иннæ хъазæнтæ уæй кæнын фароны æргътыл», — загъта Фатимæ.

Базарыл цæст ахæсгæйæ федтам; назбæлæсты рæстæмбис аргъ у 1000, 1500 сомæй −15 000, 20 000 мæ, хуызджын рухсытæ — 500 сомæй 1 000 соммæ, азы символ тæрхъустæ — 100 сомæй 2000 соммæ, алыгъуызон лыстæг хъазæнтæ — 50 сомæй — 300 соммæ, сæ ас æмæ сæ гъæдмæ гæсгæ. Афтæмæй Ногазон назбæлас сфæлындзыны аргъ не ’мбæстæгтæн слæудзæнис 8 000 сомæй — 15000 сомы онг.

Горæты Администрацийы фæлхасгæнджыты хайы гæс Кобесты Маирбег куыд загъта, афтæмæй ногазон армукъæйы бынат райсынмæ æдæппæтæй, сæ куырдиæттæ æрбахастой 42 адæймаджы. Уыдонæй нырма алчи не ‘рбайгом кодта йæ лавкæ, фæлæ ацы бонты армукъæ скусдзæнис æххæстæй.

Хуыгаты Миленæ